Знауыры районы цалдæр азы размæ цы дыууæ æртæуæладзыгон корпусы сырæзт, уыдонмæ хæстæг уыд сæрибар фæзуат æмæ ныр та уым сырæзт корпустæм æнгæс ноджы иу æртæ-уæладзыгон хæдзар.
Æмткæй республикæйы, æмæ Знауыры районы дæр цæрæнуатон проблемæ нырма ис фыццаг бынаты. Уымæн æмæ 30 азы дæргъы социалон хæдзæртты арæзтад районы нæ цыдис. Знауыры поселочы бирæ ис, сæ бон сæхи фæрæзтæй хæдзар саразын, кæнæ сæ цæрæнуатон уавæртæ фæхуыздæр кæнын æнæ хицауады æххуысæй кæмæн нæу, ахæм бинонтæ. Цæры дзы, Гуырдзыстоны мидæггаг районтæй 1991 азы чи ралыгъдысты, ахæм бинонтæ. Басыгътой, ныппырх сын кодтой сæ хæдзæрттæ æмæ сын абоны онг дæр аккаг уавæртæ нæма ис цæрынæн. Ацы æртæ корпусы дæр æххæстбæрцæй нæ аскъуыддзаг кæндзысты проблемæ, фæлæ ног æртæуæладзыгон хæдзары цы 18 фатеры ис, уыдон уавæр фæхуыздæр кæндзысты. Уыдонæн сæ номхыгъд сбæрæг кæндзæн сæрмагонд къамис æмæ ног азмæ амондджын бинонтæ балидздзысты сæ фатертæм.
Хæдзар та сарæзтой нырыккон домæнтæм гæсгæ æмæ дзы цæрынæн уыдзæн æппæт уавæртæ дæр. Æртæуæладзыгон корпусмæ ис дыууæ бахизæны. Фатертæ сты дыууæ æмæ æртæхатæнонтæ. Дыууæхатæнонæн йæ фæзуат у 65 квадратон метры, æртæхатæнонæн та – 75. Хæдзары бын та ис иумæйаг ныккæнд. Уым сæрибарæй саразæн уыдзæн алы бинонтæн дæр хицæн ныккæндтæ. Сабитæн та кæрты сарæзтой хъазæн фæз. Фатерты хицæуттæ сæ машинæтæ кæм уромой, ахæм фæзуат дæр дзы ис.
Хæдзар сарæзта бынæттон арæзтадон фирмæ «Престиж» Инвестпрограммæйы фæрæзтæй. Фирмæйы сæргълæууæг Беппиты Иналмæ хорз фæлтæрддзинад ис. Уый размæ ам цы дыууæ хæдзары сырæзт, уыдон дæр ацы арæзтадон фирмæ сарæзта.
Знауыры районы администрацийы куыд зæгъынц, афтæмæй хæдзар районы балансмæ лæвæрд куы æрцæуа, уæд æркæсдзысты, цæрæнуат райсыны номхыгъды цы адæм ис, уыдонмæ. Се ‘хсæнæй æвзæрст æрцæудзысты иууыл тыхстдæртæ. Фатерты хицæутты куы сбæрæг кæна къамис æмæ сæм дæгъæлтæ куы радтой, уымæй фæстæмæ ам цы куыстытæ уа, уыдон æххæст кæндзысты районы цæрæнуатон-коммуналон хæдзарады кусджытæ.
Администрацийы ныфс æвæрынц, фатертæ уарыны процедурæ кæй нæ адаргъ кæндзысты. Æмæ рады чи лæууы, уыдон Ног азы сæ ног фатерты кæй фембæлдзысты. Номхыгъды ис æвзонг бинонтæ дæр. Ахæм категоритæн кæд æмæ лæвæрд æрцæуа, уæд сын уый хорз стимул ратдзæн районы æрбынат кæнынæн.
Арæзтад æмæ архитектурæйы министрады куыд зæгъынц, афтæмæй хицауад дарддæр дæр архайдзæн социалон цæрæнуæттæ аразыныл, кæй зæгъын æй хъæуы, Инвестпрограммæйы руаджы.
УАЗÆГТЫ Марфа