Куыд æрвылаз, афтæ та ныр дæр Уæрæсейы ‘рдыгæй Хуссар Ирыстоны хæдбардзинад банымайыны боны цытæн цымыдисон бæрæгбонон мадзал – равдыст-армукъæ бацæттæ кодтой РХИ-йы Культурæйы министрады цур Адæмон сфæлдыстады центры кусджытæ сæ директор Гуыцмæзты Елизаветæйы сæргълæудæй. 26-æм августы Хетæгкаты Къостайы цырты цур адæмæн сарæзтой æцæг бæрæгбон, хъуыстысты æхцондзинад хæссæг ирон музыкæйы зæлтæ æмæ сывæллæтты хъæлдзæг хъæлæба.

Ацы нысаниуæгджын боны цытæн сорганизаци кодтой Хуссар Ирыстоны адæмон нывкæнынады æмæ декоративон-прикладон аивады, адæмон æрмгуысты дæсныты 6-æм равдыст-армукъæ «Возрождение», зæгъгæ. Уырдæм æрбацыд Культурæйы министры хæдивæг Дзеранты Джульеттæ министрады æндæр минæвæрттимæ. Ацы аз равдыст-армукъæйы сæ куыстытæ равæрдтой 49 адæймаджы. Хайад дзы райстой æрмæст горæты цæрджытæ нæ, фæлæ республикæйы æппæт районты дæснытæ-арæхстджынтæ дæр. Тæрхджытыл æвæрд  алыгъуызон цымыдисон куыстытæн сæ цуры лæууыдысты автортæ сæхæдæг æмæ дзуаппытæ лæвæрдтой равдыстмæ æрбацæуджыты фарстытæн.

Дзауы районæй дзы хайад райстой поселокы æмæ Хуыцъейы хъæуы æрмдæcнытæ. Цхинвалы районæй – Тбъеты хъæуы минæвæрттæ. Знауыры районы Сывæллæтты сфæлдыстады хæдзары хъомылгæнинæгтæ,  горæт Цхинвалæй – 17 хайадисæджы, Æвзонг техникты станц, Сывæллæтты сфæлдыстады галуаны минæвæрттæ æмæ индивидуалон хайадисджытæ. Адæмон æрмгуысты дæснытæ сарæзтой декоративон-прикладон сфæлдыстады уацмыстæ, сæ цæстæнгасæй рæстæджы æмæ дунейы рæсугъддзинад бахъахъхъæнгæйæ.

Иууылдæр уыдысты сæ арæхстджын къухтæй арæзт. Хи къухтæй саразгæ куыстытæ та сты æнæсфæлхаттгæнгæ, алы дæсны дæр йæ куысты бавæры йæ уд, йе ‘нкъарæнтæ, йæ бæллицтæ æмæ фантази. Равдыст-армукъæйы нысæнттæ æмæ хæстæ сты: адæмон æрмгуыстад сæндидзын æмæ рæзын кæнын; дæснытæ-арæхстджын къухты хицæутты сбæрæг кæнын; адæмон сфæлдыстады дæснытæн æххуыс кæнын; адæмон æрмгуысты дæсныты дзаумæттæ реализаци кæнын; адæмон сфæлдыстадмæ цымыдисдзинад рæзын кæнын; бæрæгбонон атмосферæ саразын.

Центры директор Гуыцмæзты Елизаветæ зæрдæбын арфæтæ ракодта республикæйы цæрджытæн ацы диссаджы рæсугъд бæрæгбоны цытæн.

«Бæрæгбоны хорзæх уæ уæд. Мах стыр бузныг стæм Уæрæсейæ йæ алыварсон æххуысы тыххæй. Уæрæсейы фæрцы ныр 16 азы цæрæм хæдбар республикæйы сабыр цардæй. Уæрæсейы фæрцы махæн нæ бон у ахæм конкурстæ æмæ æндæр мадзæлттæ уадзын», – банысан кодта центры директор.

Равдыстмæ æрбацыдысты Президент Гаглойты Алан, Хицауады Сæрдар Джуссойты Константин, культурæйы министр Зæгъойты Рада, РЦИ-Аланийы Парламенты сæрдар Тускъаты Таймураз æмæ æндæр бæрнон адæймæгтæ. Уыдон базонгæ сты æрмдæсныты куыстытæ æмæ сæ автортимæ.

Къæвда кæй уарыд, уымæ нæ кæсгæйæ, мадзалмæ æрбацыд бирæ адæм. Уыдон цымыдисæй зонгæ кодтой æрмдæсныты куыстытимæ. Равдыст-армукъæйы йæ диссаджы куыстытæ равæрдта газет «Хурзæрин»-ы журналист Гæззаты Иван.  Журналисты куыстытæ стыр цымыдис сæвзæрын кодтой равдыстмæ æрбацæуджытæм. Æгæрыстæмæй, Президент Гаглойты Алан дæр афæстиат сæ цуры, йæ зæрдæмæ тынг кæй фæцыдысты, уымæ гæсгæ æмæ бузныджы ныхæстæ загъта Гæззайы фыртæн.

Равдысты ма хайад райстой Дзæуджыхъæуæй Сикорский Владислав, йæ цардæмбал Ольга, сæ чызг Ксения æмæ Хасыгаты Лидия (организатор) Ольга Сикорская куыд загъта, афтæмæй равдыстмæ æрластой алыгъуызон куыстытæ. «Равæрдтам хъæдæрмæгæй конд дзаумæттæ, нардитæ, фылдæр сты ирон символикæйы, хъæдæй арæзт чысыл шкатулкæтæ къухæй фыстытимæ, арт-куклæтæ, кæлмæрзæнтæ æмæ æндæр ахæмтæ. Адæм активонæй цæуынц æмæ цымыдис кæнынц куыстытæм. Боныгъæд нæ бахъыгдардта, фæлæ уæддæр бирæ адæм æрбацыд мадзалмæ. Æхсызгон нын у Хуссар Ирыстонмæ кæй æрцыдыстæм, уый. Зæрдæхæлар адæм дзы цæры, нæ зæрдæмæ тынг фæцыдысты. Цæгат Кавказы горæтты бирæ хæттыты уыдыстæм ахæм мадзæлтты, фæлæ Цхинвалмæ æрцыдыстæм фыццаг хатт. Ныфс нæ ис, дарддæр дæр хайад кæй исдзыстæм Хуссар Ирыстоны уагъдцæуæг мадзæлтты», – загъта Ольга Сикорская.

Ленингоры районы музейы директор Чертхъоты Залинæ дæр æрласта цымыдисон куыстытæ, уыцы нымæцы йæхи къухтæй конд бигæдзаумæттæ æмæ районы Сывæллæтты хæдзары хъомылгæнинæгты арæзт дзаумæттæ.

Мадзалмæ æрбамбырдуæвæг сывæллæттæ та ерыс кодтой ирон адæмон хъæзтытæй. «Нæ фыдæлтæ уыдысты æхсарджын хæстонтæ, хъæбатырæй хъахъхъæдтой сæ райгуырæн бæстæ, фæлæ-ма уыцы иурæстæджы зыдтой сæ сæрибар рæстæг хъæлдзæгæй арвитын дæр. Рагæй фæстæмæ сæ сæрибар рæстæг арвитыны популярон хуызтæй иутæ уыдысты адæмон хъæзтытæ. Ныфс нæ ис, нæ мадзал «Ирон адæмон хъæзтытæ» кæй ахъаз кæндзæн нæ адæмы кадджын историмæ цымыдисдзинад сæвзæрын кæнынæн, нæ фыдæлты традицитæ æмæ æгъдæуттæ ахуыр кæнынæн», – дзырдта мадзаламонæг.

Куыд  æрвылхатт,  афтæ  та  ныр  дæр сывæллæттæ стыр æхцондзинад райстой  адæмон  хъæзтытæй. «Лæгты дугъты хъазт»-ы æмæ æндæр хъæзтыты ерыс кæнгæйæ, чи фæуæлахиз, уыдонæн балæвар кодтой зæрдылдарæн лæвæрттæ.

Бузныг зæгъын æмбæлы Адæмон сфæлдыстады центры кусджытæн сæ директор Гуыцмæзты Эльзæйы сæргълæудæй, ахæм хъæуæг мадзæлттæ кæй сорганизаци кæнынц, уый  тыххæй. Равдысты хайадисджытæ хорзæхджын æрцæудзысты Кады грамотæтæ æмæ дипломтæй.

ДЖИОТЫ Екатеринæ

Добавить комментарий

Ваш адрес email не будет опубликован. Обязательные поля помечены *

Этот сайт использует Akismet для борьбы со спамом. Узнайте, как обрабатываются ваши данные комментариев.