ДУНЕЙЫЛ АЙХЪУЫСТ ÆВИРХЪАУ ХАБАР…

2004 аз. 1-æм сентябрь. Куыд æппæт Уæрæсейы, афтæ Цæгат Ирыстоны  æппæт скъолатæ дæр сæхи  цæттæ кодтой адæймаджы царды иууыл ирддæр æмæ хъæл-дзæгдæр бæрæгбонтæй сæ иу – Зонындзинæдты бонмæ. Куыд æрвылаз, афтæ та ныр дæр хъæлдзæг зæрдæйы равгимæ ацы нысаниуæгджын боныл сæмбæлынмæ хъавыдысты Беслæны 1-æм астæуккаг скъолайы ахуыргæнджытæ æмæ ахуыргæнинæгтæ дæр, фæлæ…

2004 азы 1-æм сентябры райсомы 9 сахат æмæ 30 минутмæ æввахс æппæт Ирыстон æмæ æнæхъæн дунейыл айхъуыст, зæххы къорийыл иу ран дæр чи никуыма æрцыд, ахæм æвирхъау хабар æмæ дунейы растхъуыдыгæнæг адæмы зæрдæтæ нынкъуысын кодта. Фæлæ ныр æрцыд ахæм стыр бæллæх, æмæ та уый дæр Ирыстоны зæххыл. Цымæ цы аххосджын сты ирон адæм Хуыцауы раз? Цытджын линейкæмæ æрбамбырдуæвæг ахуыргæнинæгты, ахуыргæнджыты æмæ сæ ныййарджыты хотыхджын террористтæ фосы конд бакодтой скъолайы спортивон залы. Уæрæсейаг каналтæй ацы æвирхъау хабар фехъусгæйæ, Хуссар Ирыстоны адæм дæр катайы бахаудтой æмæ æнхъæлмæ кастысты, хабар цæуыл фæуыдзæн, уымæ. Мæ сыхæгтимæ уыцы æртæ æндыгъд боны æнæхъæн бонты баззадыстæм экраны раз хорз хабар фехъусыны охыл. Лæгсырдтæ кæд тынг æгъатыр вæййынц ахæм цауты рæстæджы, уæддæр нæ цыдæр ныфс уыд, ома, ахæм чысыл сабитæм сæ къух куыд хъуамæ сисой марыны охыл, фæлæ фыдæнхъæл фестæм, лæгсырдтæ разындысты тынг æлгъаг æмæ æппындæр ницæуыл æлгъ кодтой, афтæмæй фыдудæй мардтой уыйбæрц адæмы. Рацыд иу бон, дыккаг бон, фæлæ амынæты кæй акодтой, уыдоны хъысмæты тыххæй бæстон хабар ничи зыдта, адæймаг хъуыста алыгъуызон дам-думтæ. Алчидæр æй бамбæрста хабар æнæ удызиæнттæ кæй нæ ахицæн уыдзæн, уый. О, фæлæ уæд афтæ æнхъæл ничи уыд æмæ дзы уыйбæрц цардбæллон удтæ  бабын уыдзысты. Адæм зæрдæхъæрмттæ кодтой афтæмæй кæрæдзи фарстой. Цæй тыххæй? Цæмæн æрцыд ахæм хабар Ирыстоны? Кæмæн цы ракодтой æнæхин суинаг кæстæртæ, бирæтæ дзы фыццаг хатт куы бавæрдтой сæ къах скъолайы къæсæрæй, уæд сын цæмæн ссис сæ фыццаг дзæнгæрæг фæстаг дзæнгæрæг. Сæ тæригъæдмæ кæсгæйæ, мах дæр нæ цæстысыгæй нæхи æхсадтам, æндæр сын цы нæ бон уыд баххуыс кæнын. Æнæ уæлдæф æмæ фыртæвды сулæфæн цы спортзалы нæ уыд, уым сæ алыварс алыгъуызон рæмудзæн æрмæджытæ, афтæмæй уынгæджыйы бонтæ арвыстой æнæаххос адæймæгтæ, донмæ бæлгæйæ зæрдæхъæрмттæ кодтой, фæлæ лæгсырдтæм цы хъардта. Дойнаг дур дæр фæркгай фæхаудаид ацы суинаг цардбæллон кæстæрты тæригъæдмæ кæсгæйæ, уæд уыцы цъаммæртты цы мæдтæ ныййардтой, цы мæдтæ сын бадардтой мады æхсыр. Сывæллæтты тæригъæдмæ кæсгæйæ, æнæхъæн дуне зæрдæскъуыдтæ куы кодта, уæд дыкъахыг сырдтæн сæ риуты зæрдæты бæсты дойнаг дуртæ уыд, æниу дойнаг дур дæр нæ бафæрæзтаид ахæм тæригъæдтæн.

Ацы æвирхъау трагедийæ кæд 13 азы рацыд, уæддæр махæй алкæйы зæрдыл дæр лæууы, раст цыма знон уыд, афтæ. Уыцы зæрдæскъуынæн кадртæм кæсгæйæ, ныр  13 азы фæстæ дæр цæстысыгтæ фемæхсынц æнæвгъау. Нæ, ахæм диссаг нæ зæрдæтæй никуы ферох уыдзæн æмæ нын цæрæн-бонтæм уыдзæн риссаг, йæ туг кæмæн мæцы, ахæм хъæдгомы хуызæн. Куыд хъуамæ ферох уа 2004 азы 12-æм сентябры Аркадий Мамонтов «Сæрмагонд уацхæссæджы» Беслæны тыххæй цы алæвæрд равдыста, уый, кæцыйæн йæ сæйраг хъайтар уыд чысыл чызг-амынæт. Англисаг  рауагъдон компани «The Sundau Times»-ы мæскуыйаг корпункты фотоуацхæссæг Дмитрий Беляков уыцы рæстæджы кæд йæ цардæн тæссаг уыд, уæддæр йæ исæн камерæйæ иста, адæймаджы дисы чи æппæрста, ахæм трагикон кадртæ. Камерæйы объективмæ бахаудта чысыл чызг, кæцыйы срæмыгъды уылæн раппæрста рудзынгæй. Чызг къулыл æнцойгæнгæ, рахау-бахаугæнгæ тыххæйты слæууыд йæ къæхтыл æмæ йæ тугæйдзаг къахыл къуылых-къуылыхгæнгæ ацыд къулы цурты æмæ саст рудзынгыл фæстæмæ хизын райдыдта спортзалмæ.

– Кæдæм бырыс?! Куы амæлдзынæ уым уæд!..  хъæр кодта фырдиссагæй фотоуацхæссæг. Фæлæ ахæм карз тохы æхстытæй цы хъуамæ фехъуыстаид чысыл чызг, æввахс бацæуæн та йæм бынтондæр нæ уыд. Мах дæр нæ улæфт бауромгæйæ, кастыстæм æмæ хъæр кодтам чысыл чызгмæ, мауал сбыр уыцы рудзынгæй мæлæты дзыхмæ, фæлæ нæ хъæр æрмæстдæр хъуыст нæхимæ. Уый фæстæ Дмитрий Беляков тынг тыхст æмæ цымыдис кодта, йæ чысыл хъайтар цы бацис, уымæ. Мæлæтæй аирвæзт æви амард? Чызджы ныв йæ къухты, афтæмæй  æнæхъæн суткæйы дæргъы рацу-бацу кодта горæты къуымты æмæ йæ ссардта сывæллæтты республикон рынчындоны хирургион хайады. Уый разынд 7-аздзыд чызг Сидахъаты Аидæ. Куы йæ бафарста, фæстæмæ спортзалмæ цæмæн бабырыд, уый тыххæй, уæд ын сдзуапп кодта, зæгъгæ, уым уыд мæ мад æмæ йæ, зæгъ, куыд хъуамæ ныууагътаин… Абон ыл цæуы 20 азы.

Тугдзых сырдтæ хынджылæг кодтой амынæттæй, бакодтой-иу сæ доны цурмæ, зæгъгæ дзы уæ цæсгæмттæ æрæхсут, фæлæ, дам, дзы иу хуыпп дæр чи акæна, уыдоны, дам, фехсдзыстæм. Зыдтой йæ, фырдойныйæ сæ бон дзурын дæр кæй нал у, уый æмæ сæ барæй доны цурмæ кодтой. Куыд сæ бон бацис  тугдзых сырдтæн, фыртасæй сæ гыццыл къухтæй сæ сæртыл чи ныхæццыд æмæ афтæмæй чи фæцæйлыгъд судзгæ скъолайæ сæ удтæ аирвæзын кæныны охыл, уыцы сабитыл фæстæрдыгæй автоматтæ суадзын. Нæ, уыдон мæдтæ нæ ныййардтой, уыдон æгъатыр хъæды сырдтæ уыдысты. Кæсыс 2004 азы 3-æм сентябры Беслæны 1-æм скъолайы æрцæугæ трагикон цаутæм æмæ фырæдыхæй зæрдæ скъуыдтæ кæны уыцы сабиты тæригъæдæй, хатт адæймаджы зонд фæкуыддæр вæййы: нæ ацы нывтæ фыныфенгæ нывтæ сты, æндæра йæхи лæджы фырт чи фæхоны, уый къух сывæллоны марынмæ куыд хъуамæ батаса.

Ивгъуыд аз газет «Северный Кавказ»-ы бакастæн Анна Максименкойы уац «Уроки Беслана», зæгъгæ. Уым ис уацхæссæджы интервью Беслæны 1-æм скъолайы историйы ахуыргæнæг, теракты  амынæт Гуриты Надеждаимæ. Ацы уац бакæсгæйæ, зæрдæ фæцæйскъуыд. Ацы сылгоймаг теракты фесæфта йе ‘ртæ хъæбулæй дыууæйы, баззад ма йын иу чызг. «Æз рацыдтæн куыстмæ ноябры кæрон. Фæцæуын  къæлидоры æмæ бахæццæ дæн мæ фырты къласы цурмæ. Мæ размæ ралыгъд мæ хъæбулы æмкъласон æмæ мæм хъæр кæны: Надежда Ильяйы чызг, куыд хорз у куыстмæ кæй рацыдтæ, уый. Борик дæр демæ ис? Уæд алчи нæма зыдта сæрæгасæй чи баззад æмæ чи фæмард, уыдоны тыххæй. Мæнæн мæ зæрдæ фæцæйскъуыд, фæлæ мæхи ныффидар кодтон. Фыццаг урок махæн уыд кæуыны урок. Мах иууылдæр кæрæдзийыл ныттыхстыстæм, афтæмæй бадтыстæм æмæ куыдтам. Уæд æй бамбæрстон сывæллæтты куыд тынг хъæуын. Æз æй бамбæрстон скъолайы цы аразын, уый аразын сæрæгас сывæллæтты æмæ уыдоны мысынады тыххæй, кæцытæ цæрæнбонтæм хуыссгæйæ баззадысты «Зæдты горæты». Мæ царды уый у иууыл ахсджиагдæр. Никæйы фæнды уыцы уæззаудзинæдтæ мысын. Арæх хъусæм ахæм ныхæстæ: Афон уын у уыцы цауты ферох кæнынæн. Афон у, цæмæй ууыл мауал дзурæм! Фæлæ куыд гæнæн ис ферох кæнын сывæллæтты уæлмæрд «Зæдты горæты» тыххæй. Куыд гæнæн ис не скъолайы пырх бæстыхайы ма фиппайын? Куыд æй хъуамæ ферох кæнон кæд æмæ мæ дыууæ хъæбулы æмæ мæ уарзон ахуыргæнинæгтæ  фæмард сты ацы трагедийы, уæд?», – радзырдта Гуриты Надежда.

2004 азы 1-æм сентябрæй фæстæмæ Зонындзинæдты бон Ирыстоны у куыд цины, афтæ хъыджы бон дæр. Ацы нысаниуæгджын боны Хуссар Ирыстоны скъолаты дæр æрæмысынц, уыцы зынгхуыстыты рухс нæмттæ. Ныр дæр та уыд афтæ. Цæргæ-цæрæнбонты уыцы чысыл удты тæригъæд нæ зæрдæтæй никуы схицæн уыдзæн. Уас сын сæ тæригъæд ма ныббарæд Стыр Хуыцау ацы трагеди сорганизацигæнджытæн. Уыцы æлгъыст спортзалæй удæгасæй чи раирвæзт, уыдоны кæд хъуамæ ферох уой, уыцы зындоны 52 сахаты цы хъизæмæрттæ арвыстой, уыдон. Цæрæнбонты сæ зæрдæтæ хъæдгомæй баззайдзысты. Кæд 13 азы рацыд, уыцы æнамонд бонæй, уæддæр абоны онг дæр бæрæг нæма у йæ аххосаг æмæ нысаниуæг, цæй тыххæй арæзт æрцыд ахæм стыр фыдракæнд, уый. Абоны онг дæр дзуапп бæргæ домынц беслæйнаг мæдтæ, фæлæ сын лæмбынæг дзуапп ничи ма радта сæ фарстайæн. Цæй тыххæй? Куыд æруагътой ахæм æбуалгъы диссаджы трагеди?.

Фæлæ знæгты фыдæнæн ацы горæты цард не ‘рлæууыд. Æвзонг адæймæгтæ кæрæдзи бауарзынц, сæ цард баиу кæнынц, райгуыры сын сывæллæттæ. Æмæ уый та нысан кæны, Беслæны сомбон кæй уыдзæн ирд æмæ хъæлдзæг. Æцæг, фæззыгон æрхæндæг-дзинады бур фæлгъуызимæ…

Джиоты Екатеринæ

Comments are closed, but trackbacks and pingbacks are open.