Ирон адæм рагфыдæлтæй нырмæ стыр аргъ кодтой мард æмæ Дзуарæн. Уæлмæрд нымадтой тобæгон бынатыл. Хъыгагæн, фæстаг рæстæджы, нæ уæлмæрдтæм æмбæлон хъусдард нал ис. Кæд куадзæны бонты бирæтæ бабæрæг кæнынц сæ фыдæлты ингæнтæ, уæддæр ис ахæмтæ дæр, æнæркаст æмæ мæгуырхуызæй чи фæлæууы. Уымæ гæсгæ марты æмбисы Хуссар Ирыстоны Президент Бибылты Анатоли бахатыд горæты коммуналон службæтæ æмæ Хъахъхъæнынады министрады службæгæнджытæм, цæмæй Згъудеры уæлмæрды териттори ныссыгъдæггонд æрцæуа брон, къутæртæ æмæ хус бæлæстæй.

Хъахъхъæнынады министрады службæгæнджытæ ацы хъæппæрисæй райстой сæхимæ. Цалдæр боны мотоæхсджытæ, равзæдсгарджытæ æмæ артиллеристон ротæтæ бавнæлдтой Згъудеры уæлмæр-ды территори сыгъдæг кæнынмæ. Семæ ма иумæ архайдтой горæты коммуналон службæйы кусджытæ дæр. Уырдыгæй ласт æрцыд 80 машинæмæ  æввахс брон.

Президент сæрмагондæй йæхæдæг бабæрæг кодта Згъудеры территори, ныссыгъдæггонд фадыгæй баззад райгондæй.

Уæд ма уый бахæс кодта горæты администрацийы сæргълæууæгæн, цæмæй Куадзæнмæ, Згъудеры 13 коммунарæн цы цырт ис, уый реставраци æрцæуа.

Кæд æмæ уæлмæрд цалдæр боны цыд сыгъдæггонд алыгъуызон брон æмæ хус къутæртæй, уæддæр иуæй-иу ингæнтæм бахизæн кæй нæ уыд, уымæ гæсгæ баззадысты æфснаинагæй.

Уымæ гæсгæ æркæсын хъæуы ахæм рох ингæнтæм дæр.

Уадз, алкæмæн дæр сæ разынæт хицау, цæмæй иннæтæй уæлдай æнæркастæй ма баззайой.

Уазæгты Марфа

Comments are closed, but trackbacks and pingbacks are open.