Ацы æвзонг адæймаджы ный­йарджытæ æхсæнадон хæдзарады фосдарды куыстыл лæуд уы­дысты. Уæд Цхинвалы районы Къос­тайыхъæуы хæдзарады иу рæс­тæджы стурвосдарды цалдæр фер­мæйы уыд æмæ дзы фæллой кодтой бирæ адæм, уыцы ны­мæцы æмкъæйттæ Хъабанты Къо­ли æмæ Гæбæраты Юля дæр. Æн­цон нæ уыд сæ куыст, сæ­умæ­цъæхæй-иу балæууыдысты фе­рмæйы æмæ дзы кодтой алыхуызон куыстытæ: скъæттæ сыгъдæг код­­той, уый фæстæ дуцгæ, хи­цæнтæй родтæм хъуыд зилын, хорз боныгъæдты сæ рæстæгыл хъуыд сæрвæтмæ аздахын, зы­мæ­гон та сæм зилын хъуыд бынаты.
Æвзонг лæппу Хъабанты Ацæ­мæз дæр каст йæ ныййарджытæм, уыдта сын сæ æрвылбонон хъи­амæт, фæлæ ахæм куыстæй нæ фæтарст. Хъæууон фæллойгæ­нæджы æрвылбонон куыст æмæ фыдæбон фæстæдæр йæ зæр­дæмæ айста æвзонг лæппу æмæ йæхи хæдзарады æрæвнæлдта хуыдарды куыст, æххæст кæнын­мæ. Фосдарды къабазæй æппæты вазыгджындæртæй сæ иу у хуы­дарды куыст, уый æппынæдзух хъу­амæ æййафа зæрдиаг зылд. Ныр­тæк­кæ Ацæмæзы фермæйы дзæр­гъытæ ис 7, ногзад хъыбыл­тæ сты 30 æмæ 8 та сты хуыгистытæ. Алы мадæлæн дæр сæр­дыгон ис хицæн бынат. Æввахс рæс­тæджы хъыбылты нымæцмæ но­джыдæр бафтдзæн дзæвгар æмæ уæд раззагон фосдарæгæн йæ аудинæгтæ ноджыдæр фæ­фыл­дæр уыдзысты. хъыбылтæ куыд стыр кæнынц, афтæ сæ бал­хæнынц фæлхасгæнджытæ. Хъарм боныгъæдты мадæлтæ æмæ сæ цот вæййынц хицæн æмæ хицæн гом бынæтты, куы æр­бауазал вæййы, уæд та – хъарм скъæты. Ахæм бынатæй дæр цух нæ уыдзысты æмæ та хуыдарды къа­баз парахат кæныныл зы­мæджы рæстæджы дæр зæрдиагæй кусдзæн Хъабаны фырт.

ХУЫБИАТЫ Никъала

Добавить комментарий

Ваш адрес email не будет опубликован. Обязательные поля помечены *

Этот сайт использует Akismet для борьбы со спамом. Узнайте, как обрабатываются ваши данные комментариев.