Адæймаг куы фæзыны а-дунемæ, уæд ын хъысмæт сныв кæны йæ дарддæры цард. Царды чи зынтæн фæразон вæййы, кæмæн та йæ цард йæхи фæндиаг ацæуы. Чи та йæ цард æгасæйдæр снывонд кæны йæ райгуырæн бæстæйæн, æмæ йæ хæрзиуæгæн цæттæ вæййы мæлæтмæ дæр.

Æвæдза, адæймаджы цард дидинæгæй хъауджыдæр нæу. Сæууон дидинæг райсомæй йæ сæр сдары худгæ хурмæ, æмæ йыл изæры ирдгæ куы сæмбæ-лы, уæд йæ «уæнгтæ» æркалы.

Адæймаг дæр афтæ, фæзыны а-дунемæ, йæ фæстæ ныу-уадзы ирд тæлмæнтæ, фæфæн-ды йæ зæрыбонты дæр исты хорз хъуыддаг саразын, цæмæй йæ фæстæ ныууадза хорз фæд.. ахæм ирд фæд ныууагъта йæ фæстæ дæлбулкъон Гасситы Хъазбег Дауыты фырт дæр. Уый райгуырд 1940 азы Хуссар Ирыстоны хъæуы колхозон бинонты ‘хсæн. Йæ хъомылгæнæг фыд Дауыт уыд раззагон кусæг, куыста: ахуыргæнæгæй зæронд фæлтæрæн (ликбезтæн) колхозы бригадирæй. Хорз кæй куыста æмæ йын иттæг хорз æнтыстытæ кæй уыд, уый тыххæй йæм æрсидтысты æппæтцæдисон равдыстмæ Мæскуымæ. Хъазбег ма хæрзчысыл лæппу уыд, афтæ райдыдта Стыр Фыдыбæстæйон хæст. Йæ хъомылгæнæг фыд фæцыд Стыр Фыдыбæстæйон хæстмæ, хайад иста кусæгон баталоны. Хæст куы фæци, уæд æрыздæхт йæ райгуырæн хъæу Ортъеумæ æмæ дарддæр куыста колхозы бригадирæй.

Чысыл Хъазбег уæд хæст цы у, уый æмбаргæ дæр нæ кодта, фæлæ-иу хæсты фыдгæнджыты йæ чысыл зæрдæйы ныв кодта бирæгъты хуызы. Хъæдын мигæнæнтæй-иу арæзта алыхуызон хæцæнгæрзтæ æмæ-иу афтæмæй «тох кодта» знаджы ныхмæ.

Хъазбег скъоламæ цæуынхъом куы фæцис, уæд бацыд Ортъеуы æнæххæст астæуккаг скъоламæ æмæ йæ каст фæци æнтысгæйæ. Скъола каст фæуыны фæстæ йæ ахуыр адарддæр кодта Уанаты астæуккаг скъолайы æмæ йæм æрсидтысты Советон Æфсады рæнхъытæм. Службæ кодта горæт Мæскуыйы.

Æфсæддон хъуыддагмæ хорз кæй рæхстис, уый тыххæй йын 3 мæйы фæстæ радтой хистæр сержанты цин. Йе ‘фсæддон къухдариуæггæнджытæ дзы тынг райгонд уыдысты æмæ-иу ын уый тыххæй йæ ныййарджытæм арфæйы фыстæджытæ æрæрвыстой.

Æвæццæгæн, ын хуыцауæй нывгонд уыд æфсæддон хъуыддаг. Йæ зæрдæмæ афтæ тынг фæцыд æмæ йын уый фæдыл ахуырмæ æнæ ацæугæ нал уыд.

Службæйы фæстæ Тюмены областмæ æфсæддон ахуыргæнæндонмæ горæт Солянмæ æмæ йæ фæци иттæг хорз бæрæггæнтимæ.

Ахуыры фæстæ æрцыд йæ раттæг Ирыстонмæ æмæ бацыд Хуссар Ирыстоны областон æфсæддон къамисариатмæ. Йе ‘фсæддон цæттæдзинад бæр-зонд æмвæзадыл кæй уыд, уый тыххæй æрвыст æрцыд Сыбырмæ горæт Благовещенскмæ йæ квалификаци фæбæрзонддæр кæнынмæ. Цыбыр æмгъуыдмæ уым райдыдта кусын æмæ та ацы ран дæр æвзонг лæппу разынд цæвиттойнаг. Уырдыгæй йæ хорз куысты тыххæй æрвыст æрцыд цалдæр хатты горæт Целинамæ тыллæг æфснайынмæ. Мæскуыйæ-иу бæрæггæнæг куы æрцыд Уæрæсейы хицауад, уæд-иу 1-аг бынаты кæддæриддæр лæууыд йæ ротæ.

Йæ къухты хорз æнтыстытæ кæй æфтыд, уый тыххæй æрвыст æрцыд Германмæ, Берлинмæ хæстæг. Уым баслужбæ кодта пенсийы ацæуыны кармæ. Цхинвалы йын лæвæрд æрцыд 3-хатæнон фатер. 1988 азы бацыд æфсæддон хъахъхъæнынадмæ.

1989 азы 23 ноябры гуырдзиаг лæгхортæ куы æрбабырстой Ирыстонмæ, уæд активон хайад иста Мад-Ирыстоны бахъахъхъæныны хъуыддаджы. Хъомыл кодта ног æрсидтон салдатты. Йæ фæлтæрддзинад амыдта куыд хистæр, афтæ кæстæр фæлтæрæн дæр. 1992 азы 14 июлы бацыд фидауынгæн-джыты тыхты рæнхъытæм. Йæ къухæй цыдысты мингай цæвиттойнаг салдаттæ, кæцытæ абоны онг дæр бузныг сты Дауыты фыртæй.

Гуырдзиаг-ирон хæст ахаста 20 азы æмæ Хъазбег цæстыгагуыйау хъахъхъæдта Ирыстоны зæхх.

2004 азы Тлиахъан æмæ Сарабукъы бæрзонд бацахста фыдызнаг цыбыр рæстæгмæ. Ацы тохы Хъазбег райста активон хайад. 2008 азы гуырдзиаг тугмондаг сырдтæ цъæх арт бафтыдтой фынæй горæтыл. Уыцы рæстæджы дæр равдыста стыр хъæбатырдзинад йе ‘фсæддон къордимæ.

Стыр цинимæ сæмбæлдис Ирыстоны Хæдбардзинадыл.

Ирыстоны уæззау хъысмæтæй æркодта æдзалмæ, ахицæн ацы дунейæ. Йæ цардæмбал Галинæимæ сын Хуыцау балæвар кодта дыууæ хъæбулы: чызг æмæ лæппу. Йæ зæрдæ цы хъæбултæй рухс кодта, уыдон та фæллой кæнынц сæ радтæг Ирыстоны фæрныгадæн. Уыдонæн дæр кæстæртæ.

Хъазбеджы ном рох никуы уыдзæн куыд йæ бинонтæй, йæ мыггагæй, йе ‘ввахс адæмæй, афтæ йæ Ирыстонæй дæр.

Рухсаг у!

ГАССЕТЫ Анфиса

Дзауы скъолайы ирон æвзаг æмæ

литературæйы ахуыргæнæг

Comments are closed, but trackbacks and pingbacks are open.