Стыр Фыдыбæстæйон хæсты Уæлахизы цытæн æфсæддон парад традицимæ гæсгæ уагъд æрцыд нæ горæты сæйраг фæзуаты. Театралон фæзуаты рæнхъгай ралæууыдысты æфсæддон парады хайадисæг æфсæддон дæлхæйттæ. Фæзуатмæ бæрæгбонвæлыстæй тындзыдтой горæт æмæ районты цæрджытæ стырæй чысылæй.

Хæстон зарæджы зæлтимæ фæзуатмæ рахастой Республикæ Хуссар Ирыстоны Паддзахадон тырыса æмæ Уæлахизы тырыса.

Цытджын трибунæйæ парадмæ сæ хъус дардтой бæстæйы Президент Бибылты Анатоли, Хицауад æмæ Парламенты Сæрдæрттæ Бекъойты Геннади æмæ Тадтаты Алан, Хуссар Ирыстоны Уæрæсейы Æххæстбарджын минæвар Марат Кулахметов, бæстæйы раздæры къухдариуæггæнджытæ Цыбырты Людвиг æмæ Тыбылты Леонид, Фыдыбæстæйон хæсты ветерантæ, тыхон структурæты къухдариуæггæнджытæ, министрадтæ æмæ уагдæтты сæргълæуджытæ.

Стыр Фыдыбæстæйон хæсты Уæлахизы цытæн Æфсæддон парадыл командæ кодта Гарзджын тыхты Генералон штабы къухдариуæггæнæг, хъахъхъæнынады министры хæдивæг Виктор Федоров. Парад иста хъахъхъæнынады министр Гассеты Ибрагим.

Бæрæгбонон парады размæ бæстæйы сæргълæууæг Бибылты Анатоли арфæ ракодта ацы стыр бæрæгбоны тыххæй.

«Ацы рæсугъд бон мах кад кæнæм фронты хайадисджыты хъай-тардзинадæн, кæцытæ сæ æгæрон сгуыхтдзинадæй, сæ тугæй, сæ уды тых æмæ Фыдыбæстæйыл иузæр-диондзинады руаджы айгæрстой Уæлахизмæ фæндаг. Æмæ уымæй бахъахъхъæдтой нæ адæмты цард æмæ сæрибардзинад.

Мах стыр хæсджын стæм, хæсты быдыры чи фæмард, уыдон раз», – дзырдта уый.

Уый банысан кодта, зæгъгæ, 1920 азы геноциды рæстæджы дæр бирæнымæц адæм фæхъуыд, æмæ уый фæстæ та Хуссар Ирыстонæй 22 мины бæрц хæстоны аивылдысты фронтмæ. Уыдонæй ма сæрæгасæй æрæздæхт 3 мины.

«Сабырдзинад æгæрон зынаргъ у, æмæ нæ адæм зонынц уый дæр, æмæ сабыр цардæй стырдæр амонд кæй нæй. Æмæ кæд ногæй искæй хæсты цæхæр сцырын кæнын фæнды кæны, уæд зонæд – нæ бæстæйы сабыр цард фехалынмæ цыфæнды бафæлвæрдæн дæр лæвæрд кæй цæудзæн аккаг ныхкъуырд. Хуссар Ирыстоны фидæн Уæрæсеимæ иумæ уыдзæн сабыр, æнтыстджын æмæ амондджын», – банысан кодта бæстæйы сæргълæууæг.

Æмырæй алæугæйæ ссардтой фæмардуæвæг хъæбатырты рухс нæмттæ.

Бæрæгбонон æфсæддон парад байгом кодтой Гарзджын тыхты Цытджын караул æмæ музыкалон ротæ. Дарддæр Театралон фæзуаты цытджын маршæй рацыдысты Хъахъхъæнынады министрады дæлхæйттæ афицертæ, сержанттæ, салдаттæ, курсанттæ, Кадетон скъолайы хъомылгæнинæгтæ, сылгоймаг-службæгæнджытæ.

Æфсæддон парады ма хайад райстой тырысахæссæг къордтæ, Паддзахадон Æдасдзинады комитеты Арæнгæрон службæ, Мидхъуыддæгты министрады, Уæлвæткон уавæрты æмæ Юстицийы министрадты дæлхæйттæ, Хуссар Ирыстоны дислокацигæнæг Феде-ралон Æдасдзинады службæйы Арæнгæрон управлени æмæ УФ-йы Хъахъхъæнынады министрады 4-æм æфсæддон базæйы службæгæнджытæ.

ÆНУСОН КАД – УÆЛАХИЗÆН, ХЪАЙТАРДЗИНАДÆН!

Бæрæгбонон парады хайадисæг ма систы уæрæсейаг арæнхъахъхъæнджыты бæхты къорд. Уыдон цыдысты, 1945 азы маршал Георги Жуков цы бæхыл рацыд,  уый комкоммæ фæлтæры раздзогæй.

Уый фæстæ фæзуаты рацыдысты Мидхъуыддæгты æмæ Хъахъхъæнынады министрады механизацигонд æфсæддон колоннæйæ æфсæддон техникæ, реактивон системæйы æмæхсты БМ-21 “Град”, бронетранпортертæ, гаубицæтæ æмæ æнд.

Æнæмæлгæ полчы хайад райстой мингай æмбæстæгтæ

Бæрæгбонон æфсæддон парад адарддæр акци «Æнæмæлгæ полк» – æй. Нæ республикæйы министрадтæ, уагдæттæ, æхсæнадон организацитæ, скъолаты ахуыргæни-нæгтæ рахастой сæ дадаты, уыдон фыдты нывтæ, кæцытæ æгæрон хайбавæрд бахастой 1941-1945 азты фашизм ныддæрæн кæныны æвæджиаг хъуыддагмæ.  Уыдоны ‘хсæн ма уыдысты 1989-2008 азмæ Гуырдзыстоны агрессийæн аккаг ныхкъуырд дæтгæйæ чи фæхъуыд, уыцы Фыдыбæстæ хъахъхъæнджыты къамтæ дæр.

Республикæйы скъолаты ахуыргæнинæгтæ трибунæйы рæзты рахастой 40 метры дæргъæн Уæлахизы Тырыса, кæцы 1945 азы 30 апрелы Сырх Æфсады службæгæнджытæ æрсагътой Берлины рейхстаджы сæрмæ.

Культурæйы министр, Паддзахадон нысаниуæгджын мадзæлттæ уадзыны фæдыл къамисы сæрдар Зассеты Жаннæйы ныхæстæм гæсгæ Хуссар Ирыстоны Æнæмæлгæ полчы штаб ацы азты цы куыст кæны, уымæй æрæмбырд кодта не ‘мзæххонтæй Стыр Фыдыбæстæйон хæсты хайадисджытæй 8 мин æмæ 900 сæдæйы къамтæ. Ацы аз ма уыдон фæфылдæр сты 450 бæрц.

Æнæмæлгæ полчы рæнхъыты хайад райстой бæстæйы къухдариуæгад, Президент Бибылты Анатолийы сæргълæудæй. Уый рахаста йæ дадайы æфсымæр Бибылты Суликъойы къам. Сæ æввахс хиуæтты къамтæ ма хастой Марат Кулахметов, Бекъойты Геннади, Тадтаты Алан, Уæлдæр тæрхондоны сæрдар Коцты Олеся æмæ æнд.

“Æнæмæлгæ полчы æгæрон къахдзæфтæй мах ноджыдæр æвдисæм, уæлахизхæссæг адæмы ног фæлтæртæ – бар никæмæн ратдзыстæм Стыр Фыдыбæстæйон хæсты фæстиуджытæ ныххах кæнын. Мах æгæрон бузныг стæм, Стыр Уæлахиз чи æрхаста, ацы бæрæгбон кæй номыл у, уыдонæй. Кад æмæ цыт Фыдыбæстæйон хæсты ветерантæн. Бирæ азты сын – æнæниздзинад, бирæ цæрæнбон æмæ хæрзиуджытæ», – загъта нын нæ республикæйы Президент Бибылты Анатоли.

Банысан кæнын хъæуы уый, æмæ нæ республикæйы Æнæмæлгæ полчы цыд райдыдта 2015 азæй фæстæмæ. Уæдæй фæстæмæ азæй азмæ фылдæр кæны ацы акцийы хайадисджыты нымæц.

Стыр Фыдыбæстæйон хæсты Уæлахизыл 76 азы сæххæсты цытæн бæрæгбонон мадзæлттæ фесты Театралон фæзуаты бæрæгбонон концертæй æмæ Уæлахизы салютæй.

КЪÆБУЛТЫ Маринæ

Comments are closed, but trackbacks and pingbacks are open.