Цытджын  æмзæххонтæ! Зынаргъ хæлæрттæ!

2008 азы 8-æм августы райдыдта Республикæ Хуссар Ирыстоны ныхмæ Гуырдзыстоны æххæстмасштабон хæстон агресси. Уыцы бон Хуссар Ирыстоны ног историйы фыст æрцыд, куыд иууыл æбуалгъдæр тугкалæн бон. Æрвылаз дæр æрымысæм, махæй алкæйы цардыл дæр цы цаутæ бандæвдтой, уыдон. Æрымысæм, нæ республикæйы хæдбардзинады сæраппонд йæ цард чи снывонд кодта, уыцы хъайтарты, хæсты амæттæгты. Уый уыд уæззау рæстæг, сæрибардзинад æмæ хæдбардзинады сæраппонд тохы, уæлахизмæ æнæфæцудгæ тырнындзинад равдисгæйæ, нæ æхсарджын адæм бахъахъхъæдтой райгуырæн зæххыл цæрыны æмæ хæдбар паддзахад аразыны бар.

Гуырдзыстоны гарзджын агресси бауромынæн баххуыс кодта УФ-йы фæндвидар позици. Цалдæр боны дæргъы уæрæсейаг æфсæдтæ нæ Фыдыбæстæ хъахъхъæнджытимæ иумæ фæсырдтой Хуссар Ирыстонæй агрессоры.

Æхсæрдæс азы рацыд, фæлæ зианы æмæ хъынцъымы рыст нæ нымæг кæны адæмы зæрдæты. Нæ хæс у, уыцы хæсты тыххæй мысынад бахъахъхъæнын, нæ сывæллæттæ, нæ фæстагæттæм æй фæхæццæ кæнын.

Æнусон мысынад Республикæ Хуссар Ирыстоны хъахъхъæнджытæн!

Æнусон мысынад фæмардуæвæг хъайтартæн!

Республикæ Хуссар Ирыстоны Парламенты Сæрдар МÆРГЪИТЫ Алан

Добавить комментарий

Ваш адрес email не будет опубликован. Обязательные поля помечены *

Этот сайт использует Akismet для борьбы со спамом. Узнайте, как обрабатываются ваши данные комментариев.