18-æм январы Цхинвалы скъола-интернаты хъомылгæнинæгтæ ауагътой æрвылазон традицион хæрзаудæн концерт «Рождественские мечты», зæгъгæ,  ахуырадон уагдоны хъомылгæнинæгтæн чи æххуыс кæны, æппæт уыцы меценаттæн арфæйы нысанæн. Интернаты ахæм мадзæлттæ уагъд цæуынц ныр цыппар азæй фылдæр. Уыцы бон ахуырадон уагдон хъæздыг уыд цытджын уазджытæй. Скъолайы актон залмæ æрбамбырд бирæ адæм.

Аргъау-мюзикл сорганизаци  кодтой ацы скъолайы организатор Харебаты Маринæ, раздзог Икъаты Миленæ, драмкружокы къухдариуæггæнæг Хъотайты Сæрмæт, нырыккон кæфтыты ахуыргæнæг Гасситы Кристинæ,  хоры ахуыргæнджытæ Остъаты Олеся æмæ Джиоты Любæ.

Мадзалмæ æрбацыдысты РХИ-йы  Президенты администрацийы минæвæрттæ Гаглойты Аланы сæргълæудæй, Ахуырад æмæ зонады министр Джиоты Арянæ, Мидхъуыддæгты министр Гæззаты Вадим, скъола-интернат кæй ном хæссы, уый – Куымæридтаты Кимайы хъæбулы хъæбул Куымæридтаты Земæ, РХИ-йы Президенты цур сывæллоны барты фæдыл æххæстбарджын Цхуырбаты Татьянæ, Культурæйы министры хæдивæг Мамиты Григори, нæ горæты скъолаты ахуыргæнджытæ, мидхъуыддæгты министрады æнахъомты хъуыддæгты фæдыл хайады хистæр Гатайты Лали, Национ музейы директор Зассеты Мераб, æхсæнады  минæвæрттæ æмæ æндæр уазджытæ. Интернаты актон зал уыд бæрæгбонвæлыст, уæлдай тынгдæр æй фидауын кодтой уым цы Ногазон фæлыст цалдæр Наз бæласы уыдысты, уыдон.

Мадзалы райдианы  Дзукъаты Сослан хорз сæххæст кодта «Ног азы зарæг».

Уый фæстæ сценæмæ рахызтысты мадзаламонджытæ Кокойты Даянæ æмæ Бахъаты Владик. Уыдон раарфæ кодтой æрæмбырдуæвджытæн, уæлдай бузныджы ныхæстæ загътой скъолайы меценаттæн:

Сценæйыл фæзынд «снеговик»: «Æз уын æрæмбырд кæнын уæ фыстæджытæ æмæ сæ радтын Митын Дадамæ. Уый æнæхъусдардæй иу фыстæг дæр нæ ныууадзы æмæ уын Ног азы æхсæвы уæ фæндтæ, уæ бæллицтæ сæххæст кæны». Йæ хызынæй систа сывæллæтты фыстæджытæ æмæ сæ радта Митын Дадамæ. Сывæллæттæ равдыстой алыгъуызон сценкæтæ, сæ ролтæ сæххæст кодтой раст цыма æцæг артисттæ уыдысты, уыйау. Ирдæй зынд мадзалы организатортæ Харебаты Маринæйы сæргълæудæй уæхскуæзæй æмæ æввæллайгæ куыст кæй бакодтой сæ хъомылгæнинæгтимæ, уый. Дыууæ сахатæй фылдæр сæ арæхстдзинадæй хъæлдзæг кодтой æрæмбырдуæвджыты зæрдæтæ. Мадзалы хайад райстой 40 ахуыргæнинагæй фылдæр. Зарджытæ, кæфтытæ æмæ сценкæтæ кæрæдзи ивтой. Сывæллæттæ сæххæст кодтой  зарджытæ «Если б я был султан», «Шехерезада», «Белые розы», «Робин Гуд», «Песенка про зайцев», «Тигры», «Маленькая страна» æмæ бирæ æндæртæ. Сценкæты персонажтæ уыдысты Баба-Яга, тигр, Кощей, Робин Гуд, Къарол, Къаролы ус æмæ æндæртæ. Митын Дада уыд Хъотайты Сæрмæт æмæ Митын чызг та – Икъаты Миленæ.

Сценæмæ фæхуыдтой Президент Гаглойты Аланы.  Уый æрæмбырдуæвджытæн зæрдæбын арфæтæ ракæныны фæстæ загъта: «Сымах бацæттæ кодтат цымыдисон мадзал, кæцы йемыдзаг у зæрдæхæлардзинадæй. Мæ зæрдæ уын зæгъы æнæниздзинад æмæ æнтыстытæ уæ ахуыры. Мах та куыд гæнæн ис, афтæ æппæт дæр араздзыстæм, цæмæй сымах æнкъарат нæ аудындзинад æмæ фарсхæцынад. Фæнды мæ раарфæ кæнын ахæм диссаджы мадзал чи сорганизаци кодта, уыдонæн. Абон мах федтам хорз æмæ курдиатджын сывæллæтты. Стыр бузныг уыцы ахуыргæнджытæн, хъомылгæнджытæн, кæцытæ æнæхъæн суткæты дæргъы кусынц ацы сывæллæттимæ. Уыдон æппæт дæр аразынц, цæмæй сæ бафтауой царды раст фæндагыл», – загъта президент.

Парламенты депутат Бесаты Зитæ дæр арфæйы ныхæстæ нæ бавгъау кодта уагдоны хъомылгæнинæгтæн æмæ скъолайы коллективæн рæзгæ фæлтæры хъомыладмæ се стыр хайбаврæды тыххæй. «Сымах  стут тынг диссаджы сывæллæттæ. Абон уæ аргъауы райхъуыстысты ахæм ныхæстæ – диссаг, зæрдæхæлардзинад, уарзондзинад. Мæ зæрдæ уын зæгъы, цæмæй уæ цард æнæвгъауæй æххæст уа æппæт уыцы хорздзинæдтæй», – загъта уый.

Æрæмбырдуæвджыты раз раныхас кодта интернаты физкультурæйы ахуыргæнæг Тедеты Владимир. Йæ ны-хæстæм гæсгæ, ацы аз интернаты дæс ахуыргæнинаджы акодтой Санкт-Петербургмæ, цыран уыдон хайад райстой спортивон ерысты. Бакодтой сæ хоккеймæ, фенын сын кодтой горæт-хъайтары фенддаг бынæтты æмæ райгондæй æрæздæхтысты сæ балцæй. Санкт-Петербургмæ ацæуынæн сын баххуыс кодтой Гаглойты Алан æмæ Джиоты Арянæ.

Æрæмбырдуæвджытæн раарфæ кодта скъола-интернаты директор Сланты Эллæ. Уый бузныг загъта уагдоны хъомылгæнинæгтæм йе ‘ххуысы къух чи фæдаргъ кæны, уыдонæн.

Уагдоны ахуыргæнæг-организатор Харебаты Маринæ банысан кодта: «Ацы концерт организаци æрцыд меценаттæн арфæйы нысанæн. Азы дæргъы интернаты сывæллæттæн бирæ адæймæгтæ баххуыс кæнынц. Уымæй дарддæр ма, ацы аз республикæйы президент Гаглойты Алан, Парлмаенты депутаттæ æмæ фæкæсынхъуаг сывæллæттæм куыдфæндыйы цæстæй чи нæ кæсы, уыцы æмбæстæгтæ баххуыс кодтой интернаты сидзæр æмæ бирæсывæллонджын бинонты сывæллæттæн бæрæгбонон зæрдæйыуаг саразынæн. Æмæ махæн та нæ бон у арфæйы нысанæн сын концерт равдисын. Сывæллæттæ æнæ хъусдардæй кæй нæ баззадысты, уый стыр хъуыддаг у».

Ногазон аргъау-мюзикл «Рождественские мечты»-йы алыгъуызон персонажты фæлгæнцты ралæугæйæ, скъола-интернаты хъомылгæнинæгтæ сæ хæрзиуæггæнджытæн балæвар кодтой æцæг бæрæгбон.

Банысан кæнын хъæуы уый дæр, æмæ та сæм ныр дæр Президент Гаглойты Алан афтид къухæй кæй не ‘рбацыд, мадзалы хайадисджытæн æрбахаста ногазон лæвæрттæ. Парламенты депутат Бесаты Зитæ дæр сын республикон политикон парти «Ныхас»-ы номæй бакодта ногазон лæвæрттæ.

ДЖИОТЫ Екатеринæ