Куыстуарзаг сты Ленингоры районы фæллойгæнджытæ, уарзынц зæххы куыст æмæ æдзухдæр тырнынц, цæмæй йæ бакусой рæстæгыл, агротехникæйы домæнтæм гæсгæ, æмæ кæддæриддæр райсгæ тыллæгæй рухс кæна сæ зæрдæ.
Ивгъуыд фæззæг æмæ ацы аз уалдзæджы байтыдтой фæззыгæнд мæнæу, хъæбæрхоры культурæтæ, уыимæ ма хицæн фермерон хæдзарадтæ байтыдтой нартхор дæр æмæ ацы культурæтæн сæ фæзуат ахсы 800 гектармæ æввахс. Тауыны куыстыты æрвылаз дæр активон хайад райсынц æмæ хъæппæрисон куыст бакæнынц механизатортæ. Бригадæйæн къорд азты дæргъы арæхстджын разамынд кæны йæ хъуыддаджы дæсны æмæ куыстуарзаг механизатор Габиты Хвича. Ныртæккæ байтыдты æвзартæ хорз сырæзтысты æмæ цæмæй сæ тыллæгæрзад зæрдæйы фæндиаг уа, уый тыххæй сæм хъæуы зилын. Æрæджы сæм механизатортæ Дриаты Звиад, Гусойты Вале, Хуриты Зураб æмæ Габиты Хвича бахастой гербицидтæ.
Механизатортæ ныр та рæвдз кæнынц куыд сæ хуымгæнæн техникæ, афтæ комбайнты дæр, цæмæй хуымгæрдæныл сæмбæлой æххæст цæттæйæ. «Ирагро-промсервис»-ы директор Мамытаты Вахтъанг сæм дары æмбæлон хъусдард, цæмæй цух уыдысты, уыцы ивæн хæйттæ сын бынатмæ æрласта рæстæгыл æмæ ныртæккæ техникæ кæнынц цалцæг.
ХУЫБИАТЫ Никъала