Бæлас адæймагæн æнæниздзинад хæссæг у. Уымæн фæзæгъынц: «Хъуамæ алы адæймаг дæр æнæмæнг йæ царды сараза хæдзар, ныссадза бæлас æмæ рауадза цот». Нæ горæт рагæй дæр цæвиттойнаг уыд: бирæ бæлæстæ сагъд дзы уыд æмæ цъæх-цъæхидæй зындысты. Уæлдай рæсугъд æмæ аив та дардтой сæхи, Мæскуыйы уынджы цы цъæх назбæ-лæстæ уыд, уыдон. Сагъд уыдысты уынджы дыууæ фарс æмæ æнæниз-дзинады хос уыдысты, ам цы адæм цæрынц, уыдонæн.

Хъыгагæн, уыдон хъыгдард баййæфтой, ацы уынг капиталонæй арæзт куы æрцыд, уæд. Куыд зонæм, афтæмæй ам канд асфальт æвæрд нæ цыд, фæлæ ма баивтой коммуникацийы æппæт хызæгтæ дæр. Хæрзарæзтады кусджытæ кæд тырныдтой, цæмæй æнусон нæзыты уидæгтæ ма бахъыгдарой, уæддæр æндæр гæнæн кæй нæ уыд, уымæ гæсгæ лыг æрцыдысты иуæй-иу бæлæстæн сæ уидæгтæ.

Тæссаг уыд дымгæ бон мыййаг куы рафæлдæхой бæлæстæ, æмæ зиан куы æрхæссой, канд, уынджы хæдзæрттæн нæ, фæлæ, сæ бынты чи цæуы, уыцы адæймæгтæн дæр.

Мæскуыйы уынджы цæрджытæ æрæмбырд кодтой къухфыстытæ, æмæ сæ бахастой горæты администрацимæ. Сæ куырдиаты уыдон домдтой, цæмæй сæ бахизой фыдбылызæй — дымгæ бон бæлæсты змæлдæй бæрæг у, сæ уидæгтæ фидар кæй нал сты æмæ тæссагдзинад кæй хæссынц.

Ацы фарст сахуыр кæныны хæс лæвæрд æрцыд Хуссар Ирыстоны паддзахадон æвæрд зонæйы директоры хæдивæг, дендролог Къæбулты Зауырæн. Лæмбынæг анализтæ скæныны фæстиуæгæн, уый фехъусын кодта: «Бæлæстæ сты тынг хъыгдард æмæ хæссынц тæссагдзинад канд уынджы цæрджытæн нæ, фæлæ ма фистæгæй цæуджытæн дæр. Уымæ гæсгæ сæ хъæуы æвæстиатæй ралыг кæнын. Мах хæрзарæзтады управлениимæ иумæ рахастам вазыгджын уынаффæ: æвæстиатæй ралыг кæнын хъæуы ацы назбæлæсты æмæ сын сæ бынаты ныссадзын хъæуы æндæртæ». Ивгъуыд къуыри горæты администрацийы хæрзарæзтады управленийы кусджытæ æрæвнæлдтой хъыгдард æмæ тасхæссæг бæлæстæ лыг кæнынмæ, сæ бынæтты та сын ныссагътой нæзы талатæ, уыдон æлхæд æрцыдысты Цæгат Ирыстоны. Хæрзарæзтады кусджытæ куыд зæгъынц, афтæмæй «Нæзы талатæ донхæр цæудзысты къуыри дыууæ хатты. Уымæй дарддæр ма сын сæ зæхмæ мæй иу хатт хæсдзысты хъацæнтæ, цæмæй тагъддæр рæзой. Дæс азы фæстæ ацы уынг уыдзæн, раздæры азтау, рæсугъд æмæ аив. Æмæ та суыдзæнис ацы уынджы цæрджыты, нæ горæттæгты уарзон тезгъогæнæг бынат», — зæгъынц хæрзарæзтады кусджытæ.

УАЗÆГТЫ М.

Comments are closed, but trackbacks and pingbacks are open.