Рæстæг æнæрынцойæ згъоры размæ, йæ фæстæ мæйтæ, азтæ уадзгæйæ… Ныр дæр та йæ фыццаг бонтæ нымайын райдыдта ног, 2024 аз. Фæлæ цасфæнды рæстæг ма рацæуа, уæддæр Ног азы æрбалæуд æмæ Цыппурсы бæрæгбонимæ нæ цæстытыл ауайынц 33 азы размæйы трагикон цаутæ. 33 азы сæххæст 1991 азы 6-æм январы гуырдзиаг тыхæйисджытæ фынæй Цхинвалмæ куы æбабырстой æмæ ирон адæмæн тугæйдзаг Цыппурс куы сарæзтой, уыцы боныл.

1991 азы 6-æм январы райсомæн абарæн ис 2008 азы 8-æм августы райсомимæ. Кæд августы адæм дисы бахаудтой гуырдзиаг танкæтæ горæты уынгты кæй рацу-бацу кодтой, уымæй, уæд 1991 азы январы та – Цхинвалы центры гуырдзиаг милици кæй соккупаци кодта, уымæй. Цхинвалы уынгты лæууыдысты афтæхуыйнæг милици, сæ иу хай – куыйтимæ. Фæcтæдæр, куыд августы, афтæ уæд дæр райдианы хуымæтæджы адæм æмæ оккупанттæ дæр хъуыды кодтой, зæгъгæ, Цхинвал фесæфта  ныхмæ фæлæууыны фæндондзинад. Æхсызгонæн, дыууæ фарсы дæр рæдыдысты…

6-æм январы Цхинвалы цæрджытæ æхсæвы сæ тæккæ фынæйыл куы уыдысты, уæд гуырдзиаг дыкъахыг сырдтæ та Уæрæсейы мидæггагон æфсæдты дæлхайы командæгæнæг-уæйгæнæг инæлар Малюшкины гадзрахатон архайды фæрцы, маргджын кæлмытау, æнæнхъæлæджы æрбахылдысты Цхинвалмæ. Кæд уый размæ, 1990 азы фæззæджы адæм бирæ æгъуыссæг æхсæвтæ арвыстой сæ горæт хъахъхъæнгæйæ, уæд адæмы цыдæр ныфс бацыд, уæйгæнæг инæлар Малюшкины сидты фæстæ. Уый йæ сидты хуссарирыстойнаг адæмæн баныфсæвæрдта, зæгъгæ, сын гуырдзыйы ‘рдыгæй æппындæр ницы тас у. Æмæ адæм дæр æнцад-æнцойæ фынæй кодтой сæ хъарм уæтты. Цæмæй йæ зыдтой, райсом раджы сæм, Цыппурсы размæ, цы «сюрприз» æнхъæлмæ кæсы. 5-6 январмæ республикæйы къухдариуæгады æнæбафæрсгæйæ, æхсæвы Советон Цæдисы мидæггагон æфсæдтæ, кæцытæ хъуамæ хъахъхъæдтаиккой горæты цæрджыты æнцойад, систой сæ постытæ æмæ ацыдысты. Райсомæй адæм æнæхонгæ уазджыты хъæрахст æмæ куыйты рæйынмæ куы райхъал сты, уæд сæ цæстытыл нæ баууæндыдысты. Уынгтæ бæз-бæз кодтой æнæзонгæ, æнæдаст хотыхджынтæй, сæ уæлæ милицийы дарæс, афтæмæй. Кæуыл дзы уыд иу пъагон, кæуыл – дыууæ, фæлæ æндæр æмæ æндæр цинты нысæнттимæ. Семæ – сæхи хуызæн хъыхъхъаг куыйтæ. Фæтк æвæрынмæ, дам, æрбацыдыстæм æмæ бацахстой горæты уынгтæ…

«Куыйтæ горæты»

Куыд дзырдтой, афтæмæй иу ацæргæ сылгоймаг талынджы цыд уынгты иу хæдзарæй иннæмæ æмæ хъæр кодта «Куыйтæ горæты», зæгъгæ.

Малюшкин йæ мысинæгты куыд фыста, уымæ гæсгæ йын 5-æм январы бардзырд радтой постытæ сисыны æмæ мидхъуыддæгты министрады мидæггагон æфсæдты сæрмагонд сконды казармæтæм акæныны тыххæй. Йæ ныхæстæм гæсгæ уынаффæ райста мидхъуыддæгты министрады уæды министр Борис Пуго Горбачевы æмразыйæ. Постытæ систой, фæлæ Хуссар Ирыстоны къухдариуæгады ничи бафæдзæхста.  Æппæт Гуырдзыстонæй милицийы кусджыты æрæмбырд кодтой Гуры. Ахæсттæтæй кæй рауагътой, уыцы лæгмартæ æмæ наркомантæн дæр байуæрстой Гуырдзыстоны милицийы формæ. Уый фæстæ сæ сбадын  кодтой автобустыл æмæ сæ аластой Ирыстонмæ, командировкæйы нысæнтты тыххæй сын ницы загътой, афтæмæй.

Афтæ райдыдта гуырдзиаг æрбабырст. Уыдон бацахстой горæты центр, паддзахадон драмон театр, посты бæстыхай, уазæгдон «Ирыстон», горæты стадион, 13 Коммунары уынг, 2-æм æмæ 4-æм скъолатæ, афтæ ма Згъудеры уæлмæрд дæр. Се штаб уыд  абоны Мидхъуыддæгты министрады бæстыхайы. Уым уыд Цхинвалы комендант Кванталиани дæр. Хуссар Ирыстоны хъахъхъæнынады штаб та уыд Цхинвалы горæххæсткомы бæстыхайы, цыран æппынæдзух уыдысты Хъуылымбегты Торез æмæ Хуссар Ирыстоны æндæр бæрнон адæймæгтæ. Уырдæм-иу æрбацыдысты къордты командиртæ. Ацы бæстыхаймæ-иу æрбацыдысты ирон хъæутæй лигъдæттæ. Уыдон-иу сæ сывæллæттимæ регистраци рацыдысты 1-æм уæладзыджы æмæ-иу сæ уый фæстæ акодтой сæ хæстæджытæ.

Хæст фыццаг бонтæй фæстæмæ æрбангом кодта Цхинвалы цæрджыты. Хъæуты дæр арæзт цыдысты хибахъахъхъæныны къордтæ æмæ, æгæрыстæмæй, бæхджын къордтæ дæр, кæцыты хъазгæйæ хуыдтой «Плиты Иссæйы кавалери».  Иууылдæр хайад истой райгуырæн зæхх бахъахъхъæныны. 1989 азы 23-æм ноябры гуырдзиаг «митинггæнджыты» колоннæ чи æрурæдта, уыцы лæппутæ сæхи цæттæ кодтой тохмæ. Фæлæ сæ уæддæр ныфс уыд кризис сабырадон æгъдауæй аскъуыддзаг кæнынæй. Æнхъæлмæ кастысты Мæскуыйæ бардзырд райсынмæ, кæцы гуырдзиаг боевикты фæстæмæ Тбилисмæ арвыстаид. Ничи уыд туг ныккæлыны æнхъæл. Фæлæ уæдмæ ныккалд фыццаг туг, фæцæфтæ сты цалдæр адæймаджы.

Фыццаг амæттæгтæ

6-æм январы гуырдзиаг бандиттæ æрцахстой 16 æвзонг  адæймаджы. Амынæттимæ автобус лæууыд Исахъы æмæ Октябры уынгтæ кæм иу кæнынц, уым. Ацы хабар фехъусгæйæ, адæм ныггуылф кодтой уырдæм æмæ домдтой, цæмæй сæ ауагътаиккой. Фæдзырдтой, гуырдзиагау чи зыдта, ахæм адæймагмæ, фæлæ уый ницы ма ратæлмац кодта, афтæмæй сæ ныхмæ кæцы гуырдзиаг лæууыд, уый уæлдæфмæ фехста. Мидхъуыддæгты горæты управленийы кусджытæ бафæлвæрдтой амынæтты ссæрибар кæнынмæ, фæлæ гуырдзиаг бандиттæ райдыдтой æхсын. Æхстыты фæстиуæгæн фæмард милицийы старшинæ  Коцты Григори. Уый йæ риуæй бамбæрзта сывæллæтты. Дыккаг бон, 7-æм январы та фæмард Габоты Мурат, уый фæстæ Бæгъиаты Станислав. 8-æм январы та хъæбатырæй фæмард Тасойты Инал (Коммунист). Гуырдзиаг абырджытæ горæты уæлмæрдыл кæй контроль кодтой, уымæ гæсгæ æртæйы дæр баныгæдтой 5-æм астæуккаг скъолайы кæрты. Уыдон систы фыццæгтæ ацы скъолайы кæрты æнустæм æнцойад чи ссардта…

7-æм январы Советон Цæдисы Президент М.Горбачев йæ къух æрфыста барамындыл, цыран бардзырд лæвæрдта дыууæ фарсæрдыгæй дæр хæстон архайдтытæ æруромыны тыххæй. Фæлæ уымæ нæ кæсгæйæ, хæстон архайдтытæ дарддæр кодтой. Цхинвал фактон æгъдауæй уыд дыууæ хайыл дих – хурскæсæн, кæцыйы рæстæгмæ соккупаци кодтой знæгтæ æмæ ныгуылæн хайыл, кæцыйыл контроль кодта республикæйы Уæлдæр Совет. Хибахъахъхъæныны тыххæй сырæзт цалдæр штабы. Хæстонтæ æрвылæхсæв дæр ныхкъуырд лæвæрдтой знагæн. Уæдмæ Гамсахурдиа «ирæтты гуырдзиаг æфсæйнаг уисойæ асæрфынæн» цы рæстæг рахицæн кодта, уый кæронмæ бахæццæ. Ирон лæппуты æхсардзинад Тбилисы дисы баппæрста, сæ фæразондзинад сын уыд æнæнхъæлæджы.

Гуырдзиаг лæгмартæн нæ батадысты сæ фыдмитæ. Цхинвалы уынгты цалдæр боны фæуыны фæстæ тарды баййæфтой сæ худинаг сæ фæстæ ныууагътой, афтæмæй. Уыцы рæстæджы фæзынд ахæм анекдот. Гуырдзыстоны президент Гамсахурдиа хыл кæны мидхъуыддæгты министр Дилар Хабулианимæ: «Дæу æмæ дæ милиционерты Цхинвалмæ цахæм нысан сæххæст кæнынмæ арвыстон? – Цæмæй асурæм ирæтты! – Уæдæ уырдыгæй цæмæн алыгъдысты гуырдзиæгтæ!?.

1991 азы сау январь æрхаста бирæ  уды зиæнттæ, кæцыты никуы ферох кæндзысты уыцы цауты хайадисджытæ æмæ æвдисæнтæ. 1991 азы 6-æм январы ирон адæм бамбæрстой, фæстæмæ сын фæндаг кæй нал ис, уый. Бамбæрстой уый дæр, æмæ æрмæстдæр хæдбардзинады сæрыл тох Хуссар Ирыстоны  кæй æркæндзæн Уæлахизмæ. Хуссарирыстойнаг адæммæ разæй æнхъæлмæ кастысты дæргъвæтин уæззау азтæ…

Кæд тугæйдзаг Цыппурсæй 33 азы рацыд, уæддæр йæ арф фæд ныууагъта хуссарирыстойнаг адæмы зæрдæты æмæ цæрæнбонтæм баззад удæгас хъæдгомау.

ДЖИОТЫ Екатеринæ

Добавить комментарий

Ваш адрес email не будет опубликован. Обязательные поля помечены *

Этот сайт использует Akismet для борьбы со спамом. Узнайте, как обрабатываются ваши данные комментариев.