2004 азы 3-æм сентябры Беслæны скъолайы амынæтты ирвæзын кæнгæйæ, фæмард сты сæрмагонд дæлхæйттæ «Альфа» æмæ «Вымпел»-ы 10 кусæджы. Уæды онг ацы дæлхæйттыл уыйбæрц уды зиæнттæ никæцы ирвæзынгæнæн операцийы рæстæджы æрцыд.
Æрæджы мын Беслæны цæрæг, ме ‘ввахс хион радзырдта йæ зонгæ сылгоймаг, раздæры амынæт Уазæгты Еленæйы тыххæй. Чызджы, дам, аирвæзын кодта «Альфа»-йы кусæг Александр Перов. Афтæ ма уый йæ царды аргъæй бахъахъхъæдта æндæр сывæллæтты цард дæр. «Перов куы нæ уыдаид, уæд абон сæрæгас нал уыдаин. 3-æм сентябры срæмыгъд куы æрцыд, уæд мæ бон нал уыд уæлæмæ сыстын. Арты æвзæгтæ мæм æрбаввахс сты, райдыдтон судзын. Æрбалыгъдысты нæм «Альфа»-йæ. Бахъуыды дзы кодтон Александр Перовы. Уый мæ фервæзын кодта мæлæтæй. Мæ зæрдæ æвзæр кодта, бирæ туг фесæфтон. Перов мæ фелвæста астæрдæй æмæ мæ рудзынгæй адæтта. Срæмыгъды рæстæджы мæ хо та уыд хæрæндоны æндæр сывæллæттимæ. Террористтæ уырдæм баппæрстой гранат, Александр Перов йæ буарæй бамбæрзта сывæллæтты. Уыдон махæн сарæзтой, гæнæн цæмæн нæ уыд, уый», – арæх æрæмысы уыцы тæссаг цаутæ Уазæгты Ленæ.
Мæ хæстæг мын куыд радзырдта, афтæмæй 2022 азы сентябры Уазæгты Еленæ ацыд Мæскуымæ æмæ дидинджытæ сæвæрдта, Беслæны «Альфа» æмæ «Вымпел»-æй чи фæмард, уыцы хъайтарты уæлмæрды. Сæркъулæй дæргъвæтин рæстæджы фæлæууыд йæ ирвæзынгæнæг Сашайы цырты раз.
Советон Цæдисы æмæ Уæрæсейы хъайтарты музейы æвæрд сты УФ-йы хъайтар, управление «А» («Альфа»)-йы 1-аг хайады оперативон къорды хистæр, майор Александр Валентины фырт Перовы хисæрмагонд дзаумæттæ. Хъайтары Стъалы, Хъæбатырдзинады орден, майдантæ, афтæ ма радиостанц, пейджер æмæ æндæртæ, æппæт уыдон уыдысты иууыл уæззаудæр уысмы беслæйнаг сывæллæтты боевикты нæмгуытæй йæ буарæй чи бамбæрзта, уыцы æцæг хъайтары. «Альфа»-йы æвзонг афицер уыд бирæнымæц контртеррористон операциты хайадисæг.
Уæрæсейы æмæ Беслæны фидæны хъайтар райгуырд советон Эстонийы горæт Вильяндийы булкъоны бинонты ‘хсæн. Йæ фыд Валентины æфсæддон службæмæ гæсгæ, бинонтæ цыдысты иу горæтæй иннæмæ. Спортивон, нысанмæтырнæг лæппу йæ разы æвæрдта бирæ хæстæ. Афтæ уыд скъолайы, афтæ уыд спорты, афтæ уыд службæйы дæр. 1977 азы Александры фыд, булкъон Валентины ракодтой Мæскуымæ, Фрунзейы номыл æфсæддон академимæ – æфсæддон кадрты сæйрагдæр куырдадзмæ.
Орехово-Борисовойы 937-æм скъолайы ахуыр кæнгæйæ, Перов Александр фидарæй аскъуыддзаг кодта æфсæддон суæвын æмæ тынг хорз нысæнттыл фæлварæнтæ радта Мæскуыйы уæлдæр иумæйаг æфсæддон командон ахуыргæнæндонмæ. Ахуыр кодта стыр цымыдисимæ æмæ тынг хорз нысæнттыл. 1994 азы уалдзæджы райдыдта æмбуар хæстæй архайын. 1995-æм азы клубты ‘хсæн Мæскуыйы чемпионаты Перов бацахста призон бынат. 1996 азы рауагъдон фæлварæнты размæ, ахуыргæнæндонмæ æрбацыд къамис «Альфа»-йæ, агуырдтой кадртæ. Фынддæс кандидаты фæлварæн лæвæрдтой физикон цæттæдзинадæй: æртæкилометрон кроссы норматив дæс минутмæ алидзын, сæдæ хатты хи сисынæй æмæ а.д. Æмæ ноджы хæстон спарринг дæлхайы кусджытимæ. Афтæ ма уагъд цыд тест æртæ сæдæ фарстайæ æмæ уыдонæй сæ 90 процентæн Александр сдзуапп кодта раст – исæн балл та уыд 75. Афтæмæй фынддæс бархионæй «Альфа»-мæ райстой æрмæстдæр иу адæймаджы. Тест рацæуыны фæстæ Сашайы бафарстой: «Цæттæ дæ амынæтты ирвæзын кæныны рæстæджы дæ цард радтынмæ?». Уый фидарæй загъта, зæгъгæ, цæттæ дæн.
Æнтыстджынæй паддзахадон фæлва-рæнтæ ратгæйæ Перовы бахастой элитон спецдæлхайы хыгъдмæ. Спецназы службæ райдыдта кæстæр оперæххæстбарджыны бынатæй æмæ ссис оперкъорды хистæр. Командировкæтæй сæ иуы рæстæджы спецназонтæ спырх сты фугасыл. Перов райста тыхджын контузи, æвзæр хъусын райдыдта йæ иу хъусæй. Куы сдзæбæх ис, уæд та Цæгат Кавказмæ йæ командировкæтæ сног сты. Александр хайад иста Комсомольскоейы хъæуы сæрыл карз тохы, уый бахъуыд йе ‘мбæлтты бахъахъхъæныны сæр. Æххæстæй куынæг æрцыд быдырон командир Руслан Гелаевы бандæ, цыран уыд цалдæр сæдæ хорз бацæттæгонд боевикы.
«Норд-Ост»-æй Беслæны онг
2002 азы террористтæ бацахстой Мæскуыйы Дубровкайы театралон центр. Майор Перов æртæ суткæйы хæдзары нæ уыд. 26-æм октябры райсом раджы уагъд æрцыд бæстыхайы комбинацигонд штурм. Перов æмæ ма ноджы фондз кусæджы архайдтой иууыл вазыгджындæр æмæ тæссагдæр фадыджы – сценæмæкæсæн залы. Уым бæстыхайы центры æвæрд фæндзай килограммы бомбæйы срæмыгъды тæссагдзинады бын уыдысты 700 адæймаджы бæрц. Террористты æмæ «шахидкæты» скуынæг кæнгæйæ, спецназонтæ æрæвнæлдтой амынæтты эвакуацимæ. 40 минуты дæргъы уыдон æддæмæ хастой адæмы. «Норд-Ост»-ы тыххæй майор Перов хорзæхджын æрцыд Хъæбатырдзинады орденæй.
Фæстаг командировкæ
2004 азы 16 августы къорд ацыд Цæгат Кавказмæ. Александр ацы хатт ма хъуамæ атахтаид: 1-æм сентябрæй йын хъуамæ райдыдтаид ахуыр æдасдзинады федералон службæйы академийы. Фæлæ йын бахæс кодтой, куыд оперативон къорды командир, афтæ семæ атæхын. Кусджытæ сæ фылдæр уыдысты æвзæнгтæ, фаг фæлтæрддзинад сæм нæ уыд. Перов уайтагъд сразы ис æмæ ацыд «Альфа»-йы аст азы службæйы дæргъы йæ дæсæм командировкæйы. Уый фæстæ æрцыд нæ дуджы историйы иууыл тæссагдæр цаутæй сæ иу.
2004 азы 1-æм сентябры «булкъон» Ортсхоевы лæгмарты къорд бацахста Беслæны фыццæгæм скъола. Æртæ боны дæргъы террористтæ бæстыхайы дардтой 1128 амынæты – сывæллæтты, ныййарджыты æмæ ахуыргæнджыты. Александр Перовы къорд æнæхъæн хайадæй боны æмбисы Ханкалайæ æрбацыд Беслæнмæ. Æмæ куыд командиртæй сæ иу, афтæ Перовæн бахæс кодтой пулеметчиктæ, снайпертæн бынæттæ сбæрæг кæнын, æхсæн бынæттæ сын сифтонг кæнын. Уый федта, террористтæ скъолайы мидæг сæрибарæй куыд цыдысты æмæ минæтæ куыд æвæрдтой. Фехсæн сæ нæ уыдис, уымæн æмæ алы фæмардуæвæг террористы тыххæй æртхъирæн кодтой фæндзай амынæты амарынæй. «Альфа» æмæ «Вымпел»-ы кусджыты иу хай лæмбынæг репетици кодтой сыхаг хъæуы ахæм бæстыхай бацахсыны фæдыл.
3-æм сентябры 13 сахатыл скъоламæ уæлвæткон уавæрты министрады кусджытæ машинæйыл куы бацыдысты, цæмæй террористтимæ къухыбафтгæ бадзырдмæ гæсгæ бандиттæ уынгмæ кæй раппæрстой, уыцы амынæтты мæрдтæ раластаиккой, уæд, спортивон залы æрцыд тæссаг цау. Тыхджын тæвды нæ бафæрæзта баскетболон къалатимæ ныхæст скотч. Ууыл фидаргонд уыдис рæмудзæн æрмæг. Æрцыд срæмыгъд. Террористтæ афтæ фенхъæлдтой, зæгъгæ, райдыдта бæстыхайы штурм æмæ спырх кодтой ноджы иу егъау заряд. Иу минуты фæстæ скъолайы раз зынын райдыдтой тугæйдзаг сывæллæттæ æмæ сылгоймæгтæ. Бандиттæ сæ æхсын райдыдтой фæстийæ. Перовы къорды хъуыд фыццæгæм уæладзыджы хатæнтæ æмæ хæрæндон бандиттæй асыгъдæг кæнын. Æндыгъддзинад тынгæй тынгдæр кодта. Боевиктæ лæвæрдтой тыхджын ныхкъуырд. Рудзгуыты ‘рдæм агæпп кæнгæйæ, спецназонтæ федтой скъоладзауты: гом рудзгуытæй сæхи радаргæйæ, сæ къухты тылдтой урс гæппæлтæ æмæ хъæр кодтой: «Ма æхсут, ам уыдон бирæ сты!». Уæд Александр Перов йе ‘мбæлттимæ, рудзгуыты бын слæууыд æмæ райдыдта сывæллæтты рудзгуыты тæрхджытæй зæхмæ исын, уыцы иурæстæджы боевикты дзуаппон æхст кæнгæйæ.
Хъуыд хæрæндонмæ баирвæзын. Перов батахт рудзынгæй, йæ бон ссис уæлæмхас хатæны цур боевикы амарын. Райдыдта карз тох. Хæрæндоны уыд æппынкъаддæрæй 70 æдых сывæллоны. Ахæм уæззау уавæры спецназонтæ асыгъдæг кодтой тыгъдад. Перов дыууæ кусæгимæ цыдис разæй, террористтæн ныхкъуырд дæтгæйæ. Афтæ зынд, цыма къорды раз цы хæслæвæрд уыд, уый сæххæст кодтой æнæ уды зиæнттæй. Фæлæ та ног хæслæвæрд: бæстыхайы рахиз фарс иууылдæр асыгъдæг кæнын. Цыбыр рæстæгмæ къухты бафтыд бандиттæй цыппар къласы ссæрибар кæнын. Æрæвнæлдтой кинозалы асыгъдæг кæнынмæ дæр. Прапорщик Олег Лоськов хатæнмæ баппæрста дыууæ гранаты. Срæмыгъдтыты фæстæ, хъуамæ бахызтаид мидæмæ, фæлæ йыл уæдмæ суагътой автомат. Перовæн йæ къах фæцæф æмæ къуылыхгæнгæ балыгъд Олегмæ æмæ йæ раласта къæлидоры асинты цурмæ. Æххуысмæ сæм балыгъдысты «Вымпел»-ы дыууæ кусæджы. Уæдмæ рыг къæлидорæй, «Аллах акбар» хъæргæнгæ, ралыгъд террорист æмæ сыл суагъта автоматы æнæхъæн магазин.
Уæззау цæф уæвгæйæ, ма Александр бæргæ æрхæцыд автоматыл, фæлæ фесты йæ гилдзытæ. Перовæн бронежилетæй дæлдæр йæ гуыбын фæцис дыууæ цæфы. Иннæ спецназон сцæф кодта боевикы. Уый гранат баппæрста хæрæндонмæ æмæ йæхи бааууон кодта. Тыхджын рыстмæ æнæкæсгæйæ, Перовæн йæ бон ссис хæрæндонмæ багæпп кæнын æмæ сывæллæтты нæмгуытæй йæ буарæй бамбæрзын.
Афтæ фæмард майор Перов. Цыдис ыл æрмæстдæр 29 азы. Йæ амæлæты фæстæ Перов Александрæн саккаг кодтой Уæрæсейы хъайтары ном. Йæ ном хæссы мæскуыйаг скъолатæй иу, йæ номыл ын схуыдтой Горьковскы æфсæнвæндаджы электропоезд. Йæ ном хæссы, йæ ныййарджыты хæдзар кæм ис, уым – Михаленинойы хъæуы уынг. Сывæллæтты æнæнизгæнæн-ахуырадон центр дæр хæссы Уæрæсе æмæ Беслæны хъайтары ном…
ДЖИОТЫ Екатеринæ