Мæскуыйæн бындур æвæрд æрцыд бæрзонд Боровицкы    къуылдымыл. Археологон бæрæггæнæнтæм гæсгæ, ацы территорийыл æрцардысты нæ эрæйы агъоммæ дыууæ мин азы размæ. Бынат цæрынæн уыд тынг хорз æмæ-иу дзы æрцардысты кæсагахсджыты æмæ цуангæнджыты знæмтæ, фæстæдæр ацы зæххытæм æрцы-дысты славяйнаг знæмтæ дæр.

Мæскуыйы тыххæй зонæнтыл фыццаг хатт сæмбæлæн ис 12-æм æнусы азфысты. 1147 азы паддзах Юрий Долгорукий æфсæддон советмæ фæхуыдта Святослав Олегы фырты Мæскуыйы-цæугæдоны былгæрæттæм. 9 азы фæстæ, 1156 азы, Юрий Долгорукий рагон бынаты бын æрæвæрдта горæтæн æмæ дзы сарæзта хъæдæй арæзт ног фидар. Ис ахæм фыстытæ дæр, зæгъгæ, фидаргæнæн арæзтадтæ сарæзта Юрий Долгорукий нæ, фæлæ йæ фырт Андрей.

Уыцы рæстæджы Мæскуы уыд Суздальскаг къниазады чысыл арæнгæрон æфсæддон пункт, кæцыйæн уыд стыр потенциал.

Мæскуы арæзт цыд сындæггай. Раивта Юрий Долгорукийы æртæ фæлтæры, цалынмæ Мæскуы рагон горæтты аууонæй рахызт, æмæ егъау горæты хуыз исын нæ  райдыдта, уæдмæ.  1614 азы райдианы Мæскуыйы Земскы аргъуаны бындур æвæрд æцыд Романовты паддзахиуæгады ног династийæн, кæцыйы минæвæрттæ Уæрæсейыл къухдариуæгад кодтой 300 азы дæргъы. Горæт Мæскуыйы историмæ стыр хайбавæрд бахаста Петр Фыцца-джы чызг императрица Елизавета. Уый уæлдай хъусдард аздæхта Кремлмæ. Фæлæ императрицæйы сæйраг лæггæдтæ уыдысты, Мæскуыйы университет æмæ дыууæ гимназы кæй бакодта, уыдон. Университет байгом æрцыд 1755 азы сыгъдæг Татьянайы боны, æмæ йæ уæдæй фæстæмæ нысан кæ-нынц æппæт студенттæ.

Карз фæлварæнтæ Мæскуымæ æнхъæлмæ кастысты 1812 азы Наполеоны æфсад Мæскуыйы куы бацахста Бородины тохы, уæд. Уæд адæмæн райхъал сты сæ патриотон æн-къарæнтæ, иууылдæр растадысты æмæ иумиаг тыхтæй ссæрибар кодтой столицæйы

Горæт Мæскуыйы ссæрибар кæныны фæстæ йæ хъуыд ногæй саразын. Уæлдай тынгдæр ныппырх йæ центр. 20-æм æнусмæ Уæрæсе бацыд бынтон монархийæ, паддзахадæй, кæцы кондады гуырахстæй дунейы ахаста 5-æм бынат. 1917 азы Октябры революцийы цаутæ ног сыф бакодтой Мæскуыйы историйы. 1918 азы Мæскуы ногæй райста столицæйы статус, фæлæ ныр та Уæрæсейы Советон Федеративон Социалистон Республикæйы, æмæ цасдæр фæстæдæр та ссис Советон Социалистон Республикæты Цæдисы столицæ, кæцымæ бацыдысты 15 хæларадон паддзахад-рес-публикæйы.

Ног егъау паддзахады столицæйы хуызы Мæскуыйæн уыд ахсджиаг роль дунеон политикæйы. Интенсивонæй арæзт цыдысты арæзтæдтæ, горæт рæзт цырд темптæй, рæзт тран-спортон инфраструктурæ. 1933 азы Мæскуыйы фæзындысты фыццаг троллейбустæ. 1935 азы майы мæйы та цытджын æгъдауæй байгом мæскуыйаг метрополитен. 1939 азы Мæскуыйы райдыдта кусын регулярон телеуынынад.

1941 азы Стыр Фыдыбæстæйон хæсты рæстæджы немыцаг фашисттæ размæ бырстой Советон Цæдисы территорийыл, тас уыд Мæскуы бацахсынæй дæр. Фæлæ Мæскуы паддзахады зæрдæ кæй уыд, уымæ гæсгæ советон хæстонтæ æппæт дæр сарæзтой йæ бахъахъхъæныны тыххæй. Мæскуыйы сæрыл тохты гитлерон æфсдыл æрцыд стыр зиæнттæ.  1965 азы Мæскуы райста горæт-хъайтары ном. Хæсты фæстæ азты Мæскуы æндидзынгæнæн куыст райдыдта цырд  темптæй.

1991 азы Советон Цæдисы ныппырхы фæстæ Мæскуы ссис Уæрæсейы Федерацийы столицæ. Кремль ссис Уæрæсейы Президенты резиденци. 21 æнусы Мæскуыйы æрцыд стыр архитектурон ивындзинæдтæ. Ам кусы 150 театры. Ис дзы бирæ музейтæ. Уымæй дарддæр ма Мæскуы у егъау зонадон æмæ сæудæджерадон центр.

1995 азы 1 февралы райст æрцыд закъон Мæскуыйы тырыса æмæ гербы тыххæй. Мæскуыйы гимн у зарæг «Моя Москва», кæцыйы текст ныффыста М.Лисянский, музыкæйы автор та у И.Дунаевский. Мæскуыйы сæйраг закъондæттынадон орган у горæтон Думæ, кæцыйы ис 450 депутаты.

1947 азы банысан æрцыд Мæскуыйы 800-азы бон. Горæты юбилеймæ рауагътой майдан «В память 800-летия Москвы». 1986 азы аскъуыддзаг кодтой Горæты бон сентябры райдианы нысан кæныны тыххæй. 1997 азы сентябры столицæйы мэр Юрий Лужков сорганизаци кодта егъау бæрæгбон Мæскуыйы 850 азы цытæн.

Ныр дæр та уыдзæн афтæ. Мæскуыйы бон нысан цæуы абон, 9-æм сентябры. Масштабонæй уагъд цæуынц алыгъуызон мадзæлттæ. Горæты æрцауыгътой 2,5 мин тырысайы. Уагъд цæуынц алыгъуызон хиирхæфсæн мадзæлттæ.

 

Æрмæг бацæттæ кодта

Чертхъоты Ж.

Comments are closed, but trackbacks and pingbacks are open.