«Къултыл агитацион æрмæджытæн ахуыр-хъомыладон, эстетикон æмæ æндæр хæрзиуæгон нысаниуæг. Уыимæ ма сæ рæсугъд баконд æмæ аивдзинад хæссы зæрдæрухс. Ахæм æрмæджытæ къултыл мадæр хъуамæ æгæр бирæ уой, мадæр – цъус. Цас фылдæр фарстытæ æмæ факттæ æвдисой, уыйбæрц ахуыргæнинæгты цымыдис дæр уыдзæнис фылдæр æмæ хуыздæр» – афтæ райдыдта йæ ныхас Цхинвалы 11-æм астæуккаг скъолайы директор Собаты Юзæ.

Бахизæны адæймаджы цæстытæ фыццаг андæдзынц, скъола кæй ном хæссы, уыцы Стыр Фыдыбæстæйон хæсты хъайтар Кобылты Сергейы къам æмæ Сергейы тыххæй  цыбыр информацитыл. Сæ рахиз фарс та конд сты стыр æмæ хъомысджын Уæрæсейы æмæ Хуссар Ирыстоны тырысаты къамтæ æмæ гимнтæ. Сæ фарсмæ чысыл чи алæууа, лæмбынæг сæм йæ хъус чи æрдара,  уыцы ахуыргæнинæгтæн сæ бон у  райсын æххæст информаци.

Скъолайы сæйрагдæр хæс у кæстæр фæлтæры раст фæндагыл цайдагъ кæнын, алы ахуыргæнинагæн дæр хорз зонындзинæдтæ радтын, æмæ ацы фарстытыл цæуы æнтыстджын куыст. Иттæг хорз чи ахуыр кæны, уыдон сты 23. Сæ къамтæ конд сты райдзаст æмæ уæрæх бынаты. 12 чызджы æмæ  11 -лæппуйы.

Скъолайы ахуыргæнинæгтæн хорз æнтыстытæ ис зарынæй, кафынæй æмæ спорты цалдæр хуызы дæр. Цы хорзæхтæ райстой, уыдонæн скодтой хорз аргъ æмæ уымæй сты ахадæндæр.

Ахуыргæнджытæ æмæ ахуыргæнинæгтæ зæрдиагæй бакуыстой къуым «Мæ Ирыстон» сфæлындзыныл. Ардæм хаст æрцыдысты Хуссар Ирыстоны картæ æнæхъæнæй, æмæ ма хицæнтæй районты картæтæ дæр, цыран бакæсæн æмæ базонæн ис цас у сæ фæзуат, цал адæймаджы дзы цæры æмæ, сæйраджыдæр, районты æнтыстытæ цæмæй ис, уый.

«Зындгонд ахуыргæндтæ» æмæ «Ирон къуым» рæсугъд æмæ аив саразыныл дæр æрцыдис бæрнон куыст. Æппæт ацы куыстыты сæхи хорзæй æмæ активонæй чи равдыста, уыдоны ‘хсæн сты  историйы ахуыргæнæг Къудухты Людвиг, ирон æвзаг æмæ литературæйы ахуыргæнджытæ Гаглойты Нелли æмæ Джыгкайты Ритæ, математикæйы ахуыргæнджытæ Хъотайты Татьянæ, Цхуырбаты Медея æмæ æндæртæ.

Хъыгагæн, æнтыстыты ‘хсæн рахатæн ис æнцонæй рарасткæнинаг цалдæр цухдзинады: Хетæгкаты Къостайæн ам цалдæр ран арæзт ис къуымтæ. Хицæн бынæтты кæй сты, уый тыххæй сæ ахадындзинад нæу бæрзонд. Мæ хъуыдымæ гæсгæ, бирæ хуыздæр уыдаид, Къостайы къуым арæзт куы æрцыдаид иу ран, парахатдæр æмæ райдзастдæр бынаты, уæд.

Цухдзинæдтæ ис къуымтæ «Стыр Фыдыбæстæйон хæсты хъайтартæ» æмæ «Хуссар Ирыстоны президенттæ»-йы. Конд дзы цы нывтæ æрцыдис, уыдон афтæ сфæлурс сты, æмæ адæймаг зынтæй рахаты, чи дзы чи у, уый. Чи сæм фæкомкоммæ вæййы, уыдонæй, æвæццæгæн, алчи дæр ахъуыды кæны, «цымæ ацы нывтæ кæдмæ  ахæм уавæры уыдзысты?».

                                                                                          ГÆЗЗАТЫ Иван

Comments are closed, but trackbacks and pingbacks are open.