2008 азы август… Трагикон, уæлахизхæссæг æмæ циндзинады мæй… Ацы æртæ ныхмæвæрд дзырды кæрæдзийы фарсмæ уæвынад кæнынц 2008 азы августæй фæстæмæ… Æртæ зæрдылдарæн боны – 8, 12 æмæ 26-æм августы ныр иуæндæс азы дæргъы хуссарирыстойнаг цæрджытæн нысан кæнынц хъынцъымы, уæлахизхæссæг æмæ циндзинады символтæ. Гæнæн ис æмæ ма уыдаид 26-æм август, 2008 азы 8-æм август æмæ уый размæ дæргъвæтин 19 азы дæргъы сæрибардзинады сæрыл тохы хуссарирыстойнаг адæм гуырдзиаг фашизмæн куынæ бафæрæзтаиккой, уæд.

2008 аз, 26 август. Ацы бон райсомæй ницы уый бæрц хицæн кодта хæсты фæстæйы иннæ бонтæй.  Уыцы бон пырх Цхинвалы уыд æнахуыр тæвд бон. Кæд мæлæтхæссæг æхстытæ нал хъуыстысты, уæддæр-иу рæстæгæй-рæстæмæ райхъуыстысты, сапертæ цы снарядтæ пырх кодтой, уыдоны гуыбар-гуыбур, кæцытæ зæрдæйыл лæууын кодтой дыууæ къуырийы размæйы хæстон трагикон цауты тыххæй. Æгæрыстæмæй, адæймагмæ афтæ каст цыма цъиутæ дæр нал зарынц æмæ бæлæстæ дæр нал зайынц сыгъд Цхинвалы. Хæст фæци, фæлæ дарддæр уавæр куыд уыдзæн, уый бæлвырдæй ничи зыдта. Алчидæр æнхъæлмæ каст ног хабæрттæ фехъусынмæ. Адæмæй бирæтæ дзырдтой, зæгъгæ, ма нæ горæт, æмткæй нæ республикæ йæ къахыл кæд слæудзæн. Иутæ та хъуыды кодтой, зæгъгæ, нæ Уæрæсе афтæ нæ ныуадздзæн æмæ тагъд рæстæджы нæ горæт, нæ республикæ дидин калдзæн. Хуссар Ирыстоны цæрджытæ иууылдæр Уæрæсейы нымайынц æфсымæрон бæстæйыл, историон æмæ монон æгъдауæй æввахс бæстæйыл æмæ сæ уымæ гæсгæ стыр ныфс уыд Уæрæсейы Федерацийæ. Фæлæ уал уæдмæ адæм, уæззау хъизæмæрттæ бавзарыны фæстæ, сындæггай се ‘муд цыдысты æмæ, кæмæн куыд йæ бон уыд, афтæ архайдта хæсты уæззау фæстиуджытæ æмæ фæдтæ аиуварс кæныныл.

2008 азы 26-æм августæй ныр рацыд 11 азы… Кæй зæгъын æй хъæуы, рацæудзæн ноджыдæр фылдæр рæстæг, дæсгай азтæ, фæлæ ацы бон цæрæнбонтæм баззайдзæн Хуссар Ирыстоны историйы æмæ адæмы мысынады. Фактон æгъдауæй мах æрмæстдæр 26-æм августы бамбæрстам, гуыр-дзиаг-ирон ныхмæлæуды дæргъвæтин азты Хуссар Ирыстоныл цы зиæнттæ æрцыд, уыдон æнæхъуаджы кæй нæ фесты. Уыцы дæргъвæтин азты дæргъы никæйы уыр-ныдта Уæрæсе нын нæ хæдбардзинад банымайдзæн, уый. Фæлæ, Хуссар Ирыстоны хæдбардзинад банымайыны тыххæй уынаффæ ист æрцыд æнæмæнг-хъæуæг политикон æмæ геополитикон реалитæм гæсгæ. Æндæр ныхæстæй та зæгъæн ис афтæ дæр, æмæ Хуссар Ирыстоны хæдбардзинад банымайын æнæмæнгхъæуæг ссис Уæрæсейæн йæхицæн дæр. 26-æм августы райсомæй,  куыд хæсты фæстæ иннæ бонты, афтæ адæм æмбырд кодтой сæ кæртыты, цыран хæсты бонтæй фæстæмæ газ æмæ электрон рухс кæй нæ уыд, уымæ гæсгæ пецтыл фыхтой, цы продуктты фæсауæрц-тæ ма сæм баззад, уыдонæй æмæ уыцы иурæстæджы уынаффæ кодтой республи-кæйы политикон уавæрыл. Арæх хъуыст риторикон фарст: «Цас туг ма хъуамæ ныккæла, цæмæй нын банымайой нæ хæдбардзинад?». Цæрджыты ‘хсæн уыд оптимист-тæ, кæцытæ дзырдтой, зæгъгæ, нын, æвæццæгæн, нæ хæдбардзинад банымай-дзысты 20-æм сентябрмæ кæнæ та гæнæн ис раздæр. Фæлæ, зæгъ, нын цахæм бæрæгбон хъуамæ уа, кæд æмæ фæмард-уæвджытæн сæ 40 бонтæ дæр нæма ацыдысты, уæд. Сæ зæрдæтæ рыстысты сæ хъæбулты трагикон амæлæтимæ царды нысан цы мæдтæ фесæфтой, уыцы саударæг ныййарджытæн, сæ зæрдæтæ рыстысты се ‘ввахс хиуæтты, сыхæгты чи фесæфта, æмткæй хæсты рæстæджы горæты чи баззад, уыдонæн. Æрмæстдæр цин кодтой, горæт-хъайтары ма цы сывæллæттæ баззадысты, уыдон. Сæ зæрдæмæ цыдысты, горæты уынгты цы танкæтæ, æндæр хæстон техникæ баззад, уыдон æмæ сæ алыварс ралидз-балидз кодтой цымыдисимæ сæм кастысты..

Æвæндонæй адæймаг акæсы фæстæмæ, 19 азы дæргъы цы уæззау фæндæгтыл рацыдыстæм, уымæ. Зæрдыл æрлæууы 1992 азы 14-æм июль, уæд горæтмæ æрбацыдысты уæрæсейаг фидауынгæн-джытæ æмæ 2008 азы август, уæд та æрбацыдысты регулярон уæрæсейаг æфсæдтæ. 2008 азы августы Хуссар Ирыстоны тынг æнхъæлмæ кастысты уырыссæгтæм, уымæн æмæ сæ нымадтой уыцы иунæг тыхыл, кæцы фервæзын кодтаид адæмы æгъатыр геноцидæй. Адæмы уырныдта Уæ-рæсе сæ иунæгæй кæй нæ ныууадздзæн, уый, фæлæ цы рæстæджы æрбацæудзæн, уый ничи зыдта. Алчидæр куывта Стыр Хуыцаумæ, цæмæй ирон хъæбатыр лæппутæ æмæ адæм бафæрæзтаиккой знаджы тыхархайдтытæн цалынмæ Уæрæсейы æфсад не ‘рбацыдаиккой, уæдмæ. Æмæ бафæрæзтой нæ хæстон лæппутæ, бафæрæзтой иууылдæр…

Операци «Сыгъдæг быдыр»-ы планмæ гæсгæ гуырдзиаг æфсад хъуамæ Цхинвалы бацахстаид 12 сахатмæ æмæ йыл æххæстæй контроль кодтаид. 72 сахатмæ та план кодтой Хуссар Ирыстоны æнæхъæн территорийыл контроль кæнын. Фæлæ сын сæ плæнттæ сæ хъуыры фæбадын кодтой ирон хъæбатыр лæппутæ, кæцытæ бацыдысты знагимæ æнæмсæр тугуарæн тохы. Иутæ тохы бацыдысты горæты бæр-зæндты, иннæтæ та – Цхинвалы уынгты. Æнахуыр диссаджы хæстон удыхъæд равдыстой, сæрбахъуыды рæстæджы ирон лæппутæ.

Арæх адæймаг ахъуыды кæны, зæгъгæ, куыд сæ бон бацис сæхицæй бирæ фылдæр чи уыд, стæй алыгъуызон хæстон техникæйæ ифтонг чи уыд, танкæтæй райдайгæйæ æмæ суанг хæдтæхджытæй фæугæйæ, уыцы знæгты ныхмæ фæлæууын.

Ноджы ма йæ зæгъон, 300 спартаконтæй ирон лæп-путæ равдыстой стырдæр хъæбатырдзинæдтæ, уымæн æмæ уыдон 300 дæр нæ уыдаиккой, стæй знаджы танкæты ныхмæ та хæцыдысты автоматтæй!  Фæлæ, æвæццæгæн, Стыр Хуыцау дæр рæстдзинады, чысылнымæц ирон адæмы æвварс рахæцыд, æндæргъуызон ын бамбарæн нæй…

Æмæ æрбалæууыд 26-æм август. Боны æртæ сахатыл бынтон æнæнхъæлæджы фехъуыстам Уæрæсейы Фе-дерацийы Президент Дмитри Медведевы ныхæстæ, кæцытæм æнхъæлмæ кастыстæм бирæ, тынг бирæ азты дæргъы. «Æз мæ къух æрфыстон Барамындыл Абхаз æмæ Хуссар Ирыстоны хæдбардзинад банымайыны тыххæй»… Хæствæллад адæм фырцинæй цы сарæзтаиккой, уымæн ницыуал зыдтой, адæм зонгæйæ, æнæзонгæйæ кæрæ-дзийæн пъатæ, хъæбыстæ кодтой. Цин кодтам, æнусты дæргъы хуссайраг ирæттæ цæмæ бæллыдысты, ирон адæм йæ тугæй кæй балхæдта, уыцы хæдбардзинадыл. Горæт æхст, хъæлæба фестад, уынгты ахизæнтæ нал уыд, фæлæ ацы хатт нæ хæстон лæппутæ кодтой цины æхст. Адæмы цинæн ма кæм уыди кæрон, кæрæдзимæ хæрзæгкурæггаг цыдысты. Театралон фæзуаты адæм æрæмбырд сты æмæ æгæрон цин кодтой тугæй æлхæд хæдбардзинадыл. Фæстаг азты ахæм стыр циндзинад никуыуал банкъардтой Хуссар Ирыстоны цæрджытæ æмæ цин кодтой, кæд нырма сæ цæсгæмттыл æрхæндæгдзинады æнкъа-рæнтæ зындысты, уæддæр. Бацыди сæ царды ныфс, бацыди сæ рухс фидæны ныфс æмæ нæ фæрæдыдысты.

Кæй зæгъын æй хъæуы, Уæрæсейы къухдариуæ-гадæн ацы уынаффæ райсын хуымæтæджы нæ уыд. 2010 азы августы гуырдзиаг æмæ уæрæсейаг дзыллон информацийы фæрæзтæн, Дмитри Медведев куыд банысан кодта, уымæ гæсгæ, сæ нæ фæндыд Гуырдзыстонимæ ахастытæ фæкарздæр кæнын: «Если бы не эта идиотская авантюра (война августа 2008 года), то этот очень сложный политический процесс, можно было тянуть еще годами и, в конце концов, вырулить на преем-лемое, наверное, для всех решение».

Хæстæфхæрд æмæ æн-къард Хуссар Ирыстон алырдыгæй йæ туджы мæцгæ хъæдгæмттæй хъæрзыдта æмæ йын æвдадзы хосау фæци, Стыр Уæрæсе йын йæ хæдбардзинад кæй банымадта, уый. Æппынфæстаг æфхæрд ирон адæмыл æрцыд стыр хæрзиуæг, сæх-хæст се ‘нусон бæллиц, сæ къухты бафтыд, дæргъвæтин азты дæргъы удуæлдай тох цæуыл кодтой, уый – ирон тугæй æлхæд сæрибардзинад. 2008 азы 26 августæй фæстæмæ Республикæ Хуссар Ирыстоны цæрджытæ се ‘ппæт дæр райстой юридикон æгъдауæй хæдбар паддзахады æмбæстæгты нæмттæ.

        Джиоты Екатерина

Comments are closed, but trackbacks and pingbacks are open.