«Æнæмæлгæ полк» дарддæр арæзт кæй цæуы, уый тыххæй фехъусын кодта Социалон нысаниуæджы мадзæлттæ цæттæ кæнын æмæ сæ уадзыны фæдыл республикон къамисы сæрдар Зассеты Жаннæ.
«Курæг стæм Стыр Фыдыбæстæйон хæсты уæлахиздзæутты æввахс адæмæй, цæмæй «Æнæмæлгæ полк»-ы сæхи ныффыссын кæной развæлгъау.

Æмæ уæ кæд фæнды, цæмæй 9 майы парады уæ фыд, уæ дада, уæ дадайы фыды портретимæ рацæуат, уæд æрбацæут Уæлахизы бонмæ мадзæлттæ цæттæгæнæг æмæ Фыдыбæстæйон хæсты тыххæй æрмæджытæ æмбырдгæнæг штабмæ.
Штабы адрес: Сталины уынг, 19, кæнæ фæдзурут 45-03-49 номырæй организатортæм.

РХИ-йы Президент æмæ Хицауады пресс-службæ

Comments are closed, but trackbacks and pingbacks are open.