(Уæрæсеимæ Ирыстоны баиуыл сæххæст 250 азы)

Кæцыфæнды адæмæн дæр сæ историйы вæййы ахæм цаутæ, дунеон нысаниуæг кæмæн ис æмæ сын сæ дарддæры хъысмæт чи алыг кæны. Æвæццæгæн, ирон адæм 18–æм æнусы сæ фидæн Уæрæсеимæ куынæ сбастаиккой, уæд абон нал уаиккам, иннæ стыр адæмты ‘хсæн фесæфтаиккам. Ацы ныхас æнæбындур нæу, уый историон рæстдзинад у.

Абоны онг нæм историон æмæ археологон ссарæггæгтæй цы ‘рхæццæ, уыдонмæ гæсгæ бамбарæн ис, нæ фыдæлтæн 13-æм æнусы онг сæ культурæ куыд размæ рацыд, уый. Æмæ, æвæццæгæн, стыр дидинкалгæ паддзахад суыдаиккам, монголты фыдазар нæ куынæ басыгъдтаид, уæд. Дыууæ æнусы дæргъы монголты æнæнымæц ныббырстытæ сæфты къахыл ныллæууын кодтой аланты паддзахад, нал скъуыд фыдæвзарæнты рæхыс, фæцагътой адæмы фылдæр хай, фесæфтысты сæ культурæйы цыртдзæвæнтæ. Алантæй ма чи баззад, уыдон бар-æнæбары лыгъдысты хæхтæм. Уыцы хæстыты нæ адæмы историон æмæ культурон рæзт тынг фæцудыдта.

Монголты фыддугæн кæд кæрон æрцыд, уæддæр фондз æнусы дæргъы нæ адæмæн уыд фыдæвзарæнты дуг. Æфхæрд адæм цыма æндзыг баисты, уыйау сын ницыуал æнтыст. Уыцы уæззау уавæрæй пайда кæнгæйæ, Турк æмæ Перс аныхъуырынмæ хъавыдысты Кавказы, уæлдайдæр, нæ хæстонтæ кæм сихсыдысты, уыцы лæмæгъ Ирыстоны. Уыцы хъуыддаджы сын хорз æххуыс кодтой гуырдзиаг æмæ черкесаг æлдæрттæ. Чырыстон диныл хæст ирон адæм баззадысты æрхъулайы се знæгты æхсæн.

Хъуыд æвæстиатæй исты саразын

18-æм æнусы æмбисы райдыдта нæ адæмы ног истори. Дыууæ æнусы монголтимæ хæстæн, дыууæ æнусы та монон æндзыгдзинадæн кæрон æрцыди. Кавказы адæмтæн раздæрау хицæнтæй цæрыны фадат нал уыд. Ирон адæмы æвзæрст лæгтæ бирæ фæхъуыды кодтой сæ дарддæры хъысмæтыл, æмæ сфæнд кодтой сæ фидæн стыр Уæрæсеимæ сбæттын. Уыцы хъуы­дыйыл лæуд уыдысты Цæцæн, Мæхъæл, Дагъыстан, Адыгей æмæ æндæртæ. Уымæ гæсгæ 1751 азы Бетъырбухмæ хатæг араст сты ирон адæмы минæвæрттæ, уæды рæстæджы стыр ахуыргонд Магкæты Зурабы сæргълæудæй. Йемæ ма уыдысты Хъесаты Еба, Цопанаты Георги, Тугъанты Созырыхъо, Хъуыбадты Хъази æмæ æндæртæ – се ‘ппæт дæр уæздæттæй. Уыдон уыдысты сæ рæстæджы зынгæ адæм, хорз æмбæрстой политикæ æмæ дипломати. Зураб сыгъдæг дзырдта ирон, уырыссаг, гуырдзиаг æмæ кæсгон æвзæгтыл. Бетъырбухы Сенатимæ фембæлды рæстæджы минæварады куырдиат уыд, цæмæй сæ Уæрæсе йæхимæ æрбаиу кæна, знæгтæй сæ бахъахъхъæна, фадат сын радта быдираг зæххытæм ралидзынæн, иумæйаг базарадон ахастытæ сфидар кæнынæн. Ирæттæ дæр сæ рады ныфс бавæрдтой, бахъуыды заман уырыссаг адæмы фарсмæ кæй æрбалæудзæн æртын мины бæрц хæстоны ирæттæй. Уыимæ спайда кæнæн уыдзæн Ирыстоны æрдзы хъæздыг æвæрæнтæй.

Фæлæ Сенат нæ тагъд кодта ахæм ахсджиаг уынаффæ рахæссыныл. Бынтон æдас нæ уыдысты Турк æмæ Ираны фыдæхæй дæр, афтæмæй минæвæрттæн абон-райсом кодтой сæ хъуыддагмæ æркæсыны тыххæй, нæ сын лæвæрдтой фадат императрицæимæ фембæлынæн дæр. Æппынфæстаг, ирон минæвæрттæн сæ бæллиц сæххæст 1752 азы декабры. Уæд фембæлдысты паддзах Екатеринæимæ. Фембæлд уыд æнæофициалон, дзаг фынгты уæлхъус. Уæрæсейы уæды разамынд тынг сбуц кодтой ирон минæвæртты, уыдон дæр сын зæрдиаг арфæтæ фæкодтой. Зураб сидт рауагъта Екатеринæ-II номыл ахæм хъарм ахасты тыххæй. Кæд уыцы балцы рæстæг нæ минæвæрттæн сæ куырдиат кæронмæ æххæст не ‘рцыд, уæддæр раздæхтысты тынг разыйæ. Семæ раластой паддзахы бирæ лæвæрттæ. Сæйраг уыдон нæ уыдысты, фæлæ политикон бадзырдтæ: ирон хæххон адæмы Терчы, Æрыдоны æмæ Фыййагдоны цæугæдæтты дæлвæзты æрцæрын кæнын æмæ базарадон бастдзинæдтæ сфидар кæнын. Ирыстон Уæрæсеимæ æрбаиу кæныныл та фæстæдæр аныхас кæнын. Уыцы фæмбæлдæн уыд стыр политикон æмæ историон нысаниуæг.

18-æм æнусы æхсайæм азты Турк æмæ Уæрæсейы ахастдзинæдтæ февзæрдæр сты. Сæ быцæуы сæр уыд Сау денджызы цæгат хай æмæ Кавказыл хицауиуæг кæнын. Турк Уæрæсейы нæ уагъта денджызыл хизын, архайдта Украинæ бацахсын æмæ Уæрæсе Кавказæй фæхицæн кæныныл. Туркæн æххуыс кодтой Франц æмæ Австри дæр, ардыдтой йæ хæстмæ. Уыйадыл Турк 1768 азы Уæрæсейы ныхмæ расидт хæст. Хæстмæ Уæрæсейы æфсад хызтысты Ирыстоны зæххытыл Фæскавказмæ. Уырдыгæй – Туркмæ. Хæстон стæрты рæстæджы сын стыр æххуыс кодтой ирæттæ, зылдысты хæстонтæм, ластой сын сæ техникæ. Уыцы хæсты рæстæг ма фæстаг фæлварæн скодтой Турк æмæ Хъырымаг Ханад Кавказ байсыныл æмæ сæ тыхтæ æппæрстой уыцырдæм. Тугкалæн тохтæ бацайдагъ сты Мæздæджы бынмæ. Уыцы хæсты Уæрæсейы æвварс активон хайад райстой ирон æмæ кæсгон адæм. Уый уыд ирон адæмы фыццаг æххуыс Уæрæсейæн.

 

Ус-паддзахы официалон барамынд

Июны 1774 азы Мæздæджы бынмæ туркаг-хъырымаг æфсад баззадысты састы бынаты. Туркæн æндæр гæнæн нал уыд æмæ бафидыдта Уæрæсеимæ (Кючук Кайнарджийский мирный договор). Уыцы фидыды фæлгæтты Уæрæсе йæхи бакодта Кавказ, стæй Хъырымы æрдæгсакъадах. Ацы хæсты фæстæ Екатеринæ-II ноджы хуыздæр цæстæй акаст ирæттæм æмæ уайтагъд рауагъта сæрмагонд Указ ирон-уырыссаг бадзырдтæн фадат саразыны æмæ Ирыстон официалон уагæй æрбаиу кæныны тыххæй. Фыстæг сæмбæлын кæнын хæсгонд æрцыд Астраханы губернатор Петр Кречетниковæн. Уый фыстæг æрбарвыста Куырттаты коммæ, Мæздæгмæ фембæлдмæ æрбацæуыны тыххæй. Ирæттæ дæр Уæрæсейы фæуæлахизы федтой сæ дарддæры иумæйаг фидæн. Куырттаты хистæртæ бауынаффæ кодтой æмæ, октябры 1774 азы Мæздæгмæ  ацыдысты ирон адæмы равзаргæ лæгтæ Цæлыккаты Хамырзæ æмæ йæ фырт Андрей, Есиаты Бахтынджери, Демыраты Саулох, Гуыриаты Тота, Агънаты Георги, Цопанаты Дзауа, Саулохты Аби æмæ иннæтæ – æдæппæт ссæдз адæймаджы. Фембæлды архайджытæ рахастой цалдæр ахсджиаг уынаффæйы – уæд аскъуыддзаг Ирыстоны хъысмæт. 1774 азы, октябры (кæмдæрты июлы нысангонд у) мæйы Ирыстон официалон æгъдауæй баиу Уæрæсеимæ. Уыцы бадзырдтæм гæсгæ, Уæрæсе дарддæр хъуамæ æххуыс кодтаид Ирыстонæн. Хохаг адæмы æрцæрын кодтаид быдырты, хъахъхъæдтаид сæ æддагон знæгтæй, ныры Дзæуджыхъæуы æфсæддон фидар сарæзтаид æмæ афтæ дарддæр. «Договоренности, полученные в результате победы, дали возможность России присоединить к своей территории Осетию, богатую залежами полиметаллов, через которую проходила важная со стратегической точки зрения военно-грузинская дорога… Выбор был очевиден. Могущественная Российская империя, вышедшая на южные просторы, нуждалась в союзниках прямо в центре Кавказа. К тому же и религиозный фактор этому способствовал» (Сайт «История.Ру»).

Фæлæ уæддæр паддзах Кавказмæ æрмæст пайда æмæ геополитикон цæстæй нæ каст, фæлæ сын сæ фидæн уыдта политикон орбитæйыл. Стыр ахуыргонд сылгоймаг æмбæрста, паддзахады рæзт цивилизаци æмæ ахуыры бындурыл кæй лæууы æмæ уайтагъд йе ‘ргом аздæхта Кавказы ахуырад райтынг кæнынмæ. Фыццагдæр уал 1784 азы, ныры Дзæуджыхъæуы бынаты, арæзт æрцыд Владикавказы æфсæддон фидар – фидæны горæты бындур.

Састы бынаты баззайæг Туркæн тынг зын уыд Уæрæсейы æнтыстытæм кæсын, æмæ та ногæй 1787 азы расидт хæст. Уыцы хæсты хæдразмæ Екатеринæ II азылд йæ бæстæйыл. Тынг æй фæндыд йæ адæмы, йæ арæнты фидардзинад сбæрæг кæнын. Паддзах æрбынат кодта Хъырымы æмæ йæ ног æрбаиугонд зæххытыл цæрджы­тæм хонæг арвыста. Таурæгъты куыд баззад, афтæмæй уыцы хуынды гæххæт æрцыд Ирыстонмæ дæр, Мамиаты Хъарадзаумæ. Уый æрæмбырд кодта Ирыстоны хуыздæр лæгты æмæ паддзахмæ фæцыдысты Хъырыммæ. Æцæг, уый тыххæй иунæг официалон документ дæр никуы баззад. Ацы фарстмæ ма раздæхдзыстæм нæ иннæ æрмæджы.

 

Стыр хъуыддаг æнæ тугкалдæй никуы æрцæуы

Ирыстонæн Уæрæсеимæ баиу пайда фæцис алы къабазы дæр. Æрцардысты быдираг хъæуты, сарæзтой скъолатæ, райтынг нæм цивилизаци. Фæлæ Уæрæсейы разамынд йæхи фæтк куы æвæрдта, уæд уый, кæй зæгъын æй хъæуы, алкæй зæрдæмæ нæ фæцыд. Уæлдайдæр пысылмон адæмы. Сæ сæргъы дагъыстайнаг хæстон разамонæг Имам Шамил, афтæмæй пысылмон адæмы фылдæр хай растадысты Уæрæсейы ныхмæ. Уыцы заманы иуран нæ бадтысты хохаг сæрибаруарзаг адæм дæр. Карз хæстытæ цыдис Хуссар Ирыстоны бирæ кæмтты, уæлдайдæр Чеселтгомы. Инæлар Ренненкампфы ныхмæ, сæ сæрибардзинад бахъахъхъæныны тыххæй, тукалæн тох кодта Коцты Бегайы къорд дæр. Ацы хæстытæ баззадысты историйы, æрцыд сыл дæсгай чингуытæ фыст.

Æппынфæстаг, 19-æм æнусы æмбисы, Уæрæсейы æфсад ныддæрæн кодта растадонты. Æргом хæст нал цыд, фæлæ Уæрæсемæ хæрам адæм бирæ уыдысты. Уæлдайдæр – пысылмон адæм. Уыдонæн сæ бон нæ уыд чырыстон Уæрæсейы дæлбар балæууын æмæ та æфсоны сæрыл лæууыдысты ног растадмæ. Састы бынаты чи баззад, уыдонæй иутæ, протесты хуызы, лыгъдысты се ‘мдин Туркмæ. Уый фæдыл кæсæм Джусойты Нафийы æрмæгæй скъуыддзаг:

«Уыцы уавæры Уырысы паддзахы дæр фæндыд, хæрам адæм, Уæрæсейы хицауиуæгæй разы чи нæу, уыдон Туркмæ куы алидзиккой, æмæ, æппынфæстаг, Кавказ куы ныссабыр уаид. Туркæн дæр пайда уыд ацы хабар – Уæрæсейæн йе знæгтæ кæддæриддæр цæттæ уыдаиккой йæ ныхмæ хæцынмæ. Афтæмæй, дыууæрдыгæй дæр кодтой провокацион, ардауæн куыст, цæмæй Кавказы пысылмæтты Туркмæ алидзын кодтаиккой. Уыдонæй иу уыд Къуындыхаты Муссæ. Сæ дард балцы ирон адæм цы дудгæбæттæ бавзæрстой, цас дзы аскъуыди, цæрæнбонтæм фæсмойнаг куыд фесты, уыдæттыл нал дзурдзыстæм. Æппынфæстаг, Уæрæсейы дæлбар адæм сæ бон базыдтой æмæ æрсабыр сты» (Ирон литературæ. 38 фарс).

Нæ фыдæлтæ раджы бамбæрстой, махæн æнæ Уæрæсе фидæн кæй нæй, уый æмæ бакодтой стыр арфæйаг куыст, фæлæ, дзырд дæр ыл нæй, цыфæнды стыр хъуыддаг дæр æнæтугкалдæй никуы æрцæуы. Кæд уыцы рухс фидæнмæ гуыргъахъ фæндæгтыл фæцыдыстæм, уæддæр историон рæстдзинад фæуæлахиз. Уæд дæр æмæ ныр дæр махæн æнæ стыр Уæрæсе фидæн нæй.

11-12 июны Цæгат Ирыстоны цæрджытæ парахатæй бæ­рæг кæндзысты, ацы стыр цауыл 250 азы сæххæсты бæрæгбон…

ДЖУСОЙТЫ  Нинæ,

Газет «Хурзæрин»-ы сæрмагонд уацхæссæг

Добавить комментарий

Ваш адрес email не будет опубликован. Обязательные поля помечены *

Этот сайт использует Akismet для борьбы со спамом. Узнайте, как обрабатываются ваши данные комментариев.