Хуссар Ирыстоны ахуыргæнинæгтæн 5-æм сентябры цытджын æгъдауæй айзæлдысты традицион фыццаг дзæнгæрджытæ æмæ уый цытæн скъоладзау фæсивæдæн зæрдиаг арфæтæ кодтой ныййарджытæ, ахуыргæнджытæ æмæ нæ республикæйы разамынад.
Развæлгъау зонæнтæм гæсгæ ног 2024-2025 ахуыры азы райдианы не скъолатæм бацыдис 585 бæрц фыццагкъласоны æмæ сыл зæрдиагæй, цингæнгæйæ æмбæлдысты сæ фыццаг ахуыргæнджытæ.

Зонындзинæдты боныл нæ республикæйы æмбæстæгтæ кæддæриддæр сæмбæлынц цины æнкъарæнтимæ. Не скъоладзау фæсивæд сæ сæрдыгон улæфты бонтæ æнæмæтæй æрвитгæйæ, 5-æм сентябры хъæлдзæгæй рог зæрдæйыуагимæ, хæрзвæлыстæй рæсугъдæй згъордтой се скъолатæм. Сæ хъæлдзæг худтæй æмæ цины хъæлæбайæ та байдзаг сты уынгтæ.

Республикæйы разамынад Зонындзинæдты бæрæгбонмæ сæхи развæлгъау кæй бацæттæ кодтой, уымæ гæсгæ ног ахуыры азы фыццаг бон æппæт скъолатæм дæр æрвыст æрцыдысты Хицауады бæрнон кусджытæ.

Куыд æндæр азты, афтæ та ныр дæр скъолаты бæрæгбонон мадзæлттæ райдыдтой Республикæ Хуссар Ирыстоны Гимны зæлтæй, паддзахадон тырыса бæрзонд сисыны церемонийæ.

Зонындзинæдты боны цытджын æгъдауæй банысан кодтой нæ горæты 5-æм астæуккаг скъолайы. Скъоладзау фæсивæдæн сæ бæрæгбоны тыххæй зæрдиаг арфæйы ныхæстæ загъта Республикæ Хуссар Ирыстоны Президент Гаглойты Алан. Уый йæ раныхасы банысан кодта 5-æм скъолайы хъæздыг истори æмæ ахуыры хорз традицитæ, афтæ ма ацы скъолайæ кæй рацыд бирæ зындгонд æмæ хорз адæймæгтæ. Уыдон  абон дæр æнувыд сты се скъолайыл æмæ йын йæ кадыл ноджы кад æфтауынц.

«Мæн фидарæй уырны, нæ зынаргъ ахуыргæнджытæ æмæ дарддæр дæр уæ куыстмæ бæрнон ахаст кæй дардзыстут æмæ æппæт тыхтæй кæй архайдзыстут, цæмæй нæ сывæллæттæ скъолайы ахуыры рæстæджы исой хæрзгъæд ахуырад», – банысан кодта бæстæйы сæргълæууæг. Уый ма адæмы зæрдыл æрлæууын кодта, ирон адæм сæ царды бирæ зындзинæдты сæрты кæй рахызтысты æмæ æппæтæн дæр кæй бафæрæзтой.

«Скъолайы фарсмæ кæрты цы уæлмæрд сырæзт, уым ныгæд сты сæ райгуырæн бæстæйы сæрвæлтау сæ сæртæ нывондæн чи æрхастой, уыцы лæппутæ. Нæ абоны фæлтæр хъуамæ зоной сæ истори. Ууыл та мах хъуамæ архайæм ахуыргæнджытимæ иумæ», – загъта Гаглойты Алан.

Зонындзинæдты боны цытæн ма ахуыргæнинæгтæн арфæ ракодта скъолайы дирек­тор Туаты Мадинæ æмæ уый фæстæ бузныджы ныхæстæ загъта Гаглойты Аланæн, йæ бахæсмæ гæсгæ скъолайы территори хæрзарæзт кæй скодтой, уый тыххæй.

«Уе ‘ппæт дæр уыдтат не скъолайы кæрт цы уавæры уыдис, уый. Ныр абон зæрдæ райы йæ рæсугъддзинадæй. Чидæриддæр ыл бафыдæбон кодта, уыдонæй алкæмæн дæр арфæ кæнын», – загъта скъолайы директор.

Ахуыргæнинæгтæн ма сæ бæрæгбоны сæраппонд арфæ ракодтой РХИ-йы Ахуырад æмæ зонады министр Лолаты Аслан, РХИ-йы Парламенты вице-спикер Тадтаты Таймураз æмæ æндæртæ.

Тадтаты Таймураз йæ арфæйы ныхасы фехъусын кодта, зæгъгæ, Коммунистон парти ногæй раивдзæн скъолайы спортивон инвентарь.

Зонындзинæдты боны цытæн конд мадзал ма барæсугъд кодтой ацы скъолайы ахуыр­гæнинæгтæ музыкалон номыртæй, бакастысты æмдзæвгæтæ дæр. Кæронбæттæны айзæлдысты фыццаг дзæнгæрæджы зæлтæ æмæ уый фæстæ фыццагкъласонтæ кæрæдзи къухтыл хæцгæйæ бацыдысты сæ райдзаст кълæстæм.

ЦХУЫРБАТЫ Ларисæ

 

Добавить комментарий

Ваш адрес email не будет опубликован. Обязательные поля помечены *

Этот сайт использует Akismet для борьбы со спамом. Узнайте, как обрабатываются ваши данные комментариев.