12 апрелы Президент Бибылты Анатоли фембæлд Цæгат Кавказы федералон университеты делегациимæ, кæцы Хуссар Ирыстонмæ æрцыд кусæгон балцы.

Делегацийы сконды уыдысты Цæгат Кавказы федералон университеты ректор Дмитрий Беспалов, университеты цур Æфсæддон ахуыргæнæндоны центры хистæр Владимир Пахомов, университеты Юридикон институты  директоры хæстæ æххæстгæнæг Дмитрий Смирнов, университеты Юридикон институты зонадон куысты фæдыл директоры хæдивæг Максим Трофимов æмæ Цæгат Кавказы федералон университеты Гуманитарон институты уырыссаг æвзаджы  кафедрæйы хайады гæс Вячеслав Ходус.

Сæ балцы рæстæджы Хуссар Ирыстоны паддзахадон университет æмæ Цæгат Кавказы федералон университеты ‘хсæн къухтæ фыст хъуамæ æрцæуой æмкуысткæнынады тыххæй  сразыдзинадыл,  иумæйаг Æхсæнадæмон зонадон-иртасæн лаборатори саразыны тыххæй сразыдзинадыл, бауынаффæ кæной Хуссар Ирыстоны пад-дзахадон университеты Æфсæддон ахуыргæнæн центр ба-кæныны тыххæй æмæ æмкуыст-кæнынады бирæ æндæр здæхтыты фæдыл.

Фембæлды хайад райста Тыбылты Алыксандры номыл Хуссар Ирыстоны паддзахадон университеты ректор Тедеты Вадим.

«Æхсызгон мын у нæ ахуыргæнæндæтты æнгом æмархайд.  Вадим Ботазы фырт активонæй архайы Уæрæсейы Федераци, Донецк æмæ Луганскы Адæмон республикæты уæлдæр ахуыргæнæндæттимæ бастдзинæдты рæзтыл. Афтæ хъуыды кæнын, æмæ ацы æмархайдтыты къахдзæфты комплекс алкæмæн дæр пайда уыдзæн», – загъта уазджытæн Бибылты Анатоли.

Паддзахады сæргълæууæг куыд банысан кодта, афтæмæй йæ ныфс ис, «Хуссар Ирыстоны æмæ  Цæгат Кавказы федералон университеты уæлдæр ахуыргæнæндæтты æмархайд  кæй фæахъаз уыдзæн не ‘хсæнадты, сæрмагондæй та студентты æнгом интеграцийæн».

«Ахъуыдыгæнæн ис студентты сæрдыгон лагертыл дæр, цыран гæнæн уыдзæн, уыцы студеттæ хайад кæм исой, ахæм ахуыргæнæн здæхты мадзæлттæ ауадзын дæр», – ахæм фæндон бахаста Президент.

Йæ рады Цæгат Кавказы федералон университеты ректор Дмитрий Беспалов банысан кодта Хуссар Ирыстоны университетимæ  æмахастыты дæргъвæтин истори æмæ радзырдта иумиаг архайды æмæ дарддæры плæнтты тыххæй.

«2014 азæй фæстæмæ мах куыстам æхсæнпаддзахадон ахастыты фæлгæтты, нæ куыст баст уыд проектон-закъондæттынадон акттæ цæттæ кæнынимæ. Сæрмагондæй, ахуырады тыххæй закъон бацæттæ кодта нæ Юридикон институт. Цæттæ ма æрцыдысты дæсы бæрц дæлзакъонон акттæ, кæцытæ хауынц ахуыргæнæн программæты аккредитацитæ, Республикæ Хуссар Ирыстоны ахуырадон системæйы мониторинг организаци кæнынмæ æмæ бирæ æндæртæм.

Мах цæттæ стæм дарддæр дæр Республикæ Хуссар Ирыстонæн закъонсфæлдыстадон æххуыс бакæнынмæ. Уымæй дарддæр ма мах  хайад исæм иумиагахуырадон скъолаты ахуыргæнджыты, директорты квалификаци  бæрзонддæр кæныны хъуыддаджы. Абоны бон сæ квалификаци фæбæрзонддæр кодтой 1200-йæ  фылдæр адæймаджы», – загъта Дмитрий Беспалов.

Уый банысан кодта, зæгъгæ,  ХИПУ-имæ иумæ реализацигонд цæуынц алыгъуызон проекттæ: уагъд æрцыд æртæ зонадон-практикон конференцийы, мыхуыр æрцыдысты иумиаг уацтæ.

«Плæнттæ нæм бирæ ис, уый тыххæй мах дарддæр дæр æнтыстджынæй æмгуыст кæндзыстæм», – загъта уый.

Йæ рады Тедеты Вадим дæр банысан кодта Цæгат Кавказы федералон университеты хъомысджын потенциал, афтæ ма фехъусын кодта, кæрæдзийы ‘хсæн студентты ивыны фарстатæ сæ кæй цымыдис кæнынц, уый тыххæй.

«Университеты актив активон хайад исы Уæрæсейы Федерацийы æмæ постсоветон тыгъдады фæсивæдон форумты. Мах цымыдис кæны медиайы фадыджы æмархайд. Алкæмæн дæр зындгонд у уыцы здæхты нæ университеты потенциал æмæ нæ фæлтæрддзинад амонын махæн нæ бон у, уымæн æмæ нæ университеты телеуынынад рахызт раззагон позицитæм. Мах цы фарстатыл уынаффæ кæндзыстæм, уыдон алыгъуызон сты, уыдзæн ма нын культурон программæ дæр æмæ Ирыстон æмæ Уæрæсейы фæмардуæвæг хъайтарты цыртытыл дидинджытæ сæвæрын», – загъта уый.

Фембæлды кæрон Бибылты Анатоли уазджыты схорзæхджын кодта Республикæ Хуссар Ирыстоны Кады грамотæтæй.

Comments are closed, but trackbacks and pingbacks are open.