4-æм сентябры «Хæсты фæцæфуæвæг лæппутæн æххуысы фонд»-ы уагъд æрцыд фыдохы мадзал, кæцы баст уыд Бесланы 1-æм астæуккаг скъолайы æвирхъау терактыл 13 азы сæххæсты бонимæ.

Фыдохы мадзалмæ æрæмбырд сты гуырдзиаг-ирон хæсты инвалидтæ.

Фонды къухдариуæггæнæг Плиты Мадинæ цæссыгкалгæ дзырдта, 13 азы размæ Беслæны цы æгъатырдæр теракт арæзт æрцыд, ууыл. «Адæймаджы миниуджытæ чи фесæфтой, уыцы террористтæ, сывæллæтты ныхмæ сарæзтой теракт. Уый фæстиуæгæн уыцы иурæстæджы бабын 334 адæймаджы, кæцытæй 186 уыдысты сывæллæттæ. Курæг уæ дæн, кæд æмæ уæхæдæг дæр онгцухтæ, инвалидтæ стут, уæддæр иу уысм къахыл алæугæйæ, ссарат уыцы æнамонд адæймæгты нæмттæ», – дзырдта Плиты Мадинæ.

Ацы фонды уæнг, йæхæдæг дæр теракты бахауæг Колыты Инал  фыццæгæм къорды инвалид, загъта: «Бесланы 1-æм скъолайы спортзал, «Зæдты горæты» уæлмæрд æмæ «Хъынцъымы бæлас» мæнæн мæ царды сæрмагонд бынаты ахсынц. Мæлæты иу уысм йедтæмæ нæ хъуыд, цæмæй мын ахастаид мæ уд… Кæд ацы рис иумæйаг у, уæддæр мæнмæ тынгдæр хъары, мæ уд мын тынгдæр æвдæрзынц уыцы уæззау мысинæгтæ. Уæззау мысинæгтæ сты уыдон! Мах хъуамæ кæрæдзимæ уæм æнгом, кæрæдзийы фылдæр уарзæм, лæггад æмæ æххуыс кæнын фæразæм, цæмæй нæм макуыуал бауæнда знаг», – загъта Колыты Инал.

Мадзалы хайадисджытæ зæрдæрыстæй хъуыстой Колыты Иналы сабыр хъæлæсмæ, кæцы сын сæ зæрдæтыл æрлæууын кодта нæхи хæсты æбуалгъ цауты дæр.

Коцты Гриша та æрдзырдта теракты бахауæг бинонтæй цалдæры кæй зыдта, ныййарджытæ сæ уд куыд хъардтой, цæмæй  истыамæлттæй аирвæзын кæной сæ сабиты. Радзырдта, иу мад доны хуыпп йæ дзыхы комы куыд бамбæхста, цæмæй йæ террористты сусæгæй йæ хъæбулы дзыхы бауадза. Хъыгагæн, уыцы саби срæмыгъды рæстæджы уæддæр бабын…

Мадзалы хайадисджытæ иууылдæр куывтой Хуыцаумæ, цæмæй ахæм æвирхъау хабар макуыуал æрцауа фæлхаттгонд.

Уазæгты Марфа

Comments are closed, but trackbacks and pingbacks are open.