Республикæ Хуссар Ирыстоны Хицауады пресс-службæ куыд хъусын кæны, афтæмæй Хицауады Сæрдар Пухаты Эрикы сæргълæудæй ауагъдæуыд Бюджетон проектировкæты фæдыл Хицауадон къамисы æмбырд. Бæрæг куыд у, афтæмæй къамисы сæрдар у Пухаты Эрик йæхæдæг. Æмбырды куысты хайад райстой къамисы уæнгтæ – РХИ-йы Президенты Администрацийы къухдариуæггæнæг Козаты Игорь, Хицауады Аппараты сæргълæууæг Гаглойты Олег, Бюджет æмæ хъалонты фæдыл Парламентон комитеты сæрдар Коцты Жаннæ, афтæ ма министрадтæ æмæ ведомствоты къухдариуæггæнджытæ æмæ районты администрациты сæргълæуджытæ.

Къамисы уæнгтæ развæлгъау æруынаффæ кодтой 2018 азæн паддзахадон бюджеты проектыл. Уыдон сæ фæндæттæ раразмæ кодтой æруынаффæ сыл кæныны нысанæн.

«Республикæйы социалон-экономикон рæзты тыххæй æрвылаз дæр цы финансон фæрæзтæ рахицæн æрцæуынц, уыдон хъуамæ хардз цæуой эффективонæй. Ацы аз нæхи сæрмагонд æфтиæгтæ сты иу миллиард сомы.  Уый хорз бæрæггæнæн у, æмæ, кæй зæгъын æй хъæуы, уый нысан кæны министрадтæ æмæ ведомствоты тыххæй ассигнацитæ фылдæр кæнын», – загъта Пухаты Эрик æмæ ма банысан кодта, зæгъгæ, къамисы уæнгтæн сæ бон у раразмæ кæной уæлæмхас фæндæттæ Хицауады радон рабадты сыл æруынаффæ кæныны тыххæй.

Comments are closed, but trackbacks and pingbacks are open.