2008 азы августы ахæм стыр, æгъатыр хæст райдайдзæн, уый æнхъæл ничи уыд. Æнæнхъæлæджы, æнафоны алыгъуызон гыбар-гыбурмæ фынæй адæм фæсонтау сты. Цы акодтаиккой, уымæн ницыуал зыдтой, æрмæст ма иу амал уыдис – тагъддæр ныккæндтæм.

Æддæмæ ракæсæнтæ нал  уыд æмæ Тугъанты Махарбеджы уынджы зæронд, дыууæуæладзыгон хъæдын хæдзары цæрджытæ базыдтой се `намонд. Нал сын уыд сæ фатерты æрлæууыны фадат. Æмбæрстой, куыддæр ыл иу судзгæ нæмыг дæр сæмбæла, афтæ æртагæй йедзаг боцкъайау кæй сгуыпп кæндзæнис. Æдæппæт дзы 8 цæрæг хæдзары уыд æмæ æзфæраздæронæй чысылæй, стырæй лыгъдысты,  уыцы хæдзары цæрæг Тасолæн хæдзары бын цы ныккæнд арæзт уыд, уырдæм. Кæсынц, кæрæдзийы агурынц, æддейæ сæ мачи баззайа æмæ сæ цæст не схæцыд Хъоцыты Дианæйыл. Æвзонгдæртæй чидæр алыгъдис, фæлæ йын йæ фатеры дуар æрба-кæнын нал бакуымдта æмæ фæстæмæ æрбаздæхт тарстæй. Кæрæдзийы ныфсæй бадтысты, фæлæ цæмæй тарстысты, уый сæ баййæфта. Хæдзар ссыгъд æмæ хус хъæдæрмæгы къæр-къæр баиу ис алыгъуызон хæцæнгæрзты уынæримæ. Арты æвзæгтæ сæхи арвмæ ивæзтой. Куыддæртæй ралыгъдысты цæрджытæ се `мбæхсæнæй  æмæ кæмæн куыд йæ бон уыд,  афтæ сæхи æндæр æмæ æндæр рæтты бааууон кодтой.

Уыцы хæдзармæ æввахс Хетæгкаты Къостайы уынджы фæзилæны цæрджытæ дæр къаддæр тасдзинад нæ банкъардтой.

Фæтарстысты, сæ хæдзæрттæм дæр куы æрбаххæссой арты æвзæгтæ, уымæй. Хорз уыд æмæ сæм боцкъаты дон уыд. Сæ хæдзæрттæн басудзыны тасæй цæрджытæ мæлæтæй дæр нал тарстысты. Дон скъæфтой ведраты æмæ йæ сæ хæдзртты къултыл калдтой, хуылыдз сæ кодтой. Чидæртæ та дзы къанау къахыныл балæууыдысты, цæмæй арт къанауы сæрты ма æрбахызтаид, уый тыххæй. Уыцы уынджы цæрджытæ дæр хуыздæрæн равзæрстой,  рухсы цъыртт кæдæм нæ калдис, ахæм  уынгæг ныккæнд. Кæрæдзийы нæ уыдтой ахæм талынг дзы уыд. Цыдæр амондæн цæрджытæ хæдзæрттæй рахастой сойын цырæгътæ æмæ дон. Фæлæ сын уыдон дæр бирæйы фаг не скуымдтой, уайтагъд-иу асыгъдысты.  Уыцы æртæ боны цæрджытæн талынг ныккæнд ссис  сæ иумæйаг хæдзар. Уыдысты иумæ, иу уыд сæ уавæр, иу уæлдæфæй улæфыдысты, сæ сагъæс, сæ катай иу уыд. Фæлæ дзы уæддæр алы бинонтæн дæр уыд сæхи  мæтаг æмæ сын уый ноджы зындæр кодта сæ уавæр. Æд хæцæнгæрзтæ ралыгъдысты кæмæн йæ хъæбул, кæмæн йæ цардæмбал æмæ цы уавæры уыдысты, уымæн ницы зыдтой. Æнæрлæугæ æхстытæй се ‘уонг мард, сæ ныфс саст. Уæдмæ сæм хæрзгæнæг дæр фæцис, Уæрæсейы æфсад сæм кæй рацæуы æххуысмæ, уый тыххæй. Ахæм ныфсимæ æнхъæлмæ кастысты цæрджытæ.

«Диссаг уыд нæ уавæр. Бадыс ныккæнды æмæ нæ зоныс цы уавæры ис дæ фатер. Кæд дын судзгæ кæны уæддæр æй нæ зоныс, стæй куы судза, уæддæр нæ бон цы уыд… Боныгон иу æхстытæ чысыл куы фæсабыр сты, уæд-иу чидæртæ рагæппытæ кодтой, аракæс-бакæс-иу кодтой, сæ цæст-иу ахастой хæдзæрттыл, стæй-иу дон æрбайстой семæ ныккæндмæ, кæй никæйы хæдзар басыгъд, уыцы хорз хабар-иу сын фехъусын кодтой. Фæлæ уынгмæ уыцы рахызт дæр сæ цардæн уыд стыр тæссаг. Цал æмæ иу сæ цал хатты басырдтой нæмгуытæ ныккæндмæ, уый та нысан кодта, снайпертæ уынджы змæлджыты милмæ кæй истой. Цæргæ та цæмæй кодтам? Цы-иу акъæбæр кодтам, уый дæр хъуыры нæ хызт. Сæрды æмбис уыд æмæ, зæгъæн ис, ныккæндты ницыуал уыд. Æмæ ма сæ цы муртæ аззад, уыдон та нын иумæйаг уыдысты. Стæй-иу æхстытæ куы фæлæууыдысты, уæд-иу хæдзæрттæм дæр слыгъдысты æмæ сæм продукттæй цы уыд, уыдон-иу æрдавтой. Иуахæмы нæм æрбадзырдæуыд, зæгъгæ, вакзалы лæууынц автобустæ æмæ адæмы ласынц Дзæуджыхъæумæ. Хорз у æмæ рæстæгыл бамбæрстам уый провокаци кæй уыд, æндæра æвыдæй нæ аирвæзтаиккам», – загъта уыцы уынджы цæрæг Цхуырбаты Луизæ æмæ уыцы фыдæбæттæ æрымысгæйæ, йæ цæстытæ доны разылдта.

О, Стыр Хуыцау, адæймаг ныккæрзы, сног вæййынц уыцы хабæрттæ æмæ зæрдæ уæззау рыстæй сриссы… Афтæ сыл парафинæй цырæгъты рухсмæ ныддаргъ ис рæстæг. Фесты сыгъд уыдон дæр. Уæд нæлгоймæгтæй чидæр фæцарæхст æмæ сæм цы зæронд лампæ уыд, уый æрдавта. Ныссæрфтой йæ. Иу чысыл асыгъдис, стæй судзгæйæ зæхмæ æрхаудис. Ссыгъдысты сæ къæхты бын хъарм дарыны тыххæй цы картон гæххæттытæ æрывæрдтой, уыдон. Æппæтдæр афтæ тагъд æрцыд, æмæ йын йæ аххуыссын кæнынмæ ничи фæцарæхст. Уыцы уысм æхст дæр сытынг æмæ сын æддæмæ рахизæн дæр нал уыд. Фæздæг сын сæ хурхы сæртæ ахгæдта æмæ фырхуыфынæй иуырдæм кодтой. Кæрæдзийы нал уыдтой. Хъуыстис сæм, хæдтæхæг куыд ратæх-батæх кодта уыдонмæ æввахс. Уæдмæ фæцыдис æнахуыр гуыпп æмæ ссыгъдис Хицауады хæдзар, уый фæстæ Парламенты хæдзар,  уæлдæр Тугъанты Махарбеджы номыл сывæллæтты цæхæрадон, ссыгъдысты Театралон фæзуатмæ æввахс бирæуæладзыгон хæдзæрттæ. Бамбæрстой, уый кæй уыд гуырдзиаг хæдтæхæг æмæ иугай кæй пырх кодта административон агъуыстыты æмæ цæрæн хæдзæртты. Уый фæстæ ныккæнды бирæ нал баззадысты, фехъусын сын кодтой Уæрæсейы æфсад кæй хæстæг кæны Цхинвалмæ, гуырдзыйы æфсад та лидзинаг кæй фесты. Фæныфсджын сты æмæ радыгай рахызтысты ныккæндæй рухс, райдзаст, сабыр арвы бынмæ. Сфæнд кодтой дзæбæхæй кæй аирвæзтысты цæрджытæ, уый тыххæй ракувын. Сфæнд кодтой æртæ кæрдзын скæнын. Уыцы уысм кæцæйдæр минæ ратахт, æрхауд уыдонмæ хæстæг æмæ йæ схъистæй фæцæф Тедеты Земæ. Фæдзырдтой Тагъд æххуысы машинæмæ. Аскъæфтой йæ тагъдыл рынчындонмæ æмæ йын бакодтой æнæмæнгхъæуæг æххуыс.

Хуыцауы фæндæй аирвæзтысты сæ хæдзæрттæ. Авджы цъæлтæй сæм бахизæнтæ нæ уыд, сæзмæстысты хатæнтæ. Æвæстиатæй æрывнæлдтой сæ фатерты æрбæстон кæнынмæ. Æрбаздæхтысты Тугъанты Махарбеджы уынджы цæрджытæ дæр. Нæ та разынд се ‘хсæн Дианæ. Уæд ын йæ æрдæгсыгъд дуар батыдтой. Кæсынц, æмæ иу къуымы Дианæ йæ фарсыл хуыссы – басыгъдис, базонæн дæр ын нал уыд. Фехъусын ын кодтой йæхиуæттæн æмæ йæ бавæрдтой…

 БЕСТАУТЫ Валя

 

Добавить комментарий

Ваш адрес email не будет опубликован. Обязательные поля помечены *

Этот сайт использует Akismet для борьбы со спамом. Узнайте, как обрабатываются ваши данные комментариев.