Республикæ Хуссар Ирыстоны Президент Тыбылты Леониды Барамындæй зынгæ композитор æмæ пианист, РХИ-йы аивæдты сгуыхт архайæг Плиты Жаннæ хорзæхджын æрцыд «РХИ-йы 25 азы банысан кæныны тыххæй» майданæй музыкалон аивады къабазы йе стыр лæггæдты æмæ бирæазон сфæлдыстадон архайды тыххæй.

Плиты Жаннæйæн, кæцы ацы бонты банысан кодта йæ райгуырды 69 азы бон, хорзæх радта Хуссар Ирыстоны культурæйы ми-нистр Остъаты Мадинæ æмæ ма йæм радта æхцайы фæрæзтæ дæр.

Тыбылты Леониды арфæйы адрес бакаст Президенты аппараты Мидæггагон политикæйы уп-равленийы хистæр Уанеты Мурат.

«Æрвитын дæм иууыл хъармдæр арфæйы ныхæстæ дæ райгуырæн боны сæраппонд. Ирд, курдиатджын композитор, иттæг хорз адæймаг уæвгæйæ, ды кæддæриддæр аккаг бынат ахсдзынæ Ирыстоны стыр музыкантты ‘хсæн. Ды бирæ азты дæргъы фæллой кæныс райгуырæн Ирыстоны хæрзиуæгæн, хæссыс стыр бавæрд нырыккон дунеон культурæ æмæ ирон национ аивадмæ. Хуссар Ирыстоны дæуæн ис аккаг кад æмæ дæ зæрдæбынæй уарзынц нæ адæм», – дзырдæуы арфæйы.

Остъаты Мадинæ дæр йæ рады раарфæ кодта Плиты Жаннæйæн йæ райгуырæн боны сæраппонд æмæ йын банысан кодта йæ лæггæдтæ.

«Мах ныридæгæн цæттæ кæнæм Плиты Жаннæйы 70 азы бонмæ. Республикæйы Президент Культурæйы министрадæн бахæс кодта, цæмæй бавдиса фæндæттæ Жаннæйы уацмысты æмбырдгонд рауадзыны фæдыл, кæцы финансгонд æрцæудзæн Президенты фондæй. Мах ныридæгæн æрластам йæ архивы æмæ дарддæр кусдзыстæм, цæмæй мыхуыры рауадзæм йæ уацмысты æмбырдгонд. Ныфс мæ ис, фидæнмæ, 10 февралмæ цæттæ кæй уыдзæн æмæ уæд Плионæн йæ гуырæн бон йæ хæдзары нæ, фæлæ Хицауады Хæдзары кæй нысан кæндзыстæм», – загъта Остъаты Мадинæ.

Плиты Жаннæ Уасилы чызг у советон æмæ уæрæсейаг пианисткæ æмæ композитор. Цæгат Ирыстоны АССР-ы аивæдты сгуыхт архайæг (1989), УФ-йы Паддзахадон премийы лауреат (2002). У 6 симфонийы, 3 балеты, 4 концерты, камерон, вокалон, инструменталон музыкæйы бирæнымæц уацмысты, кино æмæ театралон спектаклты музыкæйы автор.

Плиты Жаннæ у анимацион киноныв «Волшебная свирель»-ы музыкалон автор, кæцыйæн IX Дунеон кинофорум «Золотой витязь»-ы лæвæрд æрцыд «Золотой витязь» (2000 аз), Анимацион кинойы дунеон фестиваль «Золотая рыбка»-йы йын лæвæрд æрцыд  Гран-при, фыццаг преми та йын саккаг кодтой анимацион кинойы æппæтуæрæсейаг фестивалы Тарусы (1999 аз).

2015 азы ноябры Мæскуыйы Плиты Жаннæ бахауд рынчындонмæ бирæнымæц травмæтимæ.

Рынчындоны йын диагноз сæвæрдтой сæрымагъзы уæззау травмæ, цæсгомыл бирæ тугбадтытæ, къамисæны ‘рдыгæй сæры кæхцы, цæсгомы цалдæр раны стæгсæстытæ.

Травмæты фæстæ Плиты Жаннæ цæуынхъом нал у, инвалидон коляскæ ссис йæ бынат.

Comments are closed, but trackbacks and pingbacks are open.