Президент Тыбылты Леонид фембæлд, 1992 азы 16 февралы трагикон æгъдауæй чи фæмард, Хуссар Ирыстоны уыцы адæмон артист Сагкаты Валерийы    идæдз  Луизæ Джапаридзеимæ.

«Мах не ‘ппæт дæр бирæ кæй уарзтам, нæ уыцы зынаргъ Сагкаты Валерийы зоны Цхинвалы алы цæрæг дæр. Уый уыд йæ адæмы стыр патриот, фæлдыста æмæ архайдта йæ Ирыстоны хæрзиуæгæн. Уыд йæ бæстæйы интересты хъахъхъæнæг, уæззау дуджы та райста йæ къухмæ хæцæнгарз. Уыд зындгонд спортсмен Коцты Грийы къорды хайадисæг. Хъыгагæн, абон не ‘хсæн нал ис», – банысан кодта Тыбылты Леонид.

Фембæлды рæстæджы Луизæ Джапаридзе бæстæйы сæргълæууæгæн радзырдта йæ проблемæты тыххæй æмæ бахатыд Президентмæ куырдиатимæ, цæмæй йын уыдонæй искæцыты аскъуыддзаг кæнынæн баххуыс кæна. Президент банысан кодта, зæгъгæ, ныридæгæн бахæсгонд æрцыд республикæйы Хицауадæн, цæмæй Цхинвалы Сагкаты Валерийæн цырт сæвæрыны хъуыддагмæ сæ хъус æрдарой.

Мах аскъуыддзаг кæндзыстæм æппæт фарстытæ дæр, уыцы нымæцы ссардзыстæм фæ-рæзтæ, нæ фæсивæдæй æхца æмбырд кæныны хæрзаудæн акци чи райдыдта, уыдонæн æххуысæн», – банысан кодта уый.

Фембæлды кæрон Тыбылты Леонид Луизæ Джапаридзейæн балæвар кодта дидинджыты баст æмæ йын радта æхцайы фæрæзтæ дæр.

Comments are closed, but trackbacks and pingbacks are open.