Нæ республикæ хъæздыг у йе ‘рдзон скондæй, ис нæм дзаджджын сæрвæттæ, дыргъбæлæсты алы мыггæгтæ, угæрдæнтæ æмæ æндæр ахæмтæ. Уыдон та фадат дæттынц мыддарды куыст рауæрæх кæнынæн, фæлхасгæнджытæн ацы пайдахæссæг продуктæй сæ домæнтæ æххæст кæнынæн. Нæ раздæры областы дзæвгар уыд, ацы пайдайаг къабазмæ æмбæлон хъусдард чи здæхта, сæ нымæц фылдæр кæнынмæ зæрдиаг ахаст чи здæхта, стæй ма сæ бирæазон куыты фæлтæрддзинад æндæртæн дæр цæстуарзонæй чи амыдта, ахæм фæлтæрд æмæ арæхстджын мыдгæстæ.

Уыдон ‘хсæн уыдысты Тедеты Хъауырбег, Гаглойты Дауыт, Санахъоты Хъырым. Кокойты Гоги, Чъовелидзе Тамарæ, Лохты Исахъ, Икъаты Серги. Гаглойты Раисæ, Джиголаты Кудзи, Джиоты Аннæ, Чъыбылты Раман, Коцты Лаврент, Мамытаты Габе æмæ æндæртæ. Абон дæр нæ республикæйы ис, ацы куыст йæ зæрдæмæ арф чи исы æмæ дзы зæрдиаг куыст чи кæны, ахæм мыдгæстæ. Уыдон ‘хсæн сты Цхуырбаты Леонид, Тыбылты Алыкси, Хъуылымбегты Генрих æмæ æндæртæ.

Фæнды мæ радзурын Знауыры районы Гуиргуинайы хъæуы цæрæг Хъуылымбеджы фырты мыддарды фермæйы тыххæй. Ацы æвзонг адæймаг рагæй фæстæмæ йæ зæрдæмæ арф айста мыдгæсы арфæйаг куыст, фæлæ йыл бындуронæй æрлæууыд 2007 азы. Зæгъын хъæуы, алы куыст дæр райдианы æнцон нæ вæййы æвæлтæрд адæймагæн, фæлæ йæм бæстон куы бавналай, уæд дзы рæстæджы цыдимæ æнтыст æнæмæнг уыдзæн. Райдианы йын куысты сусæгдзинæдтæ амыдта йæ дард хион, стæй уыимæ иумæ каст алыхуызон литературæ, биноныг сæ кодта практикон æгъдауæй æмæ бонæй бонмæ рæзт йæ дæсныйад. Мыдгæсæн афæдзы алы афон дæр ахсджиаг у, хъусдард сæм æнæмæнг фæхъæуы. Цæвиттон, чыргъæдты бынат мидæгæй хъуамæ уа сыгъдæг, рагуалдзæджы сæ хъæуы басгарын æмæ кæд хæринагæй фæцух сты, уæд сæм фæкæсын хъæуы хæлцæй. Уыдæттæ Хъуылымбегты Генрих зоны тынг хорз æмæ сæ аиуварс кæныныл батыхсы æвæсиатæй. Фæлтæрд мыдгæс куыд зæгъы, афтæмæй йæм цы 100 чыргъæды ис, уыдонæн фæззæджы та ратдзæн витаминтæ, цæмæй базымæгиуат кæной хорз.

Цæмæй мыдыбындзытæ дидинæгджын бынæттæй хæссой фаг нектар, уый тыххæй сын сæрды мæйты фæивы сæ бынат – аласы сæ Знауыры районы Лопъаны хъæумæ æмæ сæ рæстæгæй рæстæгмæ абæрæг кæны. Базоны сын сæ уавæр æмæ сæм базилы.

Мыдгæсы æнтыст ма баст у боныгъæдимæ дæр, хорз аз куы уа, уæд мыдыбындзытæ арæхдæр ратæхынц æмæ фылдæр мыд фæхæссынц. Цæвиттон, 2022 азы Хъуылымбеджы фырты фыдæбон уыд бæркадджын – æрдыгъта 3 тоннæйы хæрзгъæд мыд. Цæмæй мыдыбындзытæ ма тыхсой хизæн бынат агурыныл, уый тыххæй Генрих байтыдта бирæазон кæрдæг эспарцет 5 гектары фæзуатыл. Ацы кæрдæджы æмгъуыд у 5 азы, стæй смæгуыр вæййы æмæ та йæ уымæ гæсгæ ногæй байтаудзæн фидæн аз.

Мыддарды куыстæй дарддæр ма Хъуылымбегты Генрих  хорз бакусы, 1 гектармæ æввахс æм цы хæдзаргæрон зæххы фадыг ис, уый дæр. Сагъд дзы ис фæткъуы æмæ алтъамийы бæлæстæ, байтауы æмæ хорз бакусы хъæдур æмæ пъамидоры хуымтæ, зæрдæйы фæндиаг вæййынц йæ æрыскъæфтæ дæр. Хъыгагæн, амæйразмæ цы тæрккъæвда æмæ стыр ихуард уыд, уый тынг бафхæрдта дыргъдоны æрыгон бæлæсты æмæ ныр сæ сæндидзын кæныныл ногæй бакусдзæн.

Куыстуарзаг, намысджын фæллойгæнæг æмæ зæрдæхæлар адæймагæн нæ цæст уарзы æмæ нæ зæрдæ зæгъы ноджы фылдæр æнтыстытæ йæ хæрзиуæгон архайды.

ХУЫБИАТЫ Никъала

Добавить комментарий

Ваш адрес email не будет опубликован. Обязательные поля помечены *

Этот сайт использует Akismet для борьбы со спамом. Узнайте, как обрабатываются ваши данные комментариев.