Цхинвайлаг каратисттæ хайад райстой Цæгат Ирыстон-Аланийы уагъдцæуæг хæстон аивæдты хъæзтытæй ерысты. РХИ-йы Сгуыхт тренер Созайты Владимиры хъомылгæнинæгтæй ам хайад истой 24 спортсмены. «Фондз сызгъæрин, фондз æвзист æмæ цыппар бронзæйон майданы æрхастам Хуссар Ирыстонмæ. Мæ хъомылгæнинæгтæ уыдысты 6 азæй 15 азмæ кæуыл цæуы, ахæм кары спортсментæ. Фыццаг бынæттæ бацахстой Джиджойты Ингæ, Ангелина Агаджанян, Джиджойты Аннæ, Тедеты Хетæг æмæ Цхуырбаты Аннæ. Уæлахизмæ ма иу къахдзæф хъуыд, афтæмæй фæхæрд сты Гуыззытаты Дзамболат, Джиоты Барсæг, Цхуырбаты Алан, Цыбырты Настя æмæ Тедеты Аннæ. Кады педесталы æртыккаг къæпхæнмæ та схызтысты Пухаты Дауыт, Асаты Денис, Уртаты Дианæ æмæ Асаты Зæринæ», – загъта тренер.

Созайты Владимир ма куыд радзырдта, афтæмæй Хистæр кары спортсментæ баконд æрцыдысты Цæгат Ирыстон-Аланийы æмбырдгонд скондмæ æмæ сентябры кæрон хайад райсдзысты хæстон аивæдты XIV æппæтуæрæсейон хъæзтыты, кæцытæ уагъдцæудзысты Анапайы.

Дудайты Доннæ

Comments are closed, but trackbacks and pingbacks are open.