Цалдæр мырæй конд у дзырд, хæст, фæлæ тæригъæдтæ æмæ зиæнттæ та ракæны æгæрон бирæ. Стыр Фыдыбæстæйон хæст йæ иувæрсты нæ ахызт æмæ æвыдæй нæ ныууагъта Гуры районы Пицесы хъæуы цæрæг Гæззаты Димитры хæдзарвæндаджы дæр. Куыстуарзаг æмæ æппæт куыстытæм дæр арæхстджын кæй уыд, уый тыххæй маамæлайы къæбæрыл цалдæр азы фæкуыста æлдарæн. Куы нæ уал хъуыд, уæд æй уый ауæй кодта, иу йæхихуызæн, мæскуыйаг æлдарæн.

Æвæццæгæн, революцийы æрцыд Димитры хуызæттæй æхсызгондæр никæмæн уыдис. Ныппырх æмæ фехæлд æлдарад. Димитр тагъд бамбæрста ног дуджы ад. Æрцыд йæ райгуырæн Дзауы районы Ципраны хъæумæ æмæ аныгъуылд, царды æхцондзинад цæмæй иста, уыцы гуылфæнты. Фæстæдæр Димитр кæд зивæгæй уагъта йæ райгуырæн, хæххон, æвадат хъæу, уæддæр йæ цард аразын райдыдта, куыстæн ын хуыздæр æмæ фылдæр фадæттæ кæм уыдис, уым – Пицесы хъæуы. Уæлдай æвæлмæцгæ та уыд, сæ хъæуæй ма йе ‘рвадæлтæй фондз хæдзары уым кæй æрбынат кодтой, уый тыххæй.

Димитрæн йæ дыууæ фырты Георги æмæ Граф дæр йæхийау рауадысты ныфсджын, куысты та – арæхстджын. Кæстæртæ куы бахъомыл сты, уæд царды æппæт барæнтæм гæсгæ, Димитры бинонтæ систы хъæуы цæрджытæй фæрæзджындæр. Искуыцæй-иу хъæумæ уазæг куы æрцыд, уæд-иу, фылдæр хатт, йæ фысымтæ Димитры бинонтæ уыдысты. Сæ мулк, сæ фæллой никуы хæлæг кодтой, уазджытыл  узæлыдысты зæрдæйæ.

Цыд рæстæг. Адæмы куыст æмæ царды уавæртæ кодтой хуыздæр, фæлæ… райдыдта Стыр Фыдыбæстæйон хæст.

Граф уæдмæ дыууæ азы Дард Скæсæны йæ хæс фыста Советон Æфсады рæнхъыты. Хæст æфсады кæй æрыййæфта, уыдонмæ хуыздæр цæттæдзинад уыдис, æмæ фыццаг цæф дæр сæхимæ уыдон райстой. Граф дæр йæ хæстон æмбæлт­тимæ цалдæр къуырийы фæстæ слæууыдысты знæгты ныхмæ æмæ сын лæвæрдтой аккаг ныхкъуырд.

Адæм стыхстысты, нал зыдтой, цы кæной, цы саразой, дарддæр куыд цæрой. Фæлæ Фыдыбæстæмæ сын се стыр æмæ æнæкæрон уарзондзинад сæ уæнгты  бауагъта хъару  æмæ цыдысты тохмæ.

Хæсты быдыры бирæ фæткойтæ сты æнæфыст, арæх дзы фæзыны цæхгæр фæзылдтытæ, æвирхъау цаутæ. Граф хæсты райдайæнæй тохгæнгæ фæцыд Францмæ. Уым уацары бахауд æмæ хæсты дудгæбæттæ, æмæ хъизæмæрттæ аззадысты фæстейæ. Нал кодта йæ сæрæн, бонæй-бонмæ тад йæ хъару. Нал уыд кусынмæ цæуын йæ бон. Кусынмæ чи нæ цыд, уыдонæн та хæринаг нал лæвæрдтой, афтæмæй-иу æрвыстой сæ царды фæстаг бонтæ æмæ сахаттæ. Нæмыг дæр сыл нал хардз кодтой. Дзырдтой, æнæуи дæр, дам, мæлдзысты, уадз æмæ, дам, сæ æндæртæ дæр уыной – тæрсдзысты æмæ сын сæ домæнтæ хуыздæр æххæст кæндзысты. Сæ домæнтæ та, фылдæр хатт, уыдысты,    адæймаджы бон саразын кæй нæу, ахæмтæ.

Бинонтæ Графæй дæргъвæтин рæстæджы ницыуал хабар хъуыстой. Æхсайдта йæм сæ зæрдæ, фæлæ цы уыд сæ бон. Георги уæд куыста колхозы сæрдарæй, сфæнд кодта хæстмæ ацæуын, ныфс дæр бавæрдта йе ‘фсымæры кæй ссардзæнис, уымæй. Районы разамынад разы нæ уыдысты йемæ, дзырдтой йын, колхозæн хицау  хъæуы, зæгъгæ, фæлæ сæм нæ байхъуыста. Фæстæдæр бинонтæ райстой гæххæт, зæгъгæ, уæ фырт фесæфт æбæрæгæй.

Советон æфсæддонтæ Францы бынтондæр куы ссæрибар кодтой, уæд Георги дæр фæцæф æмæ бахауд уацары. Иубон сæ слæууын кодтой рæнхъæй æмæ райхъуыст немыцаг афицеры хъæр, зæгъгæ, кусын кæй бон нæу, уыдон размæ цалдæр къахдзæфы рахизæнт. Георгийæн йæ рахиз цонг йæ уæлæ дыдагъæй, афтæмæй рацæйхызт, фæлæ йæ чидæр ацахста æмæ фæлæууыд. Уымæн æмæ уый федта, цалдæр боны размæ куыстхъом чи нæ уыд, уыдон куыд фехстой, уый. Куыд иннæ уацайрæгтæ, афтæ Георги дæр цыд куыстмæ. Кæд ын змæлын, архайын æнцон нæ уыд, уæддæр фæрæзта. Уæдмæ йæ цæф байгас. Кусынæн дæр æй раздæрау нал хъыгдæрдта. Иу бон Георгийы хъустыл сыхаг лагерæй ауад гуырдзиаг дзырдтæ, кæуынæмхæццæ хъæрзын. Георги йæм сабыргай баввахс кодта йæхи æмæ йæ тæрсгæ-ризгæ  афарста.

Чи дæ, кæцæй дæ?

Уый разынд Гуырдзыстонæй æмæ йын Георги загъта, йе ‘фсымæр хæсты кæй ис æмæ йæ кæй агуры, уый.

– Иу нæм ис, Гуры районæй, Гæззатæй у, йæ ном, æнхъæлдæн, Граф хуыйны, йæ уавæр тынг мæгуырау у, цалдæр боны дзургæ дæр нал кæны, уæртæ æрбахизæны, фæсдуар лæууы хаудæй.

Георги кæд стыхст, тынг æй фæндыд йе ‘фсымæрæн баххуыс кæнын, уæддæр æмбæрста, куы нæ æрсабыр уа, уæд æм хорзæй кæй ницы æнхъæлмæ кæсы, уый. Фæстæдæр арæхстгай, хъуызæгау йæхи баивæзта, цæмæй цыбыр æмгъуыдмæ йе ‘фсымæры федтаид. Уый йын-иу хæларзæрдæ немыцаг афицеры фæрцы æнтысгæ дæр бакодта.

Граф, æцæгæйдæр, бынтондæр сæдых, нал дæр змæлын йæ бон уыд. Йе ‘фсымæры ныхæстæм чысыл байгом кодта йæ цæстытæ дæр, фæлæ йæ нæ базыдта, ницы дæр æм дзургæ скодта.

Георги рацыд уырдыгæй. Нал æй уырныдта, йе ‘фсымæр фервæздзæн мæлæ­тæй, фæлæ йын баххуыс кæна, уый нæ хауд йæ хъуыдыйæ. Лæгъзтæмхасæнтимæ та цæуын райдыдта немыцаг афицермæ. Ныр та домдта, цæмæй йын радтой бар æмæ уый дæр уа уыцы лагеры. Куыд æмæ цы амæлттæй, уый æххæст бæрæг нæу, фæлæ Георгийы ракодтой, Граф цы лагеры уыд, уырдæм. Георги сусæг-æргомæй йæ хъус дарын райдыдта йе ‘фсымæрмæ. Фыццаг бонты йæ хæринæгтæ иууылдæр лæвæрдта Графæн. Нæ йæ уагъта донцух, сыгъдæг æй кодта. Уæдмæ Графы цæсгомыл фæзынд цардхъомдзинады фæдтæ, слæууыд йæ къахыл, цæуын райдыдта куыстмæ.

Стыр Фыдыбæстæйон хæст цыд кæронмæ. Немыцаг фашисттæй ахст бæстæтæ иугай сæрибар цыдысты. Сæрибар æрцыдысты, Советон Æфсадæй концлагерты чи уыд, уыдон дæр. О, фæлæ концлагерты кæй уыдысты, уый тыххæй Георги ахæстоны фæбадт аст азы æмæ Граф та æхсæз азы. Ахæстонæй райгуырæн хъæу æмæ бинонтæм фыццаг æрцыд Граф, фæстæдæр та Георги. Кæрæдзийы фæдыл бинонтæ дæр æркодтой, фæзынд сын кæстæртæ дæр. Иудзæвгар цардысты иумæ, фæлæ сын фыды хæдзар суынгæг æмæ Граф цæрынмæ рацыд Каспы районы Рконы хъæумæ. Æфсымæртæн сæ ахастытæ æмæ сæ кæрæдзимæ уарзондзинад афтæ бæрзонд уыдысты æмæ кæд  цасдæрбæрцæй адард сты, уæддæр сæ бинонтимæ арæх æмбæлдысты кæрæдзиимæ. Фæныхас-иу кодтой ивгъуыд рæстæгыл, хæстон хабæрттыл. Дзырдтой-иу сæ дарддæры цард æмæ фæндтыл.

Георгийæн хæсты рæстæджы фæхъуыд йæ цардæмбал æмæ йæ цыппар кæстæры баззадысты хæстæджытæ æмæ хъæубæсты æвджид. Георги ногæй æркодта бинонтæ, рацыд ма йын чызг æмæ лæппу. Семæ йæ бæргæ фæндыд зæрдæдзæбæхæн ацæрын, схъомыл сæ кæнын, радтын сын ахуырдзинад, фæлæ хæсты бонты уаргъ, цалдæр уæззау цæфы, сæхи тынгдæр райдыдтой æвдисын æмæ 1965 азы ацыд  а-дунейæ. Йæ фæдыл ацыд йæ хистæр чызг Юля дæр. Георгийы иннæ кæстæртæй ма абон сæрæгас чи у, уыдон сæ хъæбултæ æмæ хъæбулы хъæбултимæ сæ хæстон хистæры мысгæйæ, цæрынц царды хорз фæндтимæ.

Граф дæр скодта хорз бинонтæ. Кæд дзы хæсты уæззау бонтæ æмæ зындзинæдтæ рох нæ уыдысты, уæддæр æй йæ бинонты цинæй нал æндæвтой æмæ семæ райгонд æмæ сæрыстырæй дарддæр кодта йæ цард. Уыдæттæ хорзæрдæм бæргæ æндæвтой Графы фæллад æмæ фæлмæцыд зæрдæйыл, фæлæ æндæртимæ цы тæхудиаджы цард саразыныл тох кодта, цы тыхджын æмæ хъомысджын паддзахад сырæзт, уый халджытæ нæуæдзæм азты кæй сбирæ æмæ стыхджын сты, уый йæ æппæрста тас æмæ масты. Иу бон амондджынæй цы хæдзары цард, уырдæм фæзындысты цалдæр æнæзонгæ гуырдзиаджы. Нал ын баххуыс кодтой, бирæ лæггæдтæ кæмæн кодта, «дзыма» йæ чи хуыдта, уыцы гуырдзиаг сыхæгтæ дæр. Æххуыс нæ, фæлæ ма 79-аздзыд хæстæфхæрд зæронд лæгæй домдтой, цæмæй ныууадза йæ хæдзар, йæ фæллой, æмæ цæуа, йæхи кæй хоны, бирæ кæй уарзы æмæ сæрыстыр кæмæй у, уыцы Ирыстонмæ. Куынæ сæм байхъуыста, уæд ын сбастой йæ цæнгтæ. Бахастой йæ йæхи амад мæкъуылты астæумæ æмæ йыл уым бандзæрстой арт…

Кæддæр сæ рæсугъд æмæ тæхудиаг царды тыххæй йæ уд чи уæлдай кодта, фыдызнæгтæ кæй нæ амардтой, уымæн йæ сыхаг гуырдзиæгтæ бакодтой ахæм ми.

                                                                                               ГÆЗЗАТЫ Иван

 

Добавить комментарий

Ваш адрес email не будет опубликован. Обязательные поля помечены *

Этот сайт использует Akismet для борьбы со спамом. Узнайте, как обрабатываются ваши данные комментариев.