Газуадзæн Дзуарыхъæу – Цхинвалы арæзтад эксплуатацимæ радтынæй фæстæмæ нæ горæты цæрджытæ æнæкъуылымпыйæ ифтонг цæуынц æрдзон газæй æмæ уымæй сæ царды уавæртæ бæрæг фæхуыздæр сты. Уæдæй фæстæмæ слæууыд нæ республикæйы райцентрты æмæ хъæуты цæрджыты дæр газæй сифтонг кæныны фарст дæр.

Ногхъæу у Цхинвалмæ хæрзæввахс. Уыимæ газуадзæн хахх дæр цæуы ацы хъæуы иувæрсты æмæ йæ цæрджытæ домдтой, цæмæй ацы хæрзиуæгæй уыдон  фæхайджын уой.

Ацы фарст скъуыддзаг кæнынмæ æрæвнæлдæуыд, куыд зонæм, афтæмæй 2012 азы. Уæдмæ ацы хъæуы сæрмæ арæзт æрцыдысты коттеджтæ, сæ бæстон цæрæнбынæттæй чи фесхъиуæггаг сты, уыцы лигъдæтты иу хайæн æмæ сæ эксплуатацимæ дæтгæйæ уыдонмæ уагъд æрцыдис æрдзон газ дæр. Уыимæ дарддæр куыст цыдис хъæуы иннæ цæрджыты хæдзæрттæм æрдзон газ бауадзыныл дæр. Ныр ацы куыстытæ се ‘ппæт дæр фæстейæ баззадысты. Ногхъæу ифтонг æрцыд æрдзон газæй æмæ хъæуы алы цæрæджы хæдзары дæр ссыгъд æрдзон газ. Афтæмæй ацы хъæу ссис, нæ республикæйы æрдзон газæй ифтонг чи æрцæудзысты, уыцы хъæутæй фыццаг. Куыд зонæм, афтæмæй нæ республикæйы Президент Бибылты Анато-лийæн Уæрæсейы Президент Владимир Путинимæ цы фембæлд уыд, уым дæр дзырд цыдис нæ хъæууон цæрджытæн ацы ахсджиаг фарстыл æмæ фидæн азы æрæвнæлдæуыдзæн нæ хъæуты газификаци кæнынмæ.

Ногхъæу газификаци кæй æрцыдис, уый стыр циндзинад æрхаста йæ цæрджытæн, сæ цинæн кæрон дæр нæй, уымæн æмæ сæ суг амал кæнын нал хъæуы, иннæмæй та бæрæг фæхуыздæр сты сæ царды уавæртæ.

«Уый ног азы хæдразмæ махæн у стыр лæвар. Мæ хæдзар ис газуадзæнмæ æввахс, æмæ тæхуды кодтон искуы дзы мах дæр хайджын куы суаиккам æмæ нын куы фенцондæр уаид. Ныр нæ бæллиц сæххæст æмæ стыр бузныг зæгъын, куыд нæ республикæйы разамынадæн, афтæ нæм æй хæдзæрттæм чи æрбауагъта, уыцы кусджытæн дæр», – зæгъы ацы хъæуы цæрæг Тасойты Алан.

Тасойты Алан æмæ Наниты Эмилия æвзонг бинонтæ сты. 2008 азы августы хæсты рæстæджы сæ хæдзар ныппырх æмæ сын ам арæзт æрцыд ног хæдзар. Ис сын зæххы фадыг дæр æмæ йæ бакæнынц хæрзкуыст.

«Мæ зæрдæмæ тынг цæуы ацы хъæу. Иуæй горæтмæ æввахс у, иннæмæй та ис дæхи цæхæрадоны,  дæхи æркæнгæ дыргътæ æмæ халсæрттæй спайда кæныны фадат. Тыхстыстæм ма æнæгазæй, пайда кодтам электроны рухсæй. Ацы газы æрбауагъд махæн у фæскъæвда хуры ракасты хуызæн. Нал нæ хъæудзæн суг æрæфтауцыл хъуыды кæнын дæр. Бузныг, хъæууон адæмы царды уавæртæ фæрогдæр кæныныл чи тыхсы, уыдонæн се ‘ппæтæн дæр», – райгондæй банысан кодта Наниты чызг дæр.

Райгонд сты сæ цардæй, тюменаг аразджытæ 2008 азы хæсты фæстæ лигъдæттæн цы коттеджтæ сарæзтой æмæ дзы абон æнцой цард чи кæны, уыцы цæрджытæ дæр. Бирæтæ дзы дарынц фос, кусынц сæ зæххы фадгуытæ.  Цы ма хъæуы æндæр цæрынæн. Архай, змæл æмæ дæ бæркæдтæм бæркад æфтау.

Зæгъын хъæуы уый, æмæ раздæр, куыд æмбæлы, афтæ ифтонг кæй нæ уыдысты донæй. Сæ хъаст бахастой Цхинвалы районы администрацимæ æмæ сын уыцы бæллиц дæр сæххæст.

Бестауты Валя

Comments are closed, but trackbacks and pingbacks are open.