24 июны Хуссар Ирыстоны паддзахадон университеты ректор Тедеты Вадим йæхимæ райста, æрæджы Мæскуыйы æвзонг политологты 8-æм æхсæнадон скъоламæ, Хæдбар паддзахадты æмхæларады историон æмæ культурон иудзинæдты хайадмæ кæй арвыста, уыцы студентты: Джиоты Альбинæ, Санахъоты Алексей, Харебаты Артур æмæ Тъехты Дзерассæйы.

Райдианы ректор банысан кодта, зæгъгæ, ахæм къахдзæф кæй сарæзтам, загъд-гонд цалдæрбонон ахуыртæм нæ университеты студенттæй кæй арвыстам, уымæй бакодтам раст.

«Уымæн æмæ мах не ’ппæт дæр уынæм, не ’взонг паддзахады æппæт дæр размæ кæй цæуы, иуæй-иу къабæзты абон дæр йе ’нтыстытæй зæрдæ кæй рухс кæны, уый. Нырæй фæстæмæ цæмæй ноджыдæр размæ цæуа, уый тыххæй мах не ’ппæты дæр хъæуы хуыздæр архайын, уæлдайдæр та — æрыгæтты, ахуырмæ рæвдз чи у, æмæ хатдзæгтæ аразынмæ æвзыгъддзинæдтæ кæмæн ис, ахæм æрыгон фæлтæрты. Рæхджы нæ университеты боны хайады гом æрцæудзæн æмæ кусын райдайдзæн политологон хайад. Ныридæгæн уый тыххæй арæзт æрцыдысты ахсджиаг хъуыддæгтæ. Ардæм, кæй зæгъын æй хъæуы, хондзыстæм æмæ исдзыстæм, скъолаты хорз чи ахуыр кодта, хицауадон уагдæтты кусынмæ йæ ныфс чи хæссы æмæ чи уарзы, ахæмты. Уырны мæ, нæ хъуыдытæ æххæст куы æрцæуой, уæд ацы хайад кæй фæахъаз уыдзæн нæ республикæйы политикон цардæн, уый. Уыимæ ма зæгъæн ис, æмæ сымах ныри-дæгæн стут цæттæ специалисттæ».

Йæ ныхасы Джиоты Альбинæ банысан кодта, зæгъгæ, мæ райдианы, Вадим Ботазы фырт, сымахæн зæгъын фæнды бузныг, къорды уæнгты ’хсæн æз дæр кæй разындтæн, уый тыххæй. Ацы цалдæр боны, куыд мæнæн, афтæ ме ’мбæлттæн дæр нæ царды фæахъаз уыдзысты бирæ цæмæндæрты. Сæй-раджы уымæн, æмæ арфдæр бауарзтам æмæ банкъардтам политологон ахуырдзинад, уый куыд ахадгæ æмæ ахсджиаг у, уый. Уымæй дарддæр ма нын фадат фæцис Сомихстон, Таджикистан, Беларусь, Хъыргъызтан, Приднестровьейæ æрцæуæг студенттимæ базонгæ уæвын, сæ хъуыдытæ æмæ сын фæндтæ базонын. Базонгæ стæм семæ æмæ куыд аскъуыддзаг кодтам, уымæ гæсгæ рæстæгæй-рæстæгмæ хъуамæ телефонты æххуысæй фæрсæм кæрæдзи æмæ дзурæм нæ паддзахæдты рæзт æмæ размæцыды тыххæй.

Альбинæ ма банысан кодта уый дæр, æмæ арф тæлмæнтæ кæй райста, æндæр паддзахадты минæвæрттимæ цы культурон мадзæлтты истой хайад, уымæй дæр.

Ацы æмæ ма æндæр хъуыдытæ дзырдтой иннæ раныхасгæнджытæ дæр.

Курсытæ фæуыны тыххæй, куыд иннæ паддзахадты минæвæрттæн, афтæ цхинвайлаг студенттæн дæр лæвæрд æрцыд сертификаттæ.

Гæззаты Иван

Comments are closed, but trackbacks and pingbacks are open.