Адæймагæн йе ‘нусон æмбæлццон зарæг у. Уый у йӕ рӕсугъдгӕнӕг, адӕймаджы разӕнгард кӕны сомбоны уӕлахизтӕм, йӕ тыхыл ын тых ӕфтауы. О, зарӕджы ахадындзинад ӕмӕ нысаниуӕг егъау у ӕмӕ йӕ ӕввахс айсынц йӕ табугӕнджытӕ, свӕййы сын уарзон. Æнцон нӕу зарӕг сцӕрдхъом кӕнын. Уый ӕрмӕстдӕр бафты курдиатджын сфӕлдыстадон архайӕджы фӕрцы ӕмӕ дзы хайджын кӕнынц сӕ радтӕг дзыллӕты.

Ирон зарӕджы аивадмӕ егъау у йӕ ӕвӕрӕн Дзаттиаты Анисимӕн. Уый ӕппӕт йе ‘мбаргӕ цард нывонд кӕны нӕ зарӕджы фарнӕн, йӕ размӕцыдӕн, лӕууы йын уырдыг, кӕны йын табу.

Дзӕвгар бынӕтты фӕкуыста Дзаттиайы фырт аивады къабазы ӕмӕ кӕддӕриддӕр тавта ӕмӕ абоны бон дӕр йӕ ӕвӕллайгӕ архайдӕй хъӕздыгдӕр кӕны ирон зарӕджы аивадон тых. Анисим раздæры областон сфӕлдыстадон хӕдзары, Хуссар Ирыстоны зард ӕмӕ кафты паддзахадон ансамбль «Симд»-ы ӕмӕ ӕндӕр бынӕтты кусгӕйӕ, ныууагъта йӕ хорз фӕд ӕмӕ уымӕ гӕсгӕ уарзон ссис, аивад ӕввахс йӕ зӕрдӕмӕ чи исы, ӕппӕт уыдонӕн. Йӕ бирӕазон ӕмӕ ӕвӕллайгӕ куыст ӕмӕ архайды тыххӕй ссис аивӕдты сгуыхт архайӕг, Республикӕ Хуссар Ирыстоны адӕмон артист ӕмӕ Хетӕгкаты Къостайы номыл премийы лауреат. Фӕлӕ йӕм уӕддӕр йӕ гӕрзтӕ ӕрӕвӕрыны фӕнд нӕма уыд, уымӕн æмæ аивады бӕрзӕндтӕм схизынӕн арӕнтӕ нӕй. Уый рагӕй хъуыды кодта, цӕмӕй кӕс-тӕртӕ зарӕджы адӕнкъарынадӕй фӕхайджын уой, хъомыл кӕна сомбонӕн, нӕ аивады рӕзтмӕ йӕ хайбавӕрд чи хӕсса, ахӕм курдиӕттӕ. Йӕ фӕндоныл ын сразы Хуссар Ирыстоны уӕды Президент Кокойты Эдуард ӕмӕ 2006 азы 26 октябры Бардзырдмӕ гӕсгӕ сырӕзт лӕппуты паддзахадон хор Президенты цур. Нӕ горӕты кӕстӕр кълӕстӕй ӕрбамбырд кодта, зарӕджы рӕсугъд ӕмӕ аив зӕлтӕ кӕмӕй хъуамӕ рантыса, ахӕм ахуыргӕнинӕгты. Зӕгъын хъӕуы, алы кӕстӕр дӕр хайджын у зарӕджы зӕлтӕ йӕхимӕ ӕрбаввахс кӕныны тыххӕй ӕрдзон гӕнӕнтӕй, уыдон уарзынц зарын, фӕлӕ уӕддӕр алкӕмӕн уый ӕн-цонӕй йӕ къухты нӕ фефты. Иутӕ нӕ фенкъарынц дзургӕ ныхас ӕмӕ зарӕджы мыртӕ ӕмӕ сӕ хатт дзурӕгау фӕкӕнынц. Ахуыргӕнӕджы сӕйраг хӕс у, цӕмӕй райтынг кӕна сывӕллоны вокалон (тембры) хъусынад, фыццаг рады базона кӕстӕрӕн йӕ хъӕлӕсы диапазон ӕмӕ интонацийы гъӕд. Уыдӕттӕм лӕмбынӕг йӕ хъус дардта райдианӕй фӕстӕмӕ фӕлтӕрд педагог ӕмӕ дирижер ӕмӕ семӕ райдыдта ӕнӕрынцойӕ кусын.

Ӕнцон нӕу зарæг фыссын ӕмӕ стӕй та кӕстӕртӕн йæ мелоди амонын, цӕмӕй алы ӕххӕстгӕнӕг дӕр ӕмбӕлон ӕгъдауӕй радӕтта зарӕ-джы ныхӕстӕ. Ӕнӕдызӕрдыгӕй зӕгъӕн ис: Дзаттиайы фырт уал азы дӕргъы цы фыдӕбон кӕны, уый у удуӕлдай куыст. Фыццаг уал уый, ӕмӕ педагог-амонӕг ӕппӕтӕй дӕр хъуамӕ цӕттӕйӕ ӕрлӕууа, йӕ фӕлтӕрддзинад ӕмӕ бирӕ зонындзинӕдтӕ кӕмӕн амоны, уыдон раз. Уыдӕттӕ хынцгӕйӕ, Анисим ӕдзухдӕр уыд агурӕнты, зарӕджы мелоди куыд  аивдӕрӕй радӕттой, ууыл архайы кӕддӕриддӕр.

Ӕмӕ гуырд иу зарӕг иннӕйы фӕдыл, афтӕмӕй бабирӕ сты, лӕппутӕ ӕхцонӕй кӕй ӕххӕст кӕнынц, сценӕмӕкӕсӕг та ӕхцондзинад кӕмӕй фӕисы, уыцы зӕрдӕскъӕф зарджыты нымӕц. Хор кӕй ӕххӕст кӕны, уыцы зарджыты мелодиты 90 проценты сты Дзаттиайы фыртӕн йӕхи фыст уацмыстӕ. Ис ӕм цикл «Къостайы фарн» ӕмӕ дзы ис ахӕм зарджытӕ, куыд «Уасойы зарӕг», «Зарӕг Нафийыл», «Джыккайты Шамилы зарӕг», «Тедеты Павелы зарӕг». Йӕ зӕрды ис, цӕмӕй ацы циклы зарджытӕ фыст ӕрцӕуой Хуссар Ирыстоны паддзахадон телеуынынады ӕмӕ семӕ базонгӕ уой телекӕсджытӕ. Хоры репертуары ма ис ахӕм зарджытӕ, куыд: «Коцты Грийы зарӕг», «Иры сау мигътӕ», «Фӕдис», «Хистӕрты зарӕг», «Ирӕй Ирмӕ», «Зары трагеди», Хетӕгкаты Къостайы «Балцы зарӕг», «Иу Ирыстоны гимн», Гуырдзыбегты Георгийы мелодийыл фыст зарӕг «Милая мама», «Космонавты зарӕг», «Дзауы уӕрдӕттӕ», адӕмон зарджытӕ «Саулохон рӕсугъд», «Куыройы къуту» ӕмӕ бирӕ ӕндӕртӕ. Текстты автортӕ сты Хетӕгкаты Къоста, Дзугаты Георги, Кокайты Тотрадз, Хъазиты Мелитон, Тасойты Ботаз ӕмӕ ӕндӕртӕ.

Дзаттиайы фырт стыр нысаниуӕг дӕтты хъырнынӕн, уый зарӕджы кӕны ноджы тыхджындӕр ӕмӕ хъусӕгмӕ та хӕццӕ кӕны аивӕй. Хъырнгӕ та кӕнынц хоры хистӕр кары лӕппутӕ. Уыдон дӕр ацы коллективмӕ сӕ чысылӕй ӕрбакъахдзӕф кодтой, аивады тыхӕй ам фӕхайджын сты ӕмӕ йыл дарддӕр дӕр сты ӕнувыд. Хоры лӕппутӕ арӕх ралӕууынц республикӕйы бӕрӕгбонон ӕмӕ цытджын ма-дзӕлтты, сӕ аивадимӕ сын цалдӕр хатты базонгӕ сты Дзӕуджыхъӕуы, стӕй Сухумы дӕр.

Ӕмӕ ӕвӕллайгӕйӕ архайы, ирон зарӕджы аивадӕн уырдыг чи лӕууы, йӕ цӕрайӕ чи цӕры, уыцы курдиатджын ӕмӕ дӕсны педагог Дзаттиаты Анисим. Йӕ фӕрцы рахъомыл сты, зӕрӕгмӕ ӕмхиц кӕстӕртӕ ӕмӕ аив ӕмӕ рӕсуъдӕй дардыл айзӕлынц сӕ зӕлланггӕнӕг хъӕлӕстӕ. Уадз, ноджыдӕр бирӕ азты сӕ дыууӕтӕ дӕр уырдыг лӕууӕнт ирон аивады рӕзтӕн.

Хуыбиаты Никъала

Comments are closed, but trackbacks and pingbacks are open.