Райсом, 12-æм июны Уæрæсейы Федерацийы радон хатт банысан кæндзысты иууыл ахсджиагдæр паддзахадон бæрæгбон – Уæрæсейы бон.

Хуссарирыстойнаг адæм сæ цард нæ уынынц æнæ Уæрæсейæ, цæрынц иу хъысмæтæй. Ирон сабийæн йæ чысылæй фæстæмæ йæ сæрызонды ныффидар вæййы иу хъуыды – æнæ Уæрæсе ирон адæмæн цард нæй æмæ йæ фæнымайы йæ дыккаг     райгуырæн бæстæйыл.

Ирон адæм рагзамантæй фæстæмæ дæр хæлар æмæ уарзонæй цардысты æмæ цæрынц Уæрæсеимæ. Нæ рагфыдæлтæ 250 азы размæ сбастой сæхи Уæрæсеимæ æмæ йæ тыхсты, йæ цины дæр æдзухдæр уыдысты æмæ сты йæ фарсмæ. Ууыл абон дæр сæ зæрдæ нæ ивынц Ирыстоны цæрджытæ. Сæ зонд, сæ хъарутæ æппæт къабæзты дæр арæзт сты Уæрæсейы иудзинад, йæ намыс, йæ кад ын фидардæр кæнынмæ. Уымæн абон дæр æвдисæн у, Украинæйы уагъдцæуæг сæрмагонд æфсæддон операцийы ирон лæппутæ цы хъæ­батырдзинæдтæ æвдисынц, уый.  Абоны онг ирон лæппутæй сæ цард нывондæн æрхастой 500 хæстонæй фылдæр. Æртæйæн та дзы ныридæгæн саккаг кодтой Уæрæсейы Федерацийы хъайтары нæмттæ.

Цины бæрæгбоныл цин кæнын хъæуы æмæ та ацы хатт дæр Ирыстон зæрдæрухсæй сбæрæг кæндзæн сæрибары, сабырдзинады, кæрæдзи æмбарынады, национ иудзинады æмæ патриотизмы бæрæгбон – Уæрæсейы бон!

Хуриты Ларисæ, Цхинвалы 2-астæуккаг скъолайы англисаг æвзаджы ахуыргæнæг: – Цалдæр азы размæ Уæрæсе æмæ Хуссар Ирыстоны ‘хсæн  арæзт æрцыд Бадзырд Æмцæдисад æмæ интеграцийы тыххæй. Уый тынг хорз æмæ ахсджиаг хъуыддаг у. Абон мах кæд удæгас стæм, нæ сывæллæттæ скъолатæм цæуынхъом сты, сабыр арвы бын цæрæм, уæд уыцы хæрзиуджытæ иууылдæр сты Уæрæсейы ‘руаджы. Æз иу уысм дæр мæ сывæллæтты æмæ æппæт ирон адæмы цард нæ уынын æнæ Уæрæсейæ.  Уæрæсейы разамынад Путины сæргълæудæй бирæ аразынц Хуссар Ирыстоны адæмы хæрзиуæгæн. Махæн нæ фыдæлтæ зондджын адæм уыдысты æмæ æнæхъуаджы сæ хъысмæт куынæ сбастой мыййаг Стыр Уæрæсеимæ.

Интеграци англисагау нысан кæны æнæхъæндзинад  æмæ  ацы Бадзырды руаджы ноджыдæр  феввахсдæр стæм Уæрæсеимæ. Хуссар Ирыстоны æдасдзинадæн ис фидар гаранти, науæд нæ сыхæгтæ тынг тугмондаг сты. Æз абоны онг дæр мæ къæхты хæссын æртæ нæмыджы схъисы (фæцæф дæн 1992 азы) æмæ мæ ныр уырны нæ сывæллæттæ фидæны ахæм хъизæмæрттæ кæй никуыуал бавзардзысты, уый. Кæд сæххæст уаид не нусон бæллиц  Уæрæсейы скондмæ бацæуыны тыххæй дæр. Уæрæсейы бон мах, ирон адæм дæр нымайæм бæрæгбоныл.

Дзебысаты Гуло: – Уæрæсе махæн у не стыр ныфс. 2008 азы августы тугуарæн хæсты рæстæджы дæр нæм æххуысмæ хъомысджын Уæрæсе куынæ фæзындаид, уæд абон нæ уавæр куыд уаид, уый зын зæгъæн у.  Иннæ ахæм  куыстмыздтæ æмæ пенситæ дæр Уæрæсейы фæрцы исæм. Цы ма уа, уымæй хуыздæр æмæ нæ сывæллæттæ хъомыл кæнынц сабыр арвы бын. Ис сын æппæт уавæртæ дæр, цæмæй ахуыр кæной æмæ размæ цæуой. Бирæ, тынг бирæ сты Уæрæсейы лæггæдтæ ирон адæмæн.

Уæрæсейы Федераци бахъахъхъæдта бирæнацион паддзахады статус, цыран алы нацийы минæварæн дæр ис æмхуызон бартæ. Уæрæсе бафæрæзта историйы фæлварæнтæн, ныфсджынæй ахызт æхсæнадон рæзты æппæт вазыгджындæр этапты сæрты. 90-æм азты уæззау рæстæджыты фæстæ Советон Цæдисы ныппырх æмæ бæстæйы бирæнымæц чысыл паддзахадтыл ныддихтæ кæнынмæ Ныгуылæны бафæлвæрдтытæм æнæкæсгæйæ,  Уæрæсейы Федераци сæндидзыдта æмæ Владимир Путины сæргълæудæй раздæхта дунеон паддзахады статус.

12-æм июнь – Уæрæсейы бæрæгбон хауы Хуссар Ирыстонмæ дæр. Уымæн æмæ Хуссар Ирыстоны цæрджыты 98 процентæй фылдæр сты уæрæсейаг æмбæстæгтæ. Хуссар Ирыстоны хæдбардзинад дæр фыццаг Уæрæсе банымадта. Гуырдзыйы агрессийы фæстæ нæ бæстæйы пырх æмæ сыгъд адæмон хæдзарад дæр Уæрæсейы æххуысæй æндидзы. Иу дзырдæй, бирæ сты Уæрæсейы лæггæдтæ Хуссар Ирыстоны раз.

Хуыцау зæгъæд æмæ ирон адæмы иннæ æнусон бæллиц дæр цы сæххæст уа æмæ тагъд рæстæджы Уæрæсейы скондмæ цы бацæуæм. Уадз, дыууæ Ирыстоны ‘хсæн таможнæйон арæн мауал уæнт!

Джиоты Клава, пенсиисæг: – Æз поли­тикæйæ дард лæууын, фæлæ йæ тынг хорз зонын æнæ Уæрæсе ирон адæмæн йæ фидæн хорз кæй нæ уыдзæн, уый. Уæрæсе нæ бахъахъхъæдта цалдæр геноцидæй. 1920 азы, 2004 азы æмæ 2008 азы дæр ирон адæмы бынтон скуынæг кæнынæй бахызта стыр Уæрæсе æмæ нын йæ ныфс бирæ уæд! Советон Цæдисы ныппырхимæ Хуссар Ирыстоны адæмы цард зындон  куы фестад, æхсæвæй бонæй нæм балбирæгътау гуырдзиаг фашисттæ алырдыгæй куы лæбурдтой, уæд дæр нæм фыццаг йе ‘ххуысы къух Уæрæсе фæдаргъ кодта. Уæрæсе нын балæвар кодта рагæй кæмæ æнхъæлмæ кастыстæм æмæ бæллыдыстæм, уыцы сæрибардзинад æмæ хæдбардзинад.

Уæрæсейы къухдариуæгад ницы æвгъау кæны Хуссар Ирыстоны адæмы хæрзиуæгæн. Уæдæ йæ алчидæр хъуамæ æмбара æнæ Уæрæсе махæн цард кæй нæй, уый. Алчидæр æй хъуамæ зона æмæ йæ цæрæнбонтæм йæ зæрдыл бадара хуссарирыстойнаг адæмæн В.Путин цы стыр хæрзты бацыд, абон ацы стыр адæймаджы фæрцы сæрæгас кæй стæм, уый.

Цæр нын æнустæм, не стыр ныфс, Уæрæсе!

ДЖИОТЫ Екатеринæ

Добавить комментарий

Ваш адрес email не будет опубликован. Обязательные поля помечены *

Этот сайт использует Akismet для борьбы со спамом. Узнайте, как обрабатываются ваши данные комментариев.