7-æм февралы Уæрæсейы Æнæниздзинад хъахъхъæныны министрады фембæлд уыд статс-секретарь – УФ-йы Æнæниздзинад хъахъхъæныны министры хæдивæг Дмитрий Костенников æмæ Республикæ Хуссар Ирыстоны Æнæниздзинад хъахъхъæныны æмæ социалон рæзты министр Тотчиты Георгийæн.

Фембæлды рæстæджы уынаффæ цыд æнæниздзинад хъахъхъæныны фадыджы æмгуыстады актуалон фарстатыл, уыцы нымæцы Республикæ Хуссар Ирыстоны социалон-экономикон рæзтæн ахъазгæнæг Инвестицион программæйы фæлгæтты, афтæ ма Уæрæсейы Федерацийы æнæниздзинад хъахъхъæныны æмæ Республикæ Хуссар Ирыстоны æнæниздзинад хъахъхъæнын æмæ социалон рæзты министрадты ‘хсæн къухтæ фыст æрцыдысты Суагъæйыл, Республикæ Хуссар Ирыстоны территорийыл æдзухцæрæг, Уæрæсейы Федерацийы æмбæстæгты фæдзæхстад сорганизаци кæныны уавæртæ сифтонг кæныны фæдыл мадзæлтты реализацийы планмæ ивындзинæдтæ бахæссыны тыххæй, æнæмæнг медицинон фæдзæхстады æмæ сын Уæрæсейы Федерацийы медицинон организациты медицинон æххуыс бакæныны системæйы тыххæй.

Comments are closed, but trackbacks and pingbacks are open.