ХÆДЗАР РÆЗЫ НОГÆЙ

10 азы рацыд 2008 азы августы хæстæй, фæлæ, нырмадæр нæ байгас сты, нæ адæмы æмæ нæ горæты объекттыл, цæрæн хæдзæрттыл цы нуæстæ, хъæдгæмттæ ныууагъта, уыдон. Раст у, бирæ цæрæн хæдзæрттæ æрцыдысты арæзт, фæлæ дзы аразинæгтæ дæр дзæвгар баззад, абон дæр сæ кæрон нæма зыны…

2008 азы августы хæстæй абоны бонмæ хъæдхъиутæй чи лæууыдис, уыдонæй сæ иу у нæ горæты Кобылты Сергейы уынджы 22-æм хæдзар. Йæ  аразынмæ æрывнæлдтой бынтон æрæджы.

Аразгæ та йæ кæны арæзтадон организаци «Шанс». Зæгъын хъæуы уый æмæ уый цæсгомджынæй кæй æххæст кæны арæзтадон куыстытæ. Кусджытæ архайынц æнæзæрдæхудтæй æмæ иу мæйы æмгъуыдмæ хæдзары пырх систæ ногæй амад æрцыдысты. Агъуысты æмбæрзынмæ та æрæвналдзысты ацы бонты. Тындзынц кусджытæ, цæмæй хæдзар рæстæгыл æмбæрзт  æрцæуа, уымæн æмæ боныгъæдыл дæр æууæнк нæй. Уый фæстæ бакæндзысты мидæггагон куыстытæ дæр. Кæй зæгъын æй хъæуы, арæзтадон куыстытæм йæ хъус дары хæдзары хицау Пæррæстаты Фатимæ дæр æмæ райгонд у куыстыты гъæдæй. «Алцы дæр арæзт цæуы рæстæгыл æмæ нывыл», – зæгъы уый. Фатимæ райгонд у нæ республикæйы разамынадæй. Куыд загъта, афтæмæй ма Президент Бибылты Анатоли Парламенты Сæрдар куы уыд, уæддæр æм бахатыд, йæ пырх хæдзары цæрын тынг тæссаг кæй у сæ цардæн æмæ сын цæмæй баххуыс кæна йæ саразынæн. Æмæ йæм ныр, Президент уæвгæйæ, куы бахатыд, уæд хъуыддаг йæ бынатæй феггуырст. Æрывнæлдтой йын йæ хæдзар аразынмæ æвæстиатæй æмæ Фатимæйы цинæн кæрон нал ис, æгæрон бузныг фæцис аразджытæй æмæ республикæйы разамынадæй дæр.

 

СПОРТСКЪОЛА ИВЫ ЙÆ ХУЫЗ

Нæ горæты Сталины уынджы кæрон сывæллæтты æмæ æвзæнгты спортивон скъола арæзт æрцыд 1974 азы. Уым архайы 15 секцийы бæрц  уæззау атлетикæ, бокс, æмбуар хæст, армспорт, уæгъдибар хъæбысхæст æмæ æндæртæ.

Ацы спортивон скъола сывæллæтты æмæ æвзæнгты кæй у, уымæ гæсгæ ам алцы дæр хъуамæ уаид аив арæзт, цæмæй йæм цингæнгæйæ цæуой. Фæлæ фæстаг азты уый дæр æрцыд æдзæллаг уавæрмæ, у цалцæгкæнинаг. Раст зæгъгæйæ, та ам цалцæггæнæн куыстытæ бакодтой цыппар азы размæ, фæлæ гъæдджынæй баконд кæй не ‘рцыдысты, уымæ гæсгæ уайтагъд æрцыдис æдзæллаг уавæрмæ. Ныр æм аразджытæ æрывнæлдтой ногæй цалцæг кæнынмæ. Рæсугъд цæуы агъуыстæн йæ æддаг хуыз. Мидæгæй та бæстон цалцæг æрцæудзæн уæззау атлетикæйы зал. Цалцæг та цæуы нæ горæты администрацийы цæрæнуатон-коммуналон хæдзарады æххуысæй.

Джиоты Александр

Comments are closed, but trackbacks and pingbacks are open.