18 январы украинаг горæт Бровары æрцыдис трагеди – рæвдауæндоныл æрхаудта верттæхæг. Аварийы фæстиуæгæн фæмардысты 14 адæймаджы, кæцытæй фараст бадтис верттæхæджы æмæ фондзæй та зæххыл бабын сты. Фæмардуæвджытæй иу разынд сывæллон. Уыдис дзы цæфтæ дæр – 25 адæймаджы. Уыдонæй дæр иуæндæс сты сывæллæттæ. Куыд рабæрæг, афтæмæй верттæхæгыл бадтысты Украинæйы мидхъуыддæгты министрады къухдариуæгад сæ министр Денис Монастырскийы сæргълæудæй.

Верттæхæджы æрхауыны аххосаг нырма бæрæг нæу æмæ, æвæццæгæн, нæдæр рабæрæг уыдзæнис. Официалонæй ис цалдæр версийы – верттæхæджы техникон уавæр, пилоттæ фехæлдтой æдасдзинады нормæтæ æмæ диверси. Уымæй уæлдай ма специалистты хъуыдыйы ис заводæй уагъд дефект дæр – верттæхджыты моделы раздæр дæр арæх-иу ссардтой алыгъуызон хъæндзинæдтæ. Верттæхæг «Super Puma» уадзынц Францы æмæ нымад у уæззау верттæхæгыл. Ныры онг ахæм аз нæма уыд æмæ дзы ацы верттæхджытæй иу дæр ма æрхауа. Стæй ма Украинæмæ дæр дзыхъ-хъынногтæй не ‘рбахаудтой – рауæй сын сæ кодтой капиталон цалцæджы фæстæ.

Пилоттæ уыдысты фæлтæрд, бирæ сын уыд алыгъуызон верттæхджытыл тæхыны стаж. Хаугæ-хауын баныдзæвыдысты бирæуæладзыгон хæдзары бахизæныл, фæлæ стæй сæмбæлдысты рæвдауæндоны дыууæуæладзыгон бæстыхайыл. Аварийы фæстиуæгæн керосин ныппырх ис æмæ егъау фæзуаты зынг зирвæзтис. Ис афтæ хъуыдыгæнджытæ, ома, пилоттæ нæ зыдтой, чысыл бæстыхай рæвдауæндон кæй у, æмæ цæрæн хæдзарæй аиуварс кодтой верттæхæджы, цæмæй адæмæй мачи амæла.

Ацы трагедийыл алчидæр фæрыстис, алкæмæн дæр зын уыд сывæллæтты зианимæ баст трагедийы хабар. Уый Украинæйы фæцин кæнынц, Донбассы сывæллæттæй исчи куы амæлы, уæд. Фæлæ ахæмтæ адæмыл нымайын дæр нæ хъæуы – сывæллон кæмфæнды дæр сывæллон у æмæ адæймагдзинад сафын та никуы хъæуы. Горæт Бровары ма ацы районы 2000 азы æрхаудта ракетæ «Точка-У» æмæ сæмбæлд бирæуæладзыгон хæдзарыл. Ракетæ ратахт æфсæддон полигонæй æмæ катастрофæйы фæстиуæгæн бабын сты цалдæр адæймаджы.

Ныры катастрофæйы аххосагыл цыфæнды дæр куы банымайой, уæддæр сæйраг уый у, æмæ цæмæн бауагътой верттæхæджы бирæуæладзыгон хæдзæртты сæрты тæхын. Æмæ уымæй дæр тахтысты хæрзныллæг æмæ ма дзы уыцы рæстæджы ныббадт мигъ дæр. Ахæм уавæрты пилоттæн дæр сæ бон цы уыд – дæ развæндаг куы нæ уынай, уæд цы бакæндзынæ. Æфсæддон дæснытæ æмбарын кæнынц, зæгъгæ, мидхъуыддæгты министр тарст уæрæсейаг радартæй æмæ цæрæн массивты сæрты уый тыххæй тахт. Æмæ та ам дæр уынæм, украинæйаг лидертæ та радон хатт кæй æмбæхстысты сабыр цæрæг адæмы фæстæ. Йæ фæстиуæг – цалдæр адæймаджы мæлæт æмæ ма бабын ис сывæллон дæр. Иуæндæс сывæллоны та сты рынчындоны алыгъуызон уæззау цæфтимæ. Украинæйы къухдариуæгад раздæр дæр æмæ ныр дæр никуы хъуыды кодта йæ адæмыл.

Верттæхджытæ «Super Puma»-тæ æлхæд æрцыдысты 2018 азы – уæд ма сæ мидхъуыддæгты министр Арсен Аваков уыд, кæцы абоны бон дæр нымад у фыдгæнæг æмæ авантюристыл. Æдæппæт уыдысты 55 верттæхæджы æмæ сæ аргъ та ахызт 555 евройы миллуантæй. Коррупцион «Фæд» ссардтой ацы æлхæды фæлæ фæстæдæр хъуыддаг «ныннымæг» кодтой. Ацы верттæхджытимæ катастрофæтæ арæх кæй цыд, уый фæстиуæгæн хъомысджын компанитæ сæ балансæй сфыстой 200 машинæйæ фылдæр. Æмæ сæ цы хъуамæ фæкодтаиккой? Утилмæ раттынæн æвгъау уыдысты – иу верттæхæджы аргъ дзы хæццæ кодта 28 миллуанмæ евротæй. Æмæ дзы 55 машинæйы уæй кодтой Украинæйæн дæсгай миллуантыл евротæй, кæд æмæ иннæты 4-5 миллуантыл уæй кодтой, уæд. Аваков æмæ Парашенкойы дзыппытæм дзæвгар æхцайы фæрæзтæ бахаудаид ацы аферайæ.

«Super Puma»-тæ бадих кодтой æрцыдысты мидхъуыддæгты æмæ уæлвæткон министрадтыл. Фæстæдæр куыд дзырдтой, афтæмæй мидхъуыддæгты министрад ацы верттæхджытæй пайда кодтой, куыд хисæрмагонд транспортæй, афтæ. Горæт Бровары цæрджытæ куыд дзурынц, афтæмæй-иу ацы верттæхæг æрвылбон дæр цалдæр хатт тахт ацы маршрутыл – æвæццæгæн куыстмæ верттæхæгыл тахтысты Мидхъуыддæгты министрады къухдариуæгад.  Денис Монастырский бынтондæр нæ хъуыды кодта цæрджыты æдасдзинадыл, хуымæтæг адæм æм нымады дæр нæ уыдысты. Афтæ хъуыды кæнынц иннæ фашисттæ дæр, кæцытæ сты ныры Украинæйы къухдариуæггæнджытæ. Æндæра æфсæддон объекттæ не ‘вæриккой цæрæн кварталты, хæдзæртты сæрмæ не ‘ппариккой ракетæтæ, цæрджыты фæстæ не ‘мбæхсиккой тæссаг уавæрты. Цæмæн хъуамæ хъуыды кæной украинæйаг хуымæтæг цæрджытыл, кæд æмæ сын ис хæслæвæрд – «хæцут фæстаг украинæйаджы онг».

Ис ма ахæм верси дæр, ома, Зеленский аиуварс кодта йæ оппоненты. Куыд зонæм, афтæмæй Зеленскийы рейтинг у хæрзцъус, цæрджыты фылдæр хай дзы сæ удхæссæг уынынц, æмæ йын уый фæстиуæгæн тæссаг у раппарынæй. Уымæ гæсгæ Зеленский архайы, цæмæй йын аккаг конкурент ма уа. Денис Монастырский та англосаксойнæгтæм нымад уыд иттæг хорз кадрыл – сæрибарæй йын раттæн уыд гитлерон СС-ы пъагæттæ. Тынг æнгом куыста сайт «Миротворец»-имæ æмæ йæ хъæппæрисæй бирæтæ бахаудтой ацы фашистон номхыгъдмæ. Сæрмагонд æфсæддон операцийы райдайæны Монастырскийы фæрцы адæмæн байуæрстой дзæвгар æхсæнгарз æмæ йæ ведомство та æппынæдзух агуырдта цæрджыты ‘хсæн «сепаратистты» æмæ «коллаборационистты». Куыд уынæм, афтæмæй Монастырскийы къухты уыд егъау ресурс æмæ йæ бон уыд сæрибарæй паддзахадон фæфæлдæхт саразын дæр. Уымæ гæсгæ дзы Зеленский дæр, кæй зæгъын æй хъæуы, тарстаид. Ныр ын тæссаг нал у.

Джиоты Алыксандр