Æрæджы, Дменисы хъæуы. Икъаты Владимиры номыл астæуккаг скъолайы ахуыргæнинæгтæ райстой æхцайы æххуыс – фæйнæ 10 мин сомы. Ахæм æххуыс сын бакодта сæ хъæуæй рацæугæ зынгæ меценат Икъаты Русланбег.

Газеты редакцимæ æрбацыдысты Дменисы хъæуы цæрæг бирæсывæллонджын мæдтæ Лолоты Рената, Цæлыккаты Лаурæ æмæ Бестауты Рая. Уыдон бафæндыд газеты руаджы бузныджы ныхæстæ зæгъын сæ хæрзгæнæг Икъаты Русланæн.

«Райгуырæн къуым æмæ йæ иубæстон адæмыл æнувыд чи вæййы, уый цыфæн-ды дард цæра æмæ куса, уæддæр фидар тæгтæй баст вæййы йæ фыдызæххимæ, нæ дзы хицæн кæны. Икъаты Русланбег Дменисы хъæуы райгуырд, Цхинвалы 3-æм астæуккаг скъолайы ахуыр кодта. Уый фæстæ уæлдæр ахуырдзинад райсынмæ ацыд Цæгат Ирыстонмæ. Уæдæй нырмæ бирæ бæрнон бынæтты куыста, ныртæккæ та у горæт Дзæуджыхъæуы муниципалон иугæнды сæргълæууæг – горæт Дзæуджыхъæуы минæвæртты æмбырды сæрдар. Фæлæ йæ райгуырæн хъæуы цæрджыты нæ рох кæны, цины æмæ хъыджы дæр немæ вæййы», – зæгъы Бестауты Рая.

«Икъаты Русланбег у ахæм адæймаг, кæцы стыр æхцондзинад исы фæкæсынхъуаг адæймæгтæн баххуыс кæнынæй. Йæ хæрзаудæн архайдæй хайджын сты бирæ адæм: хиуæттæ, сыхæгтæ, хъæубæстæ æмæ бирæ æндæртæ. Растдæр Икъаты Русланбеджы хуызæн адæймæгты фæрцы кæны цард рæсугъддæр. Чизоны кæмæдæрты афтæ фæкæса, ома, æххуыс кæны æрмæстдæр æххуысхъуаг адæмæн, фæлæ уый раст нæу, йе ‘ххуыс ын æнкъарынц хицæн æмæ хицæн организацитæ, уагдæттæ дæр. Йе ‘ххуысæй Цæгат Ирыстоны цы реабилитацион центр сырæзт рынчын сывæллæттæн, уырдæм хос кæ-нынмæ цæуынц Хуссар Ирыстонæй сахъат сабитæ дæр. Афæдзы мидæг уый саразы цалдæр хæрзаудæн акци канд Цæгат Ирыстон-Аланийы нæ, фæлæ Хуссар Ирыстоны дæр. Ныр дæр та  ног ахуыры азмæ уый Дменисы скъолайы ахуыргæнинæгтæн се ‘ппæттæн дæр æрæрвыста фæйнæ 10 мины. Уыцы æххуысы фæрцы ныййарджытæн сæ бон ссис скъолайон формæты комплекттæ балхæнын. Ахæм акцитæ уый саразы æрвылаз дæр. Æрæрвиты спортивон инвентарь æмæ спортивон формæ сывæллæттæн. Сывæллæтты ныййарджытæн уымæй æрхæссы æхцондзинад. Алкæй сывæллон дæр Хуыцауæй фæдзæхст уæт, фæлæ искæй сывæллон куы фæрынчын вæййы, уæд ныфс Икъаты Русланбегæй авæрынц. Уый кæд стыр бынаты кусы æмæ æнæвдæлон вæййы, уæддæр рæстæг ссары тыхст адæймаджы хъуыддаг саразынæн», – афтæ радзырдта Цæллыгаты Лаурæ.

«Стыр æххуыс кæны Икъаты Русланбег дменисæгтæн. Æхцондзинад исы йæ хæрзаудæн архайдæй. Зæгъæм,  Дменисы хъæуы скъолайы иу хæдзарæй ахуыр кæны авд сывæллоны. Уыдонæй авдмæ дæр æрхауд фæйнæ 10 мин сомы. Сæ мад Хъотайты Эммæ уыцы æхцайы фæрæзтæй канд сывæллæтты не срæвдз кодта скъоламæ, фæлæ ма зымæгмæ æрласын кодта суг дæр. Мæхæдæг та æртæ сывæллоны мад дæн, 30 мин сомы райстон. Уый тынг хорз æххуыс у бирæсывæллонджын мадæн. Фæнды нæ, цæмæй Икъаты Русланбеджы хуызæн зæрдæхæлар адæймæгтæ фылдæр уа нæ Ирыстоны. Алкæддæр æххуысхъом куыд уа, йæ цардæй йæ  зæрдæ куыд рухс кæна, ахæм амонд æй уæт», – загъта Лолоты Ренатæ.

Уазæгты Марфа

 

Comments are closed, but trackbacks and pingbacks are open.