Нæ цæст куы ахæссæм хъæууон цæрджыты царды уавæрыл, уæд æнæмæнгдæр фæхатдзыстæм, уыдон фæстаг рæстæджы хуыздæрæрдæм кæй ивынц, уый. Æрмæст цæвиттонæн райсæм Цхинвалы районы Къостайыхъæу, йæ цæрджытæн дзæвгар фенцондæр сты се рвылбонон бакæнинаг хъуыддæгтæ æмæ уый та у раппæлинаг. Махæй ничи хъаст кæны Советон хицауадæй, хорз рæстæг уыд, æрмæст адæмты хсæн сабырад æмæ хæлардзинад кæй уæвынад кодта, уый тыххæй дæр у æппæлыны аккаг. Фæлæ уæд та Хуссар Ирыстоны хъæутæ бирæ цухдзинæдтæ æмæ хъуагдзинæдтæй цух нæ уыдысты. Æрмæст ацы хъæуы уынгты канд хæдтулгæтæн нæ, фæлæ фистæгæй цæуджытæн дæр зын уыд ацæуæн. Ахæм æдзæллаг уавæры кæй уыдысты уынгтæ æмæ æндæр бынæттæ, уым фылдæр аххосджын уыд Гуырдзыстоны хицауад, областы фæллойгæнджыты цардуагон уавæртæ фæхуыздæр кæнынмæ ницæйаг цæстæй кæй кастысты, уый аххосæй.

Уыцы æнæмæнгхъæуæг фарстатæ æрбæстон кæнынмæ ныр йе ‘ргом аздæхта нæ республикæйы хицауад. Цæвиттон, Цхинвалы районы цæрæнуатон-коммуналон хæдзарад зæрдиагæй кусы, цæрджытæ тынгдæр цæмæй тыхсынц, уыцы фарстатæ кæныныл. Хъæуы уынгтæ нæ уыдысты раппæлинаг, уæлдайдæр та дзы мæгуырау боныгъæдты азмæлæнтæ нæ уыд. Ныр уынгты рæстæгæй рæстæгмæ ныккалынц хуырдурæй æмæ уымæй бирæ фенцондæр цæрджытæн.

Цæрджыты тыхстдзинад рагæй фæстæмæ уыд нуазыны донæй ифтонг кæныны фарст, бирæ инстанцитæм-иу балæвæрдтой сæ куырдиæттæ, фæлæ сæ хъуыдыгæнæг дæр нæ уыд. Цæрджытæ пайда кодтой иу суадонæй, фæлæ уый нæ фаг кодта ахæм стыр хъæуæн æмæ æвзæрстой зындзинæдтæ. Æрмæстдæр ацы фарст хуыздæрæй хуыздæр кодта. Ацы фарст ныр кæронмæ скъуыддзаг цæуы æмæ уымæй бузныг сты район æмæ республикæйы разамонджытæй. Доны гуырæнтæ агурын бынтон æнцон хъуыддаг нæу, уæлдайдæр фæстаг рæстæджы хус рæстæг кæй ахæссы, уый аххосæй. Фæлæ цæрæнуатон-коммуналон хæдзарад цалдæр бынаты бакодта куыстытæ æмæ уыдонæй сæ иу – Тихреуы бынатæй рауагътой дон. Фæлæ уый кæронмæ кæй не ххæст кæны цæрджыты домæнтæ, æмæ нæ республи-кæйы Президент Бибылты Анатолийы фæндонмæ гæсгæ хъæумæ ноджыдæр уæлæмха-сæн хъуамæ æруадзой нуазыны дон Тулдзы къохæй. Хæдзарад дзы æнæмæнгхъæуæг куыстытæ бакодта æмæ ныртæккæ у фæуынхъус. Районы администрацийы сæргълæууæджы хæдивæг Бибылты Валери куыд радзырдта, афтæмæй дзы æвæрд æрцыд дæлстанц æмæ йæм рухсы хахх та æрбауагътой электрохызæджы кусджытæ. Доны хахх донæмбырдгæнæнмæ цæудзæн æмæ уырдыгæй та цæрджытæм.  Куыд банысан кодта, уымæ гæсгæ куыстытæ фæуыдзысты 10-15 боны æмгъуыдмæ.

Цæрджыты хæрзиуæгæн ма йæ лæггады хай кæны бронласæн машинæ дæр.  Къуыри иу хатт уынггай разилы æмæ сын аласы, цы брон сæм æрæмбырд вæййы, уый. Уый дæр стыр ахъаз у бынæттон хъæуы цæрджыты æмæ цардуагон уавæртæ хуыздæр кæны-нæн.

Хуыбиаты Никъала

Comments are closed, but trackbacks and pingbacks are open.