Президент Гаглойты Алан РЦИ-Аланийы Сæргълæууæг Сергей Меняйлойæн радта Республикæ Цæгат Ирыстон-Аланийы сырæзтыл 100 азы сæххæсты цытæн рауагъд фыццаг зæрдылдарæн монетæ.

«Нысаниуæгджын бон – РЦИ-Аланийы сырæзты 100 азы юбилеймæ Республикæ Хуссар Ирыстоны Национ банг мæ бахæсмæ гæсгæ рауагъта зæрдылдарæн монетæ. «Символикон у, фыццаг монетæйы дæуæн, цытджын Сергей Иваны фырт, кæй дæттын махæй алкæмæн дæр ахæм нысаниуæгджын боны», – загъта Гаглойты Алан.

Монетæйы аверсыл ис Республикæ Хуссар Ирыстоны Паддзахадон гербы ныв.

Монетæйы реверсыл центры – Фынг-хохы (Столовая гора) силуэты фоны – Дзæуджыхъæуы горæты Кады мемориалы центры æвæрд колоннæйы рельефон хуызист, кæцыйыл ис Уастырджыйы – Ирыстоныл аудæджы статуя.

Галиуæрдыгæй – Алагиры горæты аргъуан, Цæгат Ирыстоны иууыл рагондæр архайæг аргъуантæй сæ иу.

Рахисæрдыгæй – Тæбæхсауты Балойы номыл Цæгат Ирыстоны паддзахадон академион театры бæстыхай æмæ йæ разы Хетæгкаты Къостайы цырт.

Монетæйы уæллаг хайы – Фынг-хохы æмæ мигъты сæрмæ – Алагиры комы нарты эпосы хъайтар Уастырджыйы цыртдзæвæны рельефон хуызист, рахисæрдыгæй бындæр – Хъазбеджы хохы цъупп.

Уæлейæ кантгæрæтты – сыгъзæрингъуыз фыст: «Республикæ Цæгат Ирыстон». Монетæйы бынаг хайы – Дзæуджыхъæуы горæты гербыл нывгонд дзуары хуызфыст. Центрæй бындæр – фыстытæ «1924» æмæ «2024», кæцытæ хицæн сты дзуарæй, стæй ма нымæц «100», йæ кæрæтты – лавры сыгъзæрингъуыз сыфтæ.

 

 

Добавить комментарий

Ваш адрес email не будет опубликован. Обязательные поля помечены *

Этот сайт использует Akismet для борьбы со спамом. Узнайте, как обрабатываются ваши данные комментариев.