Цхинвалы районы ветеринартæ æппæт амæлттæй дæр архайынц сæ куыст æмбæлон æгъдауæй æххæст кæныныл, сæ бæрныуæвæг хъæууон цæрджыты фос низтæй бахизыныл, куыд сæ фосы продуктивондзинад, афтæ ма сæ нымæц фылдæр кæныныл дæр. Зæгъын хъæуы, районы хъæутæ кæрæдзимæ бынтон æввахс кæй не сты, уымæ гæсгæ æвзарынц зындзинæдтæ дæр, фыццаджыдæр, сæрмагонд службæйон транспорт сын кæй нæй, уый аххосæй. Фæлæ уæддæр иу кæнæ иннæ низы ныхмæ æмбæлон профилактикон куыст бакæнын у сæ комкоммæ хæс æмæ æххæст кæнынц сæ разылæууæг хæстæ. Амæйразмæ ветеринартæ Дзукъаты Инессæ æмæ Соттиты Фатимæ уыдысты Къостайыхъæуы æмæ стуртæн арæзтой судзинтæ пастереллезы ныхмæ. Куыд загътой, афтæмæй сæм низты ныхмæ ис æнæмæнгхъæуæг хостæ. Ацы низ у инфекцион æмæ дзы рынчын кæнынц куыд стуртæ, афтæ ма хæдзарон æндæр цæрæгойтæ дæр.
Фос æмæ цæрæгойтæ цы низтæй рынчын кæнынц, уыдон нымæц у дзæвгар куыд зæгъæм эмкар, фадниз æмæ æндæртæ. Уыдонæй фæрынчын вæййынц æндæр æмæ æндæр рæстæджыты, ветеринарийы кусджытæ сын зонынц се ‘мгъуыдтæ æмæ развæлгъау се скуынæг кæныны ныхмæ райсынц æнæмæнгхъæуæг мадзæлттæ. Ахæм зæрдиаг æмæ æнæзæрдæхудт куыст кæй кæнынц, уый тыххæй сæ райгонд сты хъæууон фæллойгæнджытæ.
ХУЫБИАТЫ Никъала