Мæ рацæугæ царды фæндаг лæгъз æмæ зæрдæйы фæндиаг нæ уыдис. Бирæ зынтæ æмæ мæстытæ бавзæрстон, фæлæ уыдæтты аххосæй нæ дæр цард, нæ дæр цæрынмæ фæивтон мæ ахаст. – Ахæм хъуыдытимæ мемæ йæ ныхас райдыдта Цхинвалы районы Сатихъары хъæуы цæрæг 89 аздзыд Дыгъуызты-Цъæхилты Фаризæт.

Фаризæт райгуырд æмæ схъомыл нæ горæты. Хъомыл кодта аст хо æмæ æфсымæримæ. Уал сывæллон хъомыл кæнын хуымæтæджы хъуыддаг нæу, уæлдайдæр та уыцы рæстæджы. Райдыдта Стыр Фыдыбæстæйон хæст æмæ кæд сæ фыд Лентъойæн фадат уыд, цæмæй хæстмæ ма ацæуа, хъомыл сæ кæна, уæддæр ацыд æмæ знæгты ныхмæ тох кодта хъæбатырæй.

Кæй зæгъын æй хъæуы, бинонтæ æййæфтой цухдзинæдтæ хæлц æмæ дарæсæй, фæлæ уæд адæмы ахаст, кæрæдзимæ хуыздæр уыд æмæ сын æххуыс кодтой сæ бирæнымæц зонгæтæ æмæ хæстæджытæ. Фаризæтыл аст азы куы сæххæст, куыстуаты къæсæрæй фыццаг хатт уæд бахызт. Уымæй дæр иу рæстæджы куыста дыууæ куыстуаты, Цхинвалы агуириуадзæн æмæ хъæдфадæн заводты. Цы-иу ын  бахæс кодтой, уый-иу æнæбакæнгæ нæ фæци. Хæдзармæ цы фæрæзтæ хаста, уыдон та уыдысты ахъаз æмæ йæ уый ноджы тынгдæр разæнгард кодта куыстмæ. Арæх-иу æм æрцыд йæ ахуыр ныууадзыны хъуыды дæр, фæлæ ахуырмæ  рæвдз кæй уыдис, уый тыххæй, куыд бинонтæ, афтæ хиуæттæ дæр уыдысты йæ ахуыр ныууадзыны ныхмæ. Уæлдай рæвдздæр уыд гуманитарон предметтæ ахуыр кæнынмæ. Стыр тырнындзинад æм уыд уырыссаг æвзаг базонынмæ дæр. Йæ ахуыргæнджытæ ма-иу дис дæр бакодтой, арæх дзы дзырдтой, зæгъгæ уырыссагау куы фæдзуры, уæд ничи рахатдзæнис, ирон чызг дзуры уый.

Фаризæт аст къласы каст фæцис иттæг хорз нысæнттыл æмæ йæ ахуыр адарддæр кодта Цхинвалы педагогон училищæйы. Каст æй фæцис 1954 азы æмæ йын училищæйы разамынд йæ разы сæвæртта фарст, зæгъгæ, кусынмæ дæ кæдæм фæнды, Чъимасы æви Брытъаты скъоламæ. Хъæуты нæмттæ Фаризæт хъусгæ бæргæ фæкодта, зыдта, хæххон хъæутæ кæй сты, фæлæ нæ зыдта, цы бынæтты сты уый æмæ загъта, зæгъгæ, ацæудзынæн Брытъаты  скъоламæ.

Уæд транспорт цыд æрмæстдæр Дзаумæ. Уырдыгæй дарддæр адæм цыдысты фистæгæй. Фаризæт сцæттæ кодта хуыссæнтæ, хæринæгтæ, хъæуæг дзаумæттæ æмæ иу сæумæрайсом балæууыд Цхинвалы автобусты станцы раз. Дзаумæ бахæццæ æнæ уæлдай фыдæбæттæй, фæлæ…

Кæд æй бæстон нæ зыдта, цæмæ æмæ кæмæ æнхъæлмæ кæсы, уæддæр бадт æмæ цалдæр сахаты каст æнхъæлмæ. Иу рæстæджы йæм йæхи баввахс кодта иу ацæргæ нæлгоймаг æмæ йæ фæрсы:  

– Хъæбул,  искæмæ æнхъæлмæ кæсыс æви кæдæмдæр цæуыс?

– Фаризæт æфсæрмгæнгæ зæронд лæгмæ дзуры:

– Æнхъæлмæ никæмæ кæсын, цæугæ Брытъатæм кæнын. Лæгмæ уый дисау фæкаст, фæлæ. Цæуылдæрты ма аныхас кодта йемæ стæй фæцæуæг. Фæцæуæг, фæлæ та чысыл фæстæдæр фæзынд æмæ йын дзуры, зæгъгæ, уæртæ базары иу Брытъатаг лæг цыхтытæ уæй кæны, бафæдзæхстон æй æмæ куыддæр йæ цыхтытæ ауæй кæна, афтæ дæм æрбацæудзæнис æмæ уыимæ ацæудзынæ. Фаризæт дзы тынг фæбузныг.

Бирæ рæстæг нæ рацыд, афтæ цыхтытæ чи уæй кодта, уыцы нæл-гоймаг æд бæх, балæууыд чызджы раз.

– Хорз чызг, Брытъатæм ды цæуыс?

– О, æз цæуын. Нæлгоймаг бæхы рагъмæ баппæрста Фаризæты хæссинæгтæ, саргъы гоппыл сæ фæфидар кодта, йæхимæ дæр ын бахатыд цæмæй сбада бæхыл, фæлæ Фаризæт уæдмæ бæхмæ æввахс цæугæ дæр никуы бакодта æмæ сæ дыууæ дæр бæхы разæй фæцæуæг сты.

Брытъаты хъæумæ схæццæ сты хурныгуылдмæ хæстæг афон.

Уæд Брытъаты цалдæр сых уыд. Цæрджытыл айхъуыст, горæтæй сæм ахуыргæнæг кæй æрбацыд, уый æмæ йын чи хæринаг хаста, чи та йæ хæдзармæ хуыдта.

Фаризæт фæндагыл цæугæйæ куы афæлмæцыд, уæд цасдæрбæцæй æрфæсмон кодта, Брытъатæм кæй рацыд, уый тыххæй, фæлæ йæ фæллад куы ацыд хъæубæстæ æмæ уыцы рæсугъд кæмттыл йæ цæст куы ахаста, сыгъдæг, хæххон уæлдæфæй куы сулæфтытæ кодта, уæд ма йæ цинæн кæрон дæр кæм уыд. Æнæ цины æнкъарæнтæй нæ баззад, хъæуы адæм æй афтæ хорз кæй райстой, алкæй дæр сæ балæггад кæнын кæй фæндыд, уымæй дæр. Æнæфæдисгæнгæ нæ фæцис, йæ бæрны йын цы кълас бакодтой, уым 28 ахуыргæнинаджы кæй уыд æмæ иууылдæр ахуырмæ æвзыгъд кæй разындысты, ууыл дæр.

Фаризæты цы хъæубæстæ, ахуыргæнджытæ æмæ ахуыргæнинæгтæ бауарзтой, уыдон æхсæн ын бирæ бакусын нæ бантыст. Йæ сæр тынгдæр хъуыд Цхинвалы районы Махисы хъæууон скъолайы. Уыцы фæндон ын ахуырады разамынад загъта, фæлæ йæхæдæг цы бакæна, йе ‘мкусджытæн æй куыд зæгъа, уый йæм зын каст æмæ цалынмæ хъуыдытæ кодта, уæдмæ та йæм ногæй бахатыдысты ахуырады разамынд æмæ уæд йе ‘мкусджытæн загъта æндæр хъæумæ йæ кæй æрвитынц кусынмæ. 

Махисы хъæуы цæрджытæ, скъолайы ахуыргæнджытæ æмæ ахуыргæнинæгтæ дæр кæд Фаризæты хорз райстой, уæддæр иудадзыг йæ хъуыдыйы уыдысты йæ фыццаг æмкусджытæ, ахуыргæнинæгтæ æмæ хъæуы цæрджытæ. Æцæг ын, Махисы скъолайы кусын хуыздæр уыд, уымæн æмæ-иу арæхдæр æрцыд Цхинвалмæ, федта æмæ-иу фæцин кодта йæ мад, йæ хотæ æмæ æфсымæртыл. Азылд-иу æввахс хæстæджытæ æмæ зонгæтыл дæр.

Фаризæт ацы скъолайы базонгæ йæ цардæмбал, Сатихъары хъæуы цæрæг Дыгъуызты Барисимæ. Уый та Махисы скъолайы математикæйы ахуыргæнæгæй куыста. Бацардысты æмæ сын сæ ныййарджытæ скодтой дзаджджын чындзæхсæв. Фæзынд сын кæстæр, схуыдтой йæ Мераб æмæ сæхи æввахсдæр райстой сæ райгуырæн хъæумæ. Барис кусын райдыдта Ксуисы астæуккаг скъолайы математикæйы ахуыргæнæгæй. Фаризæт та Дменисы 8-азон скъолайы ахуыргæнинæгтæн уырыссаг литературæ амыдта. Кæд æй æрвылбон дæр куыстмæ авд километрæй фылдæр цæуын хъуыд, уæддæр иунæг хатт дæр  никуы базивæг кодта. Уалдзæгæй фæззæгмæ скъоламæ æмæ фæстæмæ хæдзармæ цæугæйæ æхцондзинад дæр иста,  Фæлæ уæд стыр мит уараг уыд, арæх-иу æй бахъуыд æвæд миты лæгæрдын æмæ ма-иу скъоламæ бæргæ бахæццæ, фæлæ-иу йæ бон урок ауадзын нал уыд.

Ксуисы астæуккаг скъолайы кусын куы райдыдта, уæддæр ын хорз кад кодтой куыд уæды областы, афтæ районы ахуырады разамонджытæ дæр. Бауарзтой йæ йе ‘мкусджытæ æмæ ахуыргæнинæгтæ дæр. Æрхæццæ Барис æмæ Фаризæты иунæг хъæбул Мерабæн бинонтæ æркæныны рæстæг æмæ йын скодтой, хъæубæстæ ма абон дæр кæй æрымысынц, ахæм чындзæхсæв. Фæзынд сын кæстæртæ æмæ ма бинонты цинæн кæрон кæм уыдис. Фаризæт цæмæй йæ хъæбулы хъæбултæм æввахсдæр уыдаид, уый тыххæй кусын райдыдта Сатихъары хъæууон скъолайы.

Цард йæ кæнон кодта. Кæстæртæ рæзтысты, фылдæр кодтой. Хистæртæ та радысты сæ цинæй. О, фæлæ фехæлд, не ‘ппæт дæр буц æмæ сæрыстыр кæмæй уыдыстæм, уыцы Советон Цæдис. Æмæ йæ адæмтæ æрмæст уыцы æнамонддзинадыл куы баззадаиккой, фæлæ уæдмæ æфсымæрты цард чи кодта, уыдон кæрæдзийæн фестадысты знæгтæ. Сæ уавæр уæлдай   мæгуыраудæр рауад ирон адæмæн. Гуырдзыстоны ‘рдыгæй фыццаг алыгъуызон æрдхъирæнтæ райдыта хъуысын, стæй та, макæ зæгъæг сын куы нæ разынд, уæд æрæвнæлдтой се ‘рдхъирæн ныхæстæ æххæст кæнынмæ. Пырх, дæрæн æмæ судзын райдыдтой ирон хъæуты, нæ ауæрстой адæмыл. Æвзарын сын кодтой алыгъуызон зындзинæдтæ.

Уыцы азты гуырдзиаг фыдгæнджытæ цалдæр ирон лæппуимæ æрцахстой æмæ æбæрæгбынат-мæ акодтой Фаризæт æмæ Барисы иунæг фырт Мерабы дæр. Кæд мад æмæ фыд, хиуæттæ æмæ зонгæтæ бирæ архайдтой Мерабы гуырдзиаг фыдгæнджыты къухтæй ссæрибар кæныныл, уæддæр уый сæ къухты не ‘фтыд. Адæм кæд æнхъæлмæ кастысты уавæр фæхуыздæрмæ, уæддæр кодта мæгуырауæй мæгуыраудæр. Æрвылбон дæр-иу адæмыл айхъуыст иуæй иннæ уæззаудæр хабæрттæ. Алчи дæр сфæлмæцыд, фæлæ, æвæццæгæн се ‘ппæтæй тынгдæр Барис. Нал æй уырныдта æмæ ма йæ ныфсы хъæбулы искуы удæгасæй фендзæн. Стæй йæ ахæм хуызы фена, уымæй та тæрсгæ кодта æмæ… Сфæлмæцыд йæ уыцы хъуыдытæй æмæ иу бон йæ къух йæхимæ систа, ацыд цардæй. Фыдгул дæр ма фæуыдаид Фаризæты бынаты, фæлæ ныфæрæзта, йæ хъæбулмæ æнхъæлмæ кæсгæйæ хъомыл кодта йæ хъæбулы хъæбулты. Бирæтæ афтæ кæй фæзæгъынц, зæгъгæ, æмбисæхсæв никæуыл сбон ис, уый раст нæу. Уымæн æмæ уыцы хабар æрцыдис Фаризæтыл. Радон хатт та йæ уаты, йæ цæссыгæй баз куы ныххуылыдз, стæй чысыл куы афынæй, раст дæр уыцы рæстæджы чидæр кæрты дуар  ныххоста.

-Цыдæр æнамонды хабар та мыл æрцыд, ацафон мæм афтæ знæтæй чи хойы, – афтæ дзургæ æмæ зыр-зыргæнгæ сыстад Фаризæт æмæ дуарæрдæм цуттытæгæнгæ фæцæуы. Дуар кæнгæ дæр нæма бакодта, афтæ йæ хъустыл ауад сæ хъæуккаг лæппуты хъæлдзæг хъæлæба. Загътой йын, Мерабы кæй рауагътой. Фæлæ уæдмæ æрбазындысты машинæйы рухсытæ… Мад æмæ фырт ныхъæбыс кодтой кæрæдзи, нал уромынц сæ цæссыг. Сæ куыдмæ сæ цæссыгтæ æркалдысты лæппутæн дæр афтæмæй атагъд кодтой сæ постытæм.

Цæй фынæй ма, сбон кодтой кæрæдзимæ кæсгæйæ, фæлæ Фаризæт уæддæр нæ цæуы йе ‘муд, тæрсы, йæ лæппу йæ куы афæрса, мæ фыд кæм ис, зæгъгæ, уæд ын цы хъуамæ зæгъа, йе ‘фхæрд æмæ фæллад зæрдæ ноджы тынгдæр куы фæрисса, куы нæ йæ бафæраза. Æмæ йæ бафарста. Æмæ та ног маст æмæ æрхæндæгдзинад. Куыддæрты æрсабыр сты, фæлæ бонтæ куыд цыдысты, афтæ Мерабы уавæр кодта мæгуыраудæр. Йæ буары цъæхтæй иутæ бæргæ нал зындысты, фæлæ йæ зæрдæ тынг æхсайы, гуырдзиæгтæ йын цы хостæ лæвæрттой æмæ судзинтæ арозтой, уыдонмæ. Кæд мадæн уыдон тыххæй ницы дзуры, уæддæр ис сагъæсты. Лæппуйы зæрдæ нал агуры хæрд, ныммæллæг. Ныфæсус, йæ ныхас рæстмæ нал хъуысы. Рынчындонмæ йæ бæргæ акодтой, фæлæ фыд гуырдзиæгты над æмæ миты ныхмæ хосты бон ницыуал бацис æмæ …

Фаризæтæн та ног маст, ноджы стырдæр маст, фæлæ загъта, хъысмæты фыдæнæн хъуамæ цæрон, мæ цардæмбал æмæ мæ хъæбулы фæндтæ, сæ аразинæг хъуыд-дæгтæ хъуамæ кæронмæ кæнон. Фаризæт цæры, чи йын феххуыс кæны, арæх æм чи бауайы, ныфсытæ йын чи авæры, уыцы хæстæджытæ, сыхæгтæ æмæ зонгæты фæрцы.

                                                                        Гæззаты Иван

Comments are closed, but trackbacks and pingbacks are open.