Президент фембæлд Сырх Дзуары минæваримæ

 

Президент Бибылты Анатоли фембæлд Кавказы æбæрæгæй чи фесæфт уыдон фарстаты фæдыл, Сырх Дзуары Дунеон Комитеты минæвар Дэниэль Максуиниимæ. Паддзахады сæргълæууæг банысан кодта Сырх Дзуары куыстæн бæрзонд аргъ кæй кæны æбæрæгæй сæфт æмбæстæгты агурыны фарстыты. Уый хыгъд, хъыгагæн, банысан кодта, ацы хъуыддаджы фæстиуджытæ къухты кæй не ‘фты.

«Ацы бинонты рыст æнкъаргæйæ хуыздæр у, цæмæй ацы здæхты куыст уа эффективондæр. Хуссар Ирыстон æмæ Сырх Дзуары Дунеон Комитеты æхсæн ис хорз æмархайд æмæ контакт. Ацы здæхты ма хорз кусынц Адæмаджы барты фæдыл Президенты æххæстбарджын æмæ Фæсконфликтон бæстонкæныны фæдыл Президенты æххæстбарджын минæвар дæр.

Лæмбынæг сахуыр кодтам уæ фæндæттæ, уыдон сты хорз, фæлæ сын, хъыгагæн, бындур нæй. Хуыздæр уаит, æмæ Хуссар Ирыстоны æмбæстæгты ссарынæн фадат чи радта, ахæм къахдзæфтыл куыст куы æрцæуит.

Ноджыдæр нысан кæнын уый, æмæ Республикæ Хуссар Ирыстоны фарсæрдыгæй бирæ хъарутæ хардз æрцыд. Фæлæ абоны онг дæр Хуссар Ирыстоны 130 бинонтæн сæ тыхы нæй, æмæ куыд æмбæлы, афтæ сæ хиуæттæн æгъдау скæной», – загъта уый.

Президент куыд банысан кодта, уымæ гæсгæ æртæ æмбæстаджы фæдыл уыд видеоæрмæг, Гуырдзыстоны ахæстоны лæмбынæг фарст цыдысты, фæлæ уый фæстæ, хъыгагæн, ницыуал информаци ис уыдон фæдыл. Уымæ гæсгæ Хуссар Ирыстоны фарс нысан кæны Гуырдзыстоны æнæсерьезон ахаст ацы фарстмæ. Бæстæйы къухдариуæгад кæд фæивта, уæддæр, зæгъгæ, ницахæм конкретон къахдзæфтæ мах нæ уынæм.

Бибылты Анатолийы ныфс ис, ацы фадыджы эффективон рæзтæн ахъазгæнæг къахдзæфтæ арæзт кæй æрцæудзæн. Банысан кодта, æбæрæгæй сæфт æмбæстæгты хиуæттæн фадат кæй фæзындзæн, цæмæй базоной сæ хиуæтты тыххæй æппæтдæр – кæм сты, цы сыл æрцыд, кæд сæрæгас сты, кæнæ нал сты, уæддæр сæ бинонтæм фæхæццæ уой.

Дэниэль Максуини бузныг загъта Бибылты Анатолийæн Хуссар Ирыстоны æмбæстæгтæй æбæрæгæй чи фесæфт, уыдон ссарыны фарстыл уынаффæ кæныны фадат сын кæй ис, уый тыххæй. Банысан кодта, кæд æбæрæгæй сæфт æмбæстæгты хъысмæт сбæрæг кæнын, кæм сты уый базоныны процессы бæрæг æнтыст уыд, уæддæр нырма бирæ æрбæстонкæнинаг хъуыддæгтæ ис.

«Æз афтæ нымайын æмæ ацы здæхты фыццаг у æбæрæгæй сæфт æмбæстæгты хъысмæт ра-бæрæг кæнынмæ хуыздæр хъусдард здахын. Уымæ гæсгæ хуссарирыстойнаг хайадисджыты хайбавæрд координацион механизмы фæлгæтты æмгуыстад ахсджиаг у. Мах æвдисæн стæм нæ иумиаг куысты зынгæ ивындзинæдтæн, уымæ гæсгæ нæ дарддæр хъæуы иумæ ног методтæ æмæ бæстон кæныны фæндæттæ агурын. Фембæлдтытæ нын уыд Тбилис æмæ Сухумы, ныр та ам стæм, цæмæй сбæрæг кæнæм размæ цæуынæн ног фæндæттæ.

Куыд зонут, уымæ гæсгæ цы рекомендацитæ æрбавдыстам, уыдонæй иу уыд, цæмæй къухдариуæгад сбæрæг кæна бынаты минæвары, кæцы ацы процессы фæстиуджыты фæдыл мемæ иумæ кусдзæн, уый у мæ хæс. Æмæ мæ ныфс ис, ахæм архайд ахъазгæнæг уыдзæн бæрндзинады æмвæзад фæбæрзонддæр кæнынмæ æмæ фылдæр ахастмæ.

Сырх Дзуары Дунеон Комитет куысты цæттæ моделтæ нæ бæтты, æмæ ацы процессы æдзухон лидер нæу. Ивындзинæдтæм гæсгæ процессы хайадисджытæ хъуамæ уой змæлаг тых, кæцыйы хъаруты руаджы фæстиуджытæ къухты хъуамæ бафта», – дзырдта минæвар.

Бибылты Анатоли куыд банысан кодта, афтæмæй Хуссар Ирыстон бæрнон ахаст дары ацы куыстмæ. Фæлæ уыцыиу рæстæджы Гуырдзыстоны къухдариуæгады рдыгæй ницахæм ивындзинæдтæ æмæ тырнындзинад хынцыд нæ цæуы ацы проблемæ аскъуыддзаг кæныны хъуыддаджы.

«Мах хъуамæ æмбарæм уый, æмæ цасфæнды ма æмбæлæм, цасфæнды ма уынаффæ кæнæм, уыдон эффективон нæ уыдзысты, фæстиуджытæ куынæ уа, уæд. Ноджыдæр нысан кæнын уый, æмæ гуырдзиаг фарс æппындæр кæй ницы архайы, уый бирæ фарстытæм ахасты рахизы политикон æмвæзадмæ. Уый, сæрмагондæй, хауы ацы фарстмæ дæр.

Ноджы æмæ ноджы Гуырдзыстоны къухдариуæгады ‘рдыгæй ницы ивындзинæдтæ нæ уынæм ацы проблемæ æрбæстон кæныны хъуыддаджы», – банысан кодта Президент.

Дэниэль Максуинийы снысанæй уый ныфс бавæрдта, зæгъгæ, куыст ног æмвæзадмæ рахиздзæн æмæ фендзыстæм Сырх Дзуары эффективон æхсæнахаст æмæ Гуырдзыстоны фарсæрдыгæй ацы проблемæмæ ахасты бæрæг ивындзинæдтæ.

Уый ма банысан кодта, зæгъгæ, æрвылхатт дæр Хуссар Ирыстонæй æбæрæгæй сæфт æмбæстæгты ссарыны фарстыл дзырд цæуы Женевæйы дунеон дискусситы рæстæджы, фæлæ уым дæр фæстиуджытæ нæй.

«Нæ партнерты ‘рдыгæй ацы проблемæмæ ахаст нæ тынг ды-зæрдыджы æппары. Ноджыдæр æй, хъыгагæн, нысан кæнын, абоны онг иунæг адæймаг дæр кæй нæ æрбаздæхтам Хуссар Ирыстонмæ», – банысан кодта бæстæйы сæргълæууæг.

Comments are closed, but trackbacks and pingbacks are open.