Ирон адæм сæ хъысмæтæй хъуамæ бузныг уой – нæртон, уæздан, бæркадджын æмæ сын рæсугъд æвзаг  ис. Мах фæлтæрты та йæ хъæуы цæсты гагуыйау хъахъхъæнын. Алы адæм дæр архайынц сæ национ æвзаг рæзын æмæ хъæздыг кæныныл.

Лæмбынæг ахуыр кæнын цæмæн хъæуы æвзаг, уый фæдыл нын сæ хъуыдытæ загтой:

Цхуырбаты Мисурæт – ирон æвзаджы ахуыргæнæг

«Алы адæмæн дæр тулдз­бæласау ис уидæгтæ, зæнг æмæ къалиутæ. Уидæгтæ сты йе ‘взаг, зæнг – йе ‘гъдæуттæ, къалиутæ та – йæ царды мидис.

Фидар уидаг бæласæн йæ къалиутæ куы ныццæгъдай,  уæд та йæ зæнг ног  къабæзтæ рауадздзæн, зæнг ын куы алыг кæнай, фæлæ йæ уидæгтæ цардхъом куы уой, уæд та тау суадздзысты æмæ йын зæнг дæр уыдзæн æмæ къалиутæ дæр. Фæлæ йын йæ уидæгтæ куы ныллыг кæнай æмæ куы бахус уой, уæд æрцыд йæ сæфт. Ахæм хъысмæт ис алы адæмæн дæр, йæ фидæнаразæг сты йæ уидæгтæ – йе ‘взаджы цардхъомдзинад. Уымæ гæсгæ  у хъахъхъæнинаг, буцæй даринаг. Алы адæмыхаттæн дæр йæ нацийы бæрæггæнæнтæ сты мадæлон æвзаг, культурæ, цардыуаг, зондахаст æмæ цæрæнбынат. Уыдонæй се ‘ппæтæй сæйрагдæр у мадæлон æвзаг. Алы адæм дæр сæхи ‘взагыл хуыздæр æмбарынц кæрæдзи. Мадæлон æвзагыл аразынц æхсæнады æгъдæуттæ, бæрæгбæттæ, цин æмæ зианы хабæрттæ. Сæ мадæлон æвзагыл цы адæм нæ дзурой, уыдон ныллæудзысты сæфты фæндагыл. Абон мах куы нæ бахъахъхъæнæм нæ мадæлон æвзаг, нæ культурæ æмæ нæ традицитæ, уæд фесафдзыстæм нæ историйы дæр.

Болататы Андрей – пенсионер

Цард алы æхсæнады размæ дæр æвæры æнæмæнг лыггæнинаг фарстатæ. Иу æхсæнад дæр куыдфæндыйы цæстæй нæ кæсы йæ фидæнмæ. Иу куырыхон афтæ загъта: «Адæмæн сæ егъаудæр хъæздыгдзинад у се ‘взаг». Цæмæй сывæллæттæ уыцы егъау хъæздыгдзинадæй бындурон зонындзинæдтæ исой, уый тыххæй хъуамæ ахуыр кæной мадæлон æвзаг. Уый та канд дзурын, кæсын æмæ фыссын базонын кæнæ ирон адæмы истори æмæ культурæ сахуыр кæныны фæрæз нæу, фæлæ йын ис егъау этикон æмæ эстетикон ахадындзинад дæр.

Зæрдæ сриссы, сывæллæттæ мадæлон æвзагыл куы нæ фæарæхсынц, ноджы ма иронау кæй фæдзурынц, уыцы ныхæстæй бирæты зонгæ дæр куы нæ фæкæнынц, уæд.

Æхсызгон мын вæййы, ныййарæг йæ хъæбултимæ хæдзары иронау куы фæдзуры æмæ йын чысылæй фæстæмæ куы бауарзын кæны йæ национ культурæйы сæйрагдæр хæзна – мадæлон æвзаг.

Алы адæймаг дæр мадæлон æвзаджы хъæздыгдзинад, йæ ахадындзинад хъуамæ хата. Уый та уыдзæн æрмæстдæр кæд райдиан кълæстæй фæстæмæ æппæт предметтæ дæр ахуыр кæна иронау. Ныхас бирæ цæуы ацы ахсджиаг хъуыддагыл, фæлæ йын, æвæццæгæн, знæт дуг æмæ къуындæг материалон уавæртæ фадат нæ дæттынц.

Остъаты Алинæ – амалиуæггæнæг

Хъыгагæн, Ирыстоны цæрæг ныййарджытæй бирæтæ куыдфæндыйы цæстæй кæсынц ма­дæ­лон æвзагмæ, стæй ирон æвзаджы уроктæм. Хæдзары сæ сывæллæттæм иронау нæ дзу­рынц, ноджы ма сæ алы æфсæнттæй уæгъд кæнынц ирон æвзаджы уроктæй, Чъребайæ фалдæр, дам, кæм хъæуы ирон æвзаг, зæгъгæ. Уымæ гæсгæ нын ныртæккæ ис æвзæр уавæры. Кæд ма хъæуты дзурынц сабитæ иронау, æндæр горæттаг скъолаты стæмты фехъусдзынæ ирон ныхас. Уый хыгъд фæсарæйнаг æвзæгтæ ахуыр кæнынмæ тынг аздæхтой се ‘ргом. Кæй зæгъын æй хъæуы, нырыккон царды уый ахсджиаг у, фæлæ адæймаг, æнæмæнгæй хъуамæ зона йæхи æвзаг. Фылдæр дзурын хъæуы мадæлон æвзагыл, уымæн æмæ уый у нацийы ирвæзынгæнæг.

Бибылты Мальвинæ – медицинон хо

Ирон адæм кæддæриддæр фидыдтой хорз æгъдæуттæй, цыфæнды мæгуырæй дæр хиуылхæцгæ æмæ уæздан уыдысты. Фæлæ æхсæнадон-политикон цард, дуг ивынц æмæ адæм дæр фæивтой. Фыццаджы фæивта зондахаст. Ацы æвзæрдзинæдты «автортæ» сты Ныгуылæн бæстæтæ. Интернет ресурстæ, стæй телеуынады каналтæй бирæты æвдисынц тыхмитæ, лæгмæрдтæ, наркомани, фыднозт, сайын, стъигъын… фæсивæд та æмхиц сты æппæрццаг хъуыддæгтыл фæцайдагъмæ. Адæттæ иууылдæр сты аиуварс кæнинаг, семæ хъæуы тох кæнын.

Иуæй-иу ныййарæг, хъыгагæн, архайы æрмæстдæр йæ сывæллонæн йæ гуыбын бафсæдыныл, æндæр æй ницы хъæуы, зæгъгæ. Бонизæрмæ йæ рæстæг кæм æмæ куыд æрвиты, ууыл та хъуыды дæр нæ кæны.

УАЗÆГТЫ Марфа

Добавить комментарий

Ваш адрес email не будет опубликован. Обязательные поля помечены *

Этот сайт использует Akismet для борьбы со спамом. Узнайте, как обрабатываются ваши данные комментариев.