Бæрæг куыд у, афтæмæй 2006 азы апрелы райдианы не ‘мбæстæгтæ Годжыцаты Георги, Кæркуысты Алан æмæ Кæркуысты Яник, Гуырдзыстоны спецслужбæты хæс-лæвæрдмæ гæсгæ, развæлгъау кæрæдзиимæ бадзургæйæ, æхцайыл Хуссар Ирыстоны территорийыл сарæзтой къорд фыдракæнды. Уыдон æмбæрстой, сæ архайд æхсæнадæн тæссаг кæй уыдзæн, æхсæнады æрдыгæй тæссаг фæстиуджытæ кæй расайдзæн, фæлæ сæ уый нæ баурæдта, уымæн æмæ сын ахæм хæслæвæрд уыд нæ хуссайраг сыхæгтæй, уыимæ ма сæхи дæр афтæ фæндыд.

Сæ фыдракæндты тыххæй сыл уæд бакодтой уголовон хъуыддаг.

Æрæджы Хуссар Ирыстоны Сæйраг тæрхондон фæсаууонмæ стæрхон кодта  республикæйы уыцы æртæ æмбæстагыл – Годжыцаты Георги, Кæркуысты Алан æмæ Кæркуысты Яникыл æмæ сæ банымадта аххосджынтыл.

Сæхи кæй æмбæхсынц æмæ æхсæнадæмон агуырды кæй сты, уый тыххæй уголовон хъуыддаг тæрхондон æвзæрста æнæ уыцы æмбæстæгтæй.

Годжыцаты Георги, Кæркуысты Алан æмæ Кæркуысты Яникы аххосджынтыл банымадтой, развæлгъау бадзургæйæ кæнæ организацигонд къордæй æхсæнадон æдас-дзинады ныхмæ карз фыдракæнды тыххæй, экстремистон здæхты æндæр фыдракæндтæ кæй сарæзтой, æнæ закъонæй хæцæнгæрзтæ кæй хастой, кæй сæ уæй кодтой,  хæцæнгæрзты сæйраг хæйттæ, хæстон  фæсауæрцтæ террористон актимæ баст фыдракæндон архайды нысанæн кæй ластой, уый тыххæй.

Цы фыдракæндтæ сарæзтой, уыдоны тыххæй Годжыцаты Георги æмæ Кæркуысты Аланæн тæрхондон уынаффæ рахаста 19 азы карз режимы ахæстоны фæбадын.

Кæркуысты Яник фыдракæндты организатор кæй уыд, уый тыххæй йын тæрхондон аскъуыддзаг кодта 22 азы карз режимы ахæстоны фæбадын.

Ацы æмгъуыдтæ сын нымайын райдайдзысты, куы сæ æрцахсой æмæ сæ республикæйы æфхæрд æххæстгæнæн уагдонмæ куы æркæной, уыцы бонæй.

Добавить комментарий

Ваш адрес email не будет опубликован. Обязательные поля помечены *

Этот сайт использует Akismet для борьбы со спамом. Узнайте, как обрабатываются ваши данные комментариев.