Ахæм фарстæн дзуапп дæттынц:

Цыбырты Эммæ, – сывæллæтты цæхæрадоны хъомылгæнæг.

Ацы ныхæстæ арæх хъусæм, уæлдайдæр та фæстаг азты. Афтæмæй та уыдис ахæм рæстæджытæ, уыцы ныхæстæ дзурыны сæр куынæ хъуыдис, æвзаг мады уарзт куы кодтой. Рæстæг цыдис, кæрæдзи ивтой, нæ мадæлон æвзаджы рæзт кæмæй аразгæ уыдис, уыцы чиновниктæ. Уыдонæй чидæртæ бынтон уæлæнгай цæстæй кастысты мадæлон æвзагмæ. Куыд æмбæлы, афтæ йæ нæ ахуыр кæнынц скъолаты дæр. Канд кæстæртæ нæ, фæлæ ма йыл хистæртæй дæр бирæтæ нал дзурынц, сæ сæрмæ йæ нал хæссынц. Чъребайæ дарддæр, дам, нæ ирон æвзаг кæм хъæуы. Фæлæ уый у тынг рæдыд хъуыды. Мæнæн мæ бон у уый тыххæй цæвиттон æрхæссын. Бæрæг куыд у, афтæмæй иу рæстæджы Ирыстоны скъолаты æппæт предметтæ, суанг математикæ дæр ахуыр кодтой иронау æмæ уæды фæлтæрæй иу дæр æгуыдзæгæй нæ баззад. Бирæтæ дзы райстой канд уæлдæр ахуырдзинад нæ, фæлæ ма систы зындгонд ахуыргæндтæ дæр. Уыцы фæлтæрæй уыд мæ фыды ‘фсымæр Цыбырты Уырызмæг дæр. Мæхæдæг-иу хъуыстон нæ бинонтæй, дæс къласы каст куы фæцис, уæд Мæскуымæ ацыд æмæ йæ гæххæттытæ балæвæрдта инженерон институтмæ. Алгебра æмæ геометрийæ иумæйаг фæлварæн лæвæрдта. Йæ билеты фарстатæн æххæст дзуаппытæ куыд радтаид, уый нæ зыдта, уымæн æмæ сæ ахуыр кодта иронау. Къамисы уæнгтæ куы базыдтой иронау ахуыр кодта, стæй ма дзы иу ирон куы разынд æмæ йын йæ дзуаппытæм куы байхъуыста, уæд æй айстой. Стæй фæцалх уырыссаг æвзагыл дæр æмæ æнтысгæйæ каст фæцис уæлдæр ахуыргæнæндон.

«Сæфы нæ ирон æвзаг!» хъæр кæныны бæсты алчи дæр йæхицæй райдайæд. Бирæтæ сæ кæстæртимæ уынгты дæр фæцæйцæуынц уырыссагау дзургæ. Кæнæ сисæм газет «Хурзæрин» цал бинонтæ рафыссынц. Сæ хæдзæртты дæр сывæллæттæ, æвæццæгæн, арæх нæ хъусынц ирон дзырд, сæ ныййарджытæ сын нæ кæсынц ирон аргъæуттæ, Нарты кадджыты чингуытæ, æмæ сæ уæд цы домæм уыдонæй дæр. Бирæтæ æппæт азым æмæ уæз рæвдауæндæттыл æмæ скъолатыл сæвæрынц. Кæй зæгъын æй хъæуы, ахуыргæнджытæ æмæ хъомылгæнджытæ  дæр хæсджын сты, цæмæй архайой æмæ рæзгæ фæлтæр фылдæр æмæ арфдæр зонындзинæдтæ исой,  фæлæ уæддæр ныййарджытыл фылдæр бæрн æвæрд цæуы.

Тыбылты Залинæ,- ирон æвзаг æмæ литературæйы ахуыргæнæг.

Мадæлон æвзаджы уавæр бынтон мæгуырау нæу Хуссар Ирыстоны. Зæгъæм,  скъолаты мах уадзæм алыгъуызон конкурстæ, банысан кæнæм ирон зынгæ фысджыты, композиторты, æхсæнадон архайджыты юбилейон бонтæ. Уадзæм факультативон уроктæ, цыран ирон æгъдæуттыл æрдзурæм, суанг ма сын ирон куывтытæ дæр бацамонæм, стæй хистæр æмæ кæстæрты ‘хсæн  цавæр ахастдзинæдтæ хъуамæ уа уый дæр. Мæнмæ гæсгæ ацы мадзæлттæ се ‘ппæт дæр сты ахъаз, цæмæй сывæллæттæ ахуыр кæной æмæ уарзой сæ мадæлон æвзаг.

Стыр хъыгагæн, бирæтæ сæ мадæлон æвзагыл нæ дзурынц хæдзары, уынджы, транспорты цæугæйæ дæр. Уый та ууыл дзурæг у, æмæ сын æй кæддæр нæ бауарзын кодтой. Куырд куырдыл ахуыр кæны, – зæгъы ирон æмбисонд. Мад æмæ фыд бинонты ‘хсæн сæхи куыд æвдисой, сæхи куыд дарой хорзæй дæр æмæ æвзæрæй дæр, афтæ сæхи дардзысты сæ кæстæртæ дæр. Мадæлон æвзаг та цы адæмæн фæцуда, уыдонæн фæцуддзысты се ‘гъдæуттæ, сæ культурæ æмæ сæ традицитæ дæр. Мæнмæ гæсгæ иронау хъуамæ æнæмæнг дзурой, фыццаджыдæр, хæдзары. Алы ныййарæг дæр куы зона, йæ сывæллон фæлварæнтæ дæтдзæнис скъолайы æмæ уæлдæр ахуыргæнæндæттæм цæугæйæ дæр, уæд, бар-æнæбары дæр архайдзæн æмæ разæнгард кæндзæн йæ цоты мадæлон æвзаг ахуыр кæнынмæ. Æмæ уæд уавæр фæхуыздæр уыдзæнис.

Тедеты Уырызмæг, – аивады кусæг.

Лæг зæххыл куы цæра йæ адæмимæ, уæд сын хъуамæ канд сæ хъæнтæ ма уына, фæлæ сын фыццаг сæ хуыздæр миниуджытыл йæ цæст æвæра. Алы адæммæ дæр ис хæрзтæ æмæ æвзæртæ. Фæлæ, табу Хуыцауæн, æвæрццаг миниуджытæй хайджын чи у, уыдонæн сæ нымæц у бирæ фылдæр. Мады гуыбыны дæр ма, дам, хъулæттæ куы вæййы. Бирæ зын æмæ уæззау фæндæгтыл рацыдысты ирон адæм, фæлæ уæддæр нæ фесæфтой ирон лæджы кад æмæ намыс, нæ бамыр ис ирон дзырд, нæ бауагътой мæлын ирон æвзаг. Не ‘взагмæ цымыдисдзинад  сæвзæрыд æндæр бæстæты ахуыргæндты ‘хсæн дæр, ахæм стыр ахуыргæндтæ, куыд Всеволод Миллер, Андрей Шегрен, Дюмезиль æнувыдæй иртæстой не ‘взаг. Уæдæ йæ куыд хъуамæ бауадзæм мах сæфын? Фæстаг рæстæджы нæ царды æмткæй сисгæйæ, ивындзинæдтæ цæуы. Уыцы ивындзинæдтæм цæттæ нæ уыдысты мах хуызæн чысыл нацитæ, уымæ гæсгæ зынтæй адаптаци кæнæм. Нæ цардыуаджы фæтк халæм, хуыздæрæй йæ цæмæй баивæм, уый дæр бæлвырд нæ зонæм. Æмæ не ‘взаг уæлдай æвзæр уавæры уымæн бахаудта, нæ цæсты раз уымæн цудынц не ‘гъдæуттæ, не ‘фсарм, нæ ирондзинад. Ног цард нын нæ разы бирæ цæлхдуртæ сæвæрдта, нæ царды фæзынд бирæ вазыгджын фарстатæ. Ам æнæмæнг фыццаг рады хъус аздахын хъæуы патриотикон хъомыладмæ. Фæсивæд куы зоной сæ фыдæлты истори, ирон лæджы тырыса бæрзонд чи систа, раздæр æмæ йыл абон чи хæцы, уыдоны нæмттæ, уæд сæ зæрдæты гуырдзæнис патриотикон æнкъарæнтæ.

Абон та мæ стыр бузныг зæгъын фæнды, ныртæккæ ирон æвзаджы райрæзтыл чи кусы, йæ зонындзинæдтæ чи не ‘вгъау кæны, цæмæй ирон æвзаг размæ цæуа, уыдонæн. Уæлдай бузныг газет «Хурзæрин»-æн, сымах фæрцы бирæ ирон хæдзæрттæм хæццæ кæны ирон дзырд. Мæ сæрæй уын ныллæг кувын! Кæддæриддæр ут арфæйаг, ноджы уын фылдæр бантысæд. Ацы аз газетыл сæххæст 100 азы æмæ ма ноджы мингай азы куыд цæра уæ газет, уый амонд сымах дæр æмæ мах, йæ кæсджыты дæр уæд.

Нæ уацх.

Добавить комментарий

Ваш адрес email не будет опубликован. Обязательные поля помечены *

Этот сайт использует Akismet для борьбы со спамом. Узнайте, как обрабатываются ваши данные комментариев.