Горæт Цхинвалы Хицауады рабадтыты стыр залы фойейы гом æрцыд хуссарирыстойнаг хъæдæрмæгыл дæсны фæлгондзгæнæг Кæсæбиты Андрейы куыстыты равдыст, цыран æвдыст æрцыдысты æрмæст хъæдæрмæгæй арæзт куыстытæ нæ, фæлæ графикон æмæ бронзæйæ арæзт скульптурон куыстытæ дæр.

Радон персоналон равдысты цытæн Кæсæбийы фыртæн раарфæ кæнынмæ  æрбацыдсты РХИ-йы Президент Бибылты Анатоли, РХИ-йы Хицауады Сæрдар Пухаты Эрик, æндæр официалон адæймæгтæ, афтæ ма йæ коллегæтæ æмæ йæ дæсныйадæн аргъгæнджытæ.

«Куыстытæ конд сты бæрзонд æмвæзадыл. Æмæ бансын кæнын хъæуы, алчи дæр йæ ныфс нæ бахастаид, цæмæй скифаг паддзахы пекторалы къаннæг халдих сарæзтаид. Уый тынг зын куыст у», – загъта РХИ-йы нывгæнджыты цæдисы сæрдар Цхуырбаты Тамерлан.

Кæсæбиты Андрейы курдиатыл дзургæйæ, паддзахады сæргълæууæг йæ рады банысан кодта, алы адæймагæн дæр кæй ис йæхи фæндаг царды мидæг. Нывгæнæг сурæттæ фыссы, скульптор диссаджы скульптурæтæ аразы, кæцытæм адæймаг фæкæсы сахатгай.

«Уый стыр курдиат у», -загъта Президент.

Бибылты Анатоли æрæмбырдуæвджытæн сæ зæрдыл æрлæууын кодта, Кæсæбиты Андрейы куыстытæ УФ-йы Президент Владимир Путин, УФ-йы Хъахъхъæнынады министр Сергей Шойгу æмæ прикладон аивадæн бирæ аргъгæнджыты сæрмагонд коллекциты кæй сты, уый. Уый дзурæг у йæ диссаджы курдиат æмæ культурæйы йе стыр æнтыстытыл.

Comments are closed, but trackbacks and pingbacks are open.