Куыд æхцон вæййы зæрдæйæн, не ’мтуг ирон адæймæгты сгуыхтдзинæдты фæдыл хабæрттæ нæм стыр Уæрæсейы зæххæй куы æрыхъуысынц, уæд. Ахæм рæстæджы нæ зæрдæтæ цины малы аныгъуылынц, сæрыстырдзинады æнкъарæнтæй байдзаг вæййынц, нæхицæй та ныббуц вæййæм æмæ нæ сæртæ бæрзæндты фæхæссæм. Фæзæгъæм, æгайтма, ирон адæмæн ахæм гуырдтæ гуыры, кæцытæн сæ хорзы кой айхъуысы æнæхъæн дунейыл æмæ афтæмæй скад кæнынц куыд сæхицæн, афтæ сæ радтæг адæмæн дæр.
Мæскуыйы стыр сгуыхтдзинæдтæ сæ къухты кæмæн бафтыдысты, уыцы номдзыд адæймæгтæм ма бафтыд ноджыдæр дыууæ æфсымæры — Знауыры районы Куатетрийы хъæуæй рацæугæ Гæбæраты Хетæджы дыууæ фырты Антон æмæ Алан. Ацы дыууæ æфсымæры æнтыстыты тыххæй мæ бафæндыд газеткæсджыты базонгæ кæнын.
Гæбæраты Хетæджы фырт Антон райгуырд 1976 азы горæт Мæскуыйы интеллигентон бинонты ’хсæн. Астæуккаг скъола тынг хорз нысæнттыл каст фæуыны фæстæ ахуыр кæнынмæ бацыд М.Ломоносовы номыл Мæскуыйы паддзахадон университеты экономикон факультетмæ æмæ 2000 азы райста экономикæйы магистры ном. 2004 азы каст фæци Мæскуыйы горæтон социалон академийы аспирантурæ, бахъахъхъæдта диссертаци ахæм темæйыл: «Совершенствование социального страхования, как форма защиты работников», зæгъгæ, æмæ йын лæвæрд æрцыд экономикон зонæдты кандидаты ном.
2013 азы бакаст Мæскуыйы хицауады Мæскуыйы паддзахадон университеты «Ног политикты скъола»-йы курсытæ. Йæ фæллойадон архайд райдыдта 2000 азы гом акционерон æхсæнад «Сбербанк России»-йы, цыран бакуыста 2009 азмæ. 2009-2010 азты та куыста æхгæд акционерон æхсæнад телекомпани «Телевик»-ы. 2010 азы нысан æрцыд Мæскуыйы областы æххæсткомы сæргълæууæджы хæдивæгæй. Антон ма у горæт Мæскуыйы парти «Единая Россия»-йы æххæсткомы уæнг дæр.
Гæбæраты Антон у перспективон разамонæг, ныридæгæн йæхи равдыста хъæппæрисджын бæрнон кусæгæй, йæ разы æвæрд хæстæ скъуыддзаг кæны æнтыстджынæй. 2009 азы Уæрæсейы Федерацийы Паддзахадон Думæмæ æмæ 2011-2012 азты УФ-йы Президентон æвзæрстыты, афтæ ма муниципалон æмвæзады депутатты æвзæрстыты рæстæджы дæр бакодта активон организацион куыст. Йæ хорз куысты тыххæй хорзæхджын у бирæ паддзахадон хорзæхтæй. Фидæны йæм йæ радтæг ирон адæм æнхъæлмæ кæсынц ноджыдæр стырдæр æнтыстытæм. Хуыцау зæгъæд, æмæ та нæм ногæй æрæхъуысæт йæ хорз хъуыддæгты тыххæй хабæрттæ.
Гæбæраты Хетæджы фырт Алан та райгуырд 1978 азы. Тынг хорз нысæнттыл астуæккаг ахуырад райста 672-æм астæуккаг скъолайы. Уый фæстæ йæ ахуыр адарддæр кодта горæт Мæскуыйы Паддзахадон университеты юридикон факультеты. Университет дæр тынг хорз нысæнттыл каст фæуыны фæстæ бахъахъхъæдта диссертаци ахæм темæйыл: «Методологический аспект интеллектуального права», æмæ ссис юридикон зонæдты кандидат.
2001-2003 азты куыста арæнгонд бæрнимæ æхсæнад «Белый огонь»-ы директорæй. Йæ бæрны уыдысты персоналыл къухдариуæгад кæнын, райрæзты стратегийы арæзтады, бакæнгæ куыстæн анализ, бадзырдтæ аразыны хæстæ. 2005-2007 азты куыста арæнгонд бæрнимæ æхсæнад «Центральное правовое агентство»-йы сæйраг юрисконсультæй.
2007-2008 азты куыста Уæрæсейы Федералон тæрхондоны приставты управленийы (службæйы) горæт Мæскуыйы Скæсæн административон зылды административон закъон-хæлдтыты ныхмæ хайады тæрхондæтты пристав-æххæстгæнæг къорды хистæрæй. 2008-2009 азты уыд Уæрæсейы Федералон тæрхондоны приставты управленийы горæт Мæскуыйы æмбæстæгты куырдиæтты куысты хайады раззагон специалист-экспрет. 2009-2010 азты та куыста Мæскуыйы ацы хайады сæйраг специалист-экспертæй. 2010-2011 азты та уыд ацы хайады сæргълæууæджы хæдивæг.
2011 азы нысан æрцыд Уæрæсейы Федералон тæрхондоны приставты управленийы го-рæт Мæскуыйы æмбæстæгты куырдиæтты фæдыл куысты хайады сæргълæууæгæй майоры цины.
Уæдæ куыд базыдтам, афтæмæй Гæбæраты дыууæ æфсымæрæн хорз æнтыстытæ бафтыд сæ къухты Стыр Уæрæсейы зæххыл æмæ сын мах зæрдæ дæр зæгъы ноджы стырдæр æнтыстытæ сæ дард-дæры царды. Хуыцау зæгъæд, æмæ тагъд рæстæджы цы суой зонæдты доктортæ.
Йæ кæстæртæ адæмы рæгъы кæмæн рацæуынц, царды раст фæндагыл кæмæн ныллæуынц, ахæм бинонты фæхонынц амондджын. Æмæ æцæгæйдæр афтæ у, цы хъæуы ныййарæджы йæ хъæбулты амонд æмæ æнтыстыты йеддæмæ. Амондджыныл нымад сты Гæбæраты Хетæг æмæ йæ цардæмбал Магкоты Азæ. Æцæг, Хетæг а-дунейæ ахицæн цалдæр азы размæ цæрынхъуагæй, фæлæ йæ фæстæ ныууагъта хорз бинонтæ.
Гæбæраты Антоны фырт Хетæг райгуырд Знауыры районы Куатетрийы хъæуы. Каст фæци Зиулеты астæуккаг скъола, фæлæ йæ стæй йæ хъысмæт ахаста Уæрæсейы зæххмæ. Мæскуыйы индустриалон техникум каст фæуыны фæстæ райста инженер-конструкторы дæсныйад æмæ цæргæйæ баззад горæт Мæскуыйы. Фæкуыста бирæ бæрнон бынæтты, йæ царды фæстаг азты та куыста Мæскуыйы цур горæт Лобняйы егъау силикатон заводы сæйраг инженерæй. 1970-80 азты-иу йæ æрæмысгæ (изобретение) куыстытæ мыхуыр æрцыдысты журнал «Наука и жизнь»-ы. Йæ фыд Гæбæраты Антон уыд Стыр Фыдыбæстæйон хæсты хайадисæг, баззад хæсты быдыры. Уыд танкист, фæлæ уый тыххæй æндæр хатт.
Хетæджы цардæмбал Магкоты Азæ Григолы чызг райгуырд Дзауы районы Къодибыны хъæуы. Уымæн дæр йæ фыд уыд Стыр Фыдыбæстæйон хæсты хайадисæг. Иу ахæмы карз зымæгон рæстæджы Новороссийскы знаджы ныхмæ хæцгæйæ йе ’мхæстонтимæ бахауд æрхъулайы дæргъвæтин рæстæгмæ. Басыдысты йæ къæхтæ, бахаудта госпиталмæ дæр, бæргæ ма æрæздæхт йæ райгуырæн хъæумæ, фæлæ йæ дыууæ къахы дæр лыгкæнинаг фесты. Сопераци йын кодта зынгæ хирург Къæбысты Падо æмæ йæ царды бонтæ арвыста сахъатджынæй, фæлæ афтæмæй дæр йæ хæдзары куыстытæ кодта æмæ йæ цардæмбалимæ хъомыл кодтой сæ хъæбулты. Азæ райдианы ахуыр кодта Дзриайы астазон скъолайы. Йæ хистæр хо Зинæ цард Цхинвалы, ракодта йæ йæхимæ æмæ йæ барвыста 3-æм астæуккаг скъоламæ. Азæ ахуырмæ разынд диссаджы зæрдæргъæвд. Скъола каст фæци сыгъзæрин майданыл, скъолайы уæды директор Хуыбиаты Владимир иууыл йæ хорзы кой кодта. Скъолайы фæстæ æнтыстджынæй фæлварæнтæ радта Дзæуджыхъæуы паддзахадон медицинон институмæ. Институт дæр каст фæцис тынг хорз нысæнттыл, райста хирурджы дæсныйад. Рæсугъд, æгъдауджын чызг кусын райдыдта соматикон рынчындоны. Уыцы рæстæджы рынчындоны цæстыты дохтырæй куыста зынгæ курдиатджын дохтыр Гæбæраты Тамарæ. Тынг фæцыд йæ зæрдæмæ Азæ æмæ йæ бацамыдта йе фсымæры хъæбул Хетæгæн, уымæ гæсгæ йæ бахъуыд Мæскуымæ ацæуын, цыран уый 40 азæй фылдæр бакуыста дохтырæй. Бирæ азты дæргъы уыд горæт Мæскуыйы 69-æм поликлиникæйы сæргълæууæджы хæди-вæг. Нымад уыд æмæ ныр дæр у йæ дæсныйады иттæг хорз специалистыл. Поликлиникæ у стыр, кусы дзы 300 адæймагæй фылдæр æмæ уыдонæн та разамынд дæттын фæхъæуы. Кæй зæгъын æй хъæуы, бæрнон у дохтыры куыст, бафæллад Азæ дæр æппынæдзух бæрнон уæвынæй æмæ ацыд пенсийы, фæлæ йæ уæддæр поликлиникæйы сæйраг дохтыр фæстæмæ хоны йæ куыстмæ. Азæ бирæ балæггад кодта Ирыстонæй-иу æм чи бахауд, уыдонæн дæр. Æгæрыстæмæй-иу сæ æхсæвиуат кæнынмæ дæр акодта йæ хæдзармæ дæр. Ахæм у йæ уды сконд Магкоты чызгæн æмæ бирæ азты æнæнизæй фæцæрæд йæ уарзон хъæбултæ æмæ йе ’ввахс адæмы ’хсæн.
ДЖИОТЫ Екатеринæ

Comments are closed, but trackbacks and pingbacks are open.