17 июлæй 24 июлмæ Хуссар Ирыстоны территорийыл æрцыдис æртæ фыдракæнды æмæ раргом сты. Наркотикон буарадтӕй ӕнӕзакъонӕй спайда кӕныны тыххӕй урӕд ӕрцыдысты цалдӕр ӕмбӕстаджы. Республикæйы фæндæгтыл æрцыдис æртæ фæндагон-транспортон цауы. Авариты фæстиуæгæн рынчындонмæ алыгъуызон цæфтимæ бахаудта иу æнæххæст кары сывæллон.
Алыгъуызон бархалынæдты фæдыл горæты милицийы управленийы кусджытæ бæрндзинадмæ æркодтой 5 адæймаджы.
Фæндагон змæлды æдасдзинады инспекци къуырийы дæргъы сбæлвырд кодта 365 фæткхалæн цауы. Уыдонæй 23 уыдысты нозтджы-нæй машинæ скъæрыны цаутæ.
17 июля горæт Цхинвалы Бушы уынджы арæзтадон куыстытæ æххæст кæныны рæстæ-джы хæтæлуадзæн къанауы ссардтой зæрдæхсайгæ дзаумæттæ. Бынатмæ бацыдысты сапертæ æмæ сбæлвырд кодтой, 4 тæссаг предметы кæй сты танкрæмудзæн минæтæ.
17 июлы рейдон мадзæлттæ уадзыны рæстæджы милицийы кусджытæ Цхинвал-Дзауы фæндагыл баурæдтой автомашинæ «ВАЗ-2109», кæцыйы шофыр разынд нæ горæты 43-аздзыд цæрæг. Шофыр спайда кодта марихуанайæ.
18 июлы милицимæ хъаст бадæтта нæ горæты 55-аздзыд цæрæг. Куыд рабæрæг, афтæмæй сылгоймаг йæ лæгæй у хицæн æмæ йæм, уынджы фембæлгæйæ, æртхъирæнтæ райдыдта, стæй йыл автомашинæ баскъæрдта. Аварийы фæстиуæгæн сылгоймагæн асаст йæ къух æмæ бахаудта рынчындонмæ. Фыдгæнæг, 58-аздзыд горæттаг цæрæг, конд æрцыд рæстæгмæдарæн изоляторы.
18 июлы Фæскомцæдисы уынджы автомашинæйы бын бахаудта 11-аздзыд сывæллон. Сывæллон ралыгъд фæндагмæ талынг ран, бар кæм нæ уыд, ахæм бынаты æмæ цæфтæй бахауд рынчындонмæ.
19 июлы Дзауы районы милицийы хайадмæ фехъусын кодтой, зæгъгæ, Гуфтайы хъæуы 67-аздзыд цæрæджы хисæрмагонд хæдзарæй адавтой кусæн инструменттæ. Оперативон-агурæн мадзæлттæ ауадзыны фæстиуæгæн цыбыр рæстæгмæ къæрных бæлвырд æрцыд – разынд Гуфтайы хъæуы 25-аздзыд цæрæг. Фыдгæнæг басаст йæ фыдракæндыл æмæ конд æрцыд рæстæгмæдарæн изоляторы.
20 июлы Къуайсайы милицийы кусджытæ оперативон информацийы фæдыл поселокмæ ввахс ссардтой 4 гæны къутæры.
22 июлы горæт Цхинвалы рейдон мадзæлттæ уадзыны рæстæджы милицийы патрулон экипаж баурæдта зæрдæхсайгæ автомашинæ «ВАЗ-2114», кæцыйы шофыр разынд нæ горæты 31-аздзыд цæрæг. Басгæрсты рæстæджы автомашинæйы ссардтой, дымгæ кæй нæ кæнынц, ахæм тамакотæ «Снюс» 5 къоппы бæрц.
Цхинвалы районы милицийы кусджытæ рейдон мадзæлттæ уадзыны рæстæджы баурæд-той автомашинæ «ВАЗ-2114», кæцыйы шофыр разынд Знауыры районы Ходабулы хъæуы 45-аздзыд цæрæг. Шофырмæ сæ зæрдæ фехсайдта наркотиктæй спайда кæнынмæ, фæлæ нæ бакуымдта медицинон басгæрстмæ. Йæ бæлццон, Знауыры районы Ходабулы хъæуы 41-аздзыд цæрæг, спайда кодта марихуанайæ.