Адæмæн зæхх у сæ дарæг, уæлдайдæр та, зæххы куыст чи кæны, уыдонæн. Уыдон архайынц йемæ, уыдон ыл кусынц æмæ йын йæ хæрзиуджытæ дæр уыдон исынц. Ивгъуыд дуджы Знауыры районы хъæуты цæрджытæй хуыздæр зæххагур ничи алыгъдаид æндæр рæттæм. Уый нæ, фæлæ ма æндæр рæттæй лыгъдысты ацы районмæ. Уымæн æмæ амы зæххыты ницæмæй бафаудзынæ – хъæздыг, æнцонгуыст сты.  Гуырдзыйы агрессийы фæстæ ацы районы зæххытæй бирæтæ куыст нал цыдысты æмæ скъутæр сты. Бирæ быдыртæ къутæр адардтой. Фæлæ бирæтæ хорз бамбæрстой, афтæ цæрæн кæй нал ис, æмæ сарæзтой, ахъаз сын чи уа, ахæм фермерон хæдзарадтæ. Зæххы æмæ фосдарды куыстæй æхцондзинад чи исы, уыдонæй у æвзонг, цардбæллон лæппу Къæбулты Димитр дæр. Уый цæры Знауыры райцентрæн йæ кæроны.

Димитр кæд нырма æвзонг у, уæддæр раджы бамбæрста, куыст – цардæн фæрæз кæй у æмæ чысылæй фæцалх ис хъæууонхæдзарадон куыстытыл. Ацы дуджы фосдарды æмæ зæххгуыст кæныны хъуыддаджы дæр чи æмбулы, уыдонæй сæ иу у. Йæ хæдзары бæркад ис, уымæн æмæ бинонтæй куыстмæ уазал цæстæй ничи кæсы, æмхуызонæй змæлынц. Афтæ у, хъæрмуд бинонтæ цард арынц æмæ уый хынцгæйæ Димитры мад, фыд æмæ æфсымæр æрбалæууыдысты йæ фарсмæ.

Къæбулы фырт 0,16 гектары фæзуатыл пъамидоры садзæнтæ куы ныссагъта, раст уыцы рæстæджы базмæлыд райдайгæ фермертæн æххуысы программæ. Æркастысты Димитры фæндтæм дæр æмæ йæ домæнтæ аккаг куы разындысты, уæд ын радтой, уыцы рæстæджы президенты фондæй цы хъæрмуаттæ балхæдтой, уыдонæй. Афтæ райдыдта йæ куыст. Иугæр хъæрмуат куы фæзынд, уæд ма пъамидорæй дарддæр ноджыдæр ныссагъта джитъри æмæ цывзы. Фæлæ ууыл не ‘рлæууыд. Ноджыдæр ма бахуым кодта йæхи хуымзæххæй æмæ уым та ныссагъта 50 быны атъамийы талатæ.    Димитр ууыл дæр  не ‘рлæууыдис. Нæ климатон уавæрты æрыскъæф дæр тынг хорз тыллæг кæй дæтты, уый бахынцыдта æмæ фестырдæр кодта йæ хъæрмуат. Ныссагъта ацы диссаджы гагадыргъ дæр. Уыдон ын дæттынц хорз тыллæг, фæлæ зилын кæй домы ацы гагадыргъ, уый хорз æмбары Димитр æмæ йæ схъацæнджын кодта – бахаста мæрмæ 27 машинæйы стуры фаджыс. Æппæт уыцы куыстытæ Димитр бакодта къухæй. Æцæг æм фаджыс машинæмæ сæвгæнын æмæ ракалынмæ фæкастысты йе ‘мбæлттæ. Фæлæ Димитр йæхæдæг куыд зæгъы, искæмæ дæр цал хатты бахатдзынæ æххуысагур. Мæхицæн «Уазик» машинæ ис, хъæуы ма мæ трактор, машинæмæ йæ кæмæй сæвгæнон, ахæм. Уæд ахæм фыдæбойнаг нал уаид адæймаг. Мæхи фадат та уыйас нæу. Домгæ дæр ницы кæнын нæ хицауадæй, æрмæст мын уый фадат куы саразиккой, цæмæй мын къаннæгдæр процентыл кредит радтой, уæд мæ хъуыддæгтæ ацæуиккой рæвдз-дæр, мæ куыстæн та уаид хуыздæр æнтыст», – загъта сагъæсгъуызæй Къæбулы фырт æмæ ма йæ ныхасмæ бафтыдта, пайда кæй у æрыскъæфы куыст кæнын, хъæуæг дыргъ у æмæ йæ фæлхасгæнджытæ дæр бирæ сты.

Канд зæххы куыст нæ кæнынц ацы бинонтæ, фæлæ дарынц ставдкъах фос дæр. Стурвос хæссын та æнцон хъуыддаг нæу. Фыцца-джыдæр, уый тыххæй æмæ фыдæбон бирæ домы, стæй холлæгтæ æрцæттæ кæныныл дæр бирæ фыдæбон ис. Фæлæ Къæбулты бинонтæн сæ чысыл фермæйы сыгъдæгдзинадыл цæст уадид схæцы, зæрдæ та æхцондзинад исы хæрззылд стуртæм кæсынæй. Уый у бинонты иузæрдион фыдæбон æмæ дзы фæсмойнаг не сты. Сæ æхсырæй саразгæ цыхт афтæ хæрзад у, æмæ сæм дзы ницыуал аззайы, уайтагъд сын сæ алхæнынц.

Æрмæст продукци райсынæй фермеры хъуыддаг дард нæ ацæудзæнис. Уымæн хорз иудзинад хъуамæ уа фæлхасгæнджытимæ дæр. Уыдоны руаджы та йе ‘фтиæгтæ кæндзысты фылдæрæй-фылдæр. Фæлæ Димитр куыд зæгъы, афтæмæй йын йæ продукци уæй кæнын зын у нæ горæты цæрджытæн. Базармæ сæ куы æрласы, уæд æй сæ цуры лæууын нæ фæуадзынц æндæр базаргæнджытæ, уынджы кæмдæр куы алæууы, уæд ын органты кусджытæ дæр нæ фæдæттынц, уыцы бартæ. Æмæ хъыг кæны æвзонг фермер. Йæ æркæнгæ продукци та йæ нæ фæнды цæттæйæ сæ бынаты чи æлхæны æмæ сæ зынаргъдæрыл чи ауæй кæны, ахæмты къухтæм радтын. Маст кæны Димитр, фæлæ нырма уавæрæй рахизыны фадат нæ ары æмæ уал уæдмæ цы продукци æркæны, уый ауæй кæны бынаты  Знауыры.

Зæгъын хъæуы уый, æмæ æцæг зæххкусæг лæджы намыс алы хатт дæр сыгъдæг кæй вæййы. Димитр арендæйы цы зæхх райста, уымæн йæ фиддонтæ дæр фиды рæстæгыл.

Афтæ архайынц мыдыбындзау кусæг бинонтæ æмæ сын ноджыдæр уæт  стырдæр æнтыст.

Бестауты Валя

Comments are closed, but trackbacks and pingbacks are open.