Хорз у сыхаг, адæймаг æрвылбон дæр кæй уыны, йæ цин дæр æмæ йæ зындзинæдтæ дæр кæимæ дих кæны, уый, фыццаджыдæр, сыхаг вæййы æмæ сæ кæрæдзийæн аргъ дæр фæкæнынц. Адæм æнæхъуаджы нæ фæзæгъынц, æнæ сыхаг цæрæн нæй, зæгъгæ. Фæлæ дæм дæ сыхаг знаджы цæстæй куы кæса, æдзухдæр дæм гуымир ахаст куы дара, топпы кæсæнæй дæм куы кæса, лæбургæ æмæ дæ цæгъдгæ куы кæна, уæд ахæмы хорз сыхагыл куыд ис банымайæн.

Рагæй фæстæмæ Хуссар Ирыстоны ирæттæн сæ сыхæгтæ сты гуырдзиæгтæ, кæй фарсмæ æрвитай дæ царды бонтæ, уымæ та хъуамæ хъарм ахаст дарай, æмбарай йын йæ цин æмæ йæ рис, бахъуыды рæстæджы йын уай ныфсы хос. Фæлæ уыцы аудындзинадæй цух уыдысты ирæттæ, кæд сыл сæхæдæг цæрддзу кодтой, уæддæр. Бахъуыды рæстæджы кæддæриддæр сæ фарсмæ уыдысты, уæлдайдæр та сæм æддагон знæгтæ куы лæбурдтой, цæгъдынмæ-иу сæ куы хъавыдысты, уæд. Ирæтты зондахасты та уыд ахæм хъуыды, зæгъгæ ма уæдæ сыхаг æндæр цæмæн хъæуы, зын уавæры куы бахауа адæймаг, уæд хъуамæ æрлæууай йæ фарсмæ æмæ йын фæрог кæнай йæ рис, фервæзын æй кæнай мæлæты дзæмбытæй. Фæлæ зæгъын хъæуы, уыцы хорздзинæдтæ ирон адæмы сыхæгтæ – гуырдзиаг адæмæн бынтондæр ницы хорзы фæцыдысты, сæ адæймагон æвæрццаг миниуджытæн сын мур аргъ дæр не скодтой. Уый нæ, фæлæ сын цыма ирæттæ знагиуæгон митæ кодтой, уыйау сыл рахæтыдысты æмæ сыл марын æмæ цæгъдынæй никуы ауæрстой. Афтæ уыд сæ знагиуæгон архайд рагæй фæстæмæ æмæ йыл сæ къух нæ систой ацы æнусы райдианмæ дæр.

Гуырдзиаг лæгхорты фыдаудæн митæ сæхиуыл бавзæрстой Къостайыхъæуы цæрджытæ дæр. 1920 азы цаутæн æвдисæн чи уыд, уыцы адæймæгтæ æмбаргæ ахаст дардтой æбуалгъ хъуыддæгтæ зæгъынмæ, сæ кæстæрты ‘хсæн нæ тыдтой хæрамдзинады арт, цæмæй фыдбылызы цырв ногæй ма сæнхъиза. Уымæ гæсгæ нæ сыхæгты цъаммар митæ кæмдæр бынтон нæ раргом сты, рæстæджы фæлм сæ йемæ ахаста. Фæлæ уæддæр историйæ рох ницы у, ницы дзы æмбæхсы æмæ сæ митæ  лæудзысты нæ адæмы зæрдыл. Хъуылаты Сикъойы уацмыс «Æртындæсæй иумæ» адæймаг куы фæкæсы, уæд зæрдæ нырхæндæг вæййы, Джугъелийы æнаккаг æфсад Хуссар Ирыстоны адæм æмæ цæрæн бынæттæн цы æнахуыр диссæгтæ бакодтой, уыдон хъусгæйæ. «Мæнæ диссаг! Цъунар, Тъбет æмæ Къусреты хъæу кæм уыдысты, уым хæдзар нал зыны, æнæбары цъæх фæздæг ма бады сæ сæрмæ. Басыгътой сæ Джугъелийы æфсæдтæ…». Уæддæр райгуырæн уæзæг адджын у æмæ сæ сыгъд уæзгуытæм фæстæмæ æрыздæхтысты, лыгъд адæмæй ма удæгас чи баззад, уыдон. Царды амæлттæ кодтой, хъомыл кодтой сомбоны кæстæрты. Хъæу та цадæггай сæндидзыдта, фæхуыздæр сты сæ цардуагон уавæртæ адæмæн æмæ радысты, фидæны цард ноджы хуыздæр æмæ амондджындæр кæй уыдзæн, уыдæттыл æууæндгæйæ.

Æмбисонд афтæ у, бирæгъ йæ кæнон зæнгыл дæр нæ уадзы, зæгъгæ. Афтæ сæ рæдыдыл нæ басастысты гуырдзиаг адæм дæр, цыма никуы ницы æрцыд уыдон аххосæй, уыйау дарддæр ирон адæмæн кодтой фыдаудæн хъуыддæгтæ. Кæстæр хъуамæ ахуыры фæндагыл æрлæууа, зонын-дзинæдтæй йæхи куы схотыхджын кæна, уæд йæхæдæг дæр æмæ уыимæ иумæ æхсæнад дæр размæ цæудзæн, уæд сомбоны цард рæсугъд æмæ амондджын уыдзæн. Уыцы ахсджиаг хæс æмбæрстой ныййарджытæ æмæ æппæт амæлттæй дæр архайдтой, цæмæй сæ зæнæг ахуыры фæндагыл лæуд уой. Фæлæ та сын ам дæр фæзынд цæлхдур. Цæмæй сæ мадæлон æвзагæй фæиппæрд уой, гуырдзиаг æвзагмæ цадæггай æрбаввахс уой, уый тыххæй нын нæ дамгъуат фæивтой æмæ дзы басагътой сæхи дамгъуат. Ацы хъуыддаг тынг мæгуырауæй бандæвта скъоладзауты ахуырыл, зын сын уыд, хъусгæ дæр кæй никуы фæкодтой, уыцы æвзагыл ахуыр кæнын, нал кастысты сæхи æвзагыл уацмыстæ. Æрбафтыд мæм поэт Асаты Реуазы 1952 азы рауагъд чиныг æмæ дзы дзырд цæуы, Къостайыхъæуы цæрджытæ колхозон арæзтады тыххæй цы фæллойадон сгуыхтдзинæдтæ æвдыстой, уыдæттыл. Зынтæй уырны адæймаджы, уыцы чиныг цæрджыты фылдæр хай кæй нæ бакастысты, уымæн æмæ уый мыхуыр æрцыд гуырдзиаг алфавитыл. Уæдæ ма уымæй рæхуыстдæр цы хъуамæ уа, де ‘взагыл дын дзурын æмæ ахуыр кæныны бар ма уæд!..

Нæй, нæ фæчъил та сты уæддæр, не скодтой хатдзæгтæ се ‘нахъинон хъуыддæгтæн нæ сыхæгтæ æмæ та ногæй сæ кæрдтæ цыргъ кæнын райдыдтой ирæтты ныхмæ. Ногæй та – хæст, тугуарæн хæст Хуссар Ирыстоны сабыруарзаг адæмы ныхмæ. Ацы хæсты æвыдæй нæ баззадысты Къостайыхъæу-Цъунары цæрджытæ дæр йæ райдианæй суанг йæ кæронмæ, знаджы амæттаг фесты ницыгæнæг сабыр æмбæстæгтæ, фескъуыдтой сын сæ цард æмæ бирæ рæсугъд фæндтæ, кæстæртæй иутæн нал бантыст бинонтæ æркæнын, кæстæртыл бацин кæнын, афтæмæй сыл аныгуылд сæ хур фыдызнаджы азарæй. Иннæ ахæм хæсты тымыгъы басудзгæ хистæртæ, уыдон радысты сæ зæнæгæй, рогдæр сын кодтой æмæ сæ фарсмæ лæууыдысты бинонты кæстæртæн, фæлæ цы загъдæуа хæстæндзарджытæн… Уæдæ ма хъæу хъæуы хуызæн уыд, пырх æмæ сыгъд хæдзæрттæм кæсынæй адæймаджы зæрдæ уынгæг кодта. Уæддæр бузныг Стыр Уæрæсейы Хицауад æмæ адæмæн, йе ххуысы къух æмæ æрвылбонон аудындзинадæй Хуссар Ирыстоны, уыцы нымæцы Къостайыхъæуы цæрджыты рис дæр чи фæрог кодта.

Æртæ ахъаззаг рæхуысты фæкодтой гуырдзиаг тугмондаг адæм Къостайыхъæуы, æртæ хатты ныл бавзæрстой алырдыгæй дæр сæ тыхтæ, æртæ хатты ныл æрæвæрдтой сæ уæззау уаргъ. Ахæм сыхаг та никæй хъæуы.

                                                      ХУЫБИАТЫ Никъала

Comments are closed, but trackbacks and pingbacks are open.