Хуссар Ирыстоны хъæууонхæдзарадон фадыджы иууыл æнтыстджындæр у ООО «Южный сад». Ацы бонты ам бавнæлдтой сæ дыргъдоны фæткъуыты тыллæг æмбырд кæнынмæ.
Куыд зонæм, афтæмæй «Южный сад» кæны хæрзаудæн куыст дæр. Цалдæр азы фæд-фæдыл йæ продукци байуары нæ республикæйы социалон, ахуырадон уагдæттыл. Инвесторæй райгонд сты, дыргъдоны чи фæллой кæны, уыцы кусджытæ дæр, уымæн æмæ сын куыстуат дæтты фадат сæ бинонтæ дарынæн. Хуссар Ирыстоны территорийыл ацы бизнесæн ма ис бюджетæххæстгæнæн нысаниуæг дæр. «Южный сад» рæзы дарддæр, æрвылаз фæфылдæр кæны дыргъдоны фæзуат. Йæ тыллæгæрзад азæйазмæ кæны фылдæр æмæ гъæдджындæр. Дыргъдоны алфамблай ахæм хæрзарæзт у æмæ йæм дардмæ бакæсгæйæ дæр адæймаджы зæрдæ барухс вæййы. Республикæйæн æддейæ реализаци кæнынмæ цы дыргъ æрвитынц, уыдонæй фæлхасгæнæг æрвылхатт дæр вæййы райгонд.


Ныр дыууæ азы фæд-фæдыл инвестор йæ тыллæгæй фæхай кæны Сæрмагонд æфсæддон операцийы хайадисджыты дæр.
Æрæджы социалон хызæгты уыдис фейкон информаци, ома, «Южный сад»-ы машинæты æрцахстой паддзахадон арæныл, сæ фурæты тамакотæ кæй разынд, уый тыххæй.
«Ацы ныхæстæн нæй бындур, сты дам-думтæ. Нæ фурæтæ æрвылбон дæр ахизынц Дæллаг Зæрæмæджы таможнæйыл. Уым махæн æппындæр зындзинæдтæ нæ сæвзæры. Нæ архайдыл ацы дам-думтæ нæ бандавдзысты, уый хыгъд нæ тыхтæ дывæр кæнынц», – загъта «Южный сад»-ы директор Бекъойты Леван.

Добавить комментарий

Ваш адрес email не будет опубликован. Обязательные поля помечены *

Этот сайт использует Akismet для борьбы со спамом. Узнайте, как обрабатываются ваши данные комментариев.